ИРОН ФЫНГÆВÆРД 4 страница

Бынæттон æрдзы цы уыди дурæй, хъæдæй, уымæй уæлдай кувæндæттæм ницы æфтыдтой арæзтадон уагыл. «Ахуыргæндтæй» кæмæдæрты куыд кæсы уæлæнгай хатдзæгтæ кæнгæйæ, афтæ куырмæджы нæ куывтой ирон адæм хъæдтæ æмæ дуртæм. Кусынæн куыд зыдтой афон æмæ бынат, кувынæн дæр афтæ. Ирон дины амындтæ-кæнонтæ сидтысты кувæг адæммæ дзыллон фарны сæйрагдæр хъомысæй иу нысанмæ — фидæны хуыздæрмæ куыстуарзонæй, рæстагæй, хæларæй, хæрзудыбæстæй. Уыцы уагыл кувгæйæ нæ фыдæлтæ Хуыцау æмæ зæдтæм дæр ардтой рæдыдтæ æргом семæ дзургæйæ, иумæйаг царды рæстаг хъæрмæ амонгæйæ: «Хуыцауыл æууæнд, æрмæст бахъуыды бонмæ дæ кард цыргъæй дар, дæ топпыхос хусæй», «Хуыцауыл чи æууæнды, уый фыццаг йæхиуыл æууæнды», «Æнæууæнк, мæнгард адæймагæн нæдæр мард и, нæдæр дзуар», «Æнæ рæдигæ дуне куыд нæй, æнæ мæлгæ дуне дæр афтæ нæй», «Йæхи фыдбылызæй чи фæхизы, Хуыцау дæр уыдонæн феххуыс кæны», «Хуыцауы фыдæх æмæ адæмы фыдæх æмуæзтæ сты», «Хуыцауы разыйæ — адæмы хорзæх!»

Сауджынтæ, искуы иуæй фæстæмæ, кувæг-кусæг адæмыл фæлывдæй цыдысты, уый фæдыл бирæ цæвиттонтæ баззад таурæгъты æмæ аргъæутты, мысинæгты æмæ аив литературон уацмысты. Мæ райгуырæн хъæуы — Хъæдысæры дæр фондз хæдзары номыл гуырдзиаг сауджынтæ саразын кодтой XIX æнусы райдайæны хъæдын аргъуан, æмæ йæ басыгъдæуыди тæккæ ногæй. Баззади ма дзы зазхъæдæй фаст бæзджын фæйнæджыты сыгъдæттæ мæ рæстæгмæ — 1936 азмæ. Уæд сæ мах скъолайы пецы артагæн басыгътам иу æрæгвæззæджы нæ ахуыргæнæджы бардзырдæй... Сауджынты тыххæй бирæ цæвиттонтæ баззад алы кæмтты, æмæ уыдоны астæу бæрæгдæрæй разынд Зыруджы сауджын. Зыруджы сауджынау дзургæ иуырдæм кæны, аразгæ — иннæрдæм, зæгъгæ, арæх уыди фехъусæн уайдзæфы хуызы. Гъемæ цытæ дзырдтаид гуырдзиаг фæлитой сауджын Мадымайрæмы аргъуаны? Ком дарут Чырыстийы номыл сыгъдæгæй. Ма хæрут урсаджы æмæ сойаджы хæринæгтæ! Ма давут искæй фæллой, уарзут кæрæдзийы, кувут зæрдиагæй! Йæхæдæг та куыд йæхи дардта? Сайдта адæмы лæгъз æвзагæй, иста аргъауæггаг мæгуыр кусæг лæгæн йæ фæстаг комдзаг. Авд къуырийы адæмы хъуагæй минас кодта Хуыцауæй æрвыст дины минæвар хъæубæсты лæвар сойæгтæй æмæ урсæгтæй. Гъемæ, зыруггæгтæ уазæджы бартæ нæ истой, мыййаг, фæлæ уыдтой фæлитой гуырдзиаджы митæ æмæ йæ иу уазал зымæджы астæу гæбæррагъ хæрæгау хъилæй фæнадтой, æмæ æхсæвыгон фæлыгъд, кæцæй æрцыд, уырдæм... Уæдæй фæстæмæ гуырдзиаг дингæнджытæ Зыругмæ сауджын нал æрæрвыстой...

Æссæдзæм æнусы райдайæны Зыруджы сауджыны хал ахордта Мамысонгомы сауджын дæр: Лисырийы хъæуккаг Морауты Никъо йæм хъамайæ куы бавзыста йæ мæнгард миты тыххæй, уæд æхсæвы талынджы æрбайсæфт. Ахæм цаутæ æрцыди Ирыстоны иннæ кæмтты сауджынтыл дæр, æмæ сты хынцинаг ныры рæстæй цæрæг æмæ кусæг ирæттæн, цалынмæ мæнгдингæнджытæ нæ рæзгæ фæлтæрты зондахаст бынтондæр нæ фæдзæгъæл кодтой, уæдмæ...

Хуыцауы рæстаг дины кæнонтыл хъуыды кæнгæйæ нæ фыдæлтæ арæх дзырдтой мæрдтыбæсты дзæнæт æмæ зындоны уавæртыл. Фæлхатгонд цыдысты аргъæутты, таурæгъты, кадджыты æмæ æбисæндты уыцы иугъуызон хъуыдытæ. Мæрдты сыгъдæг цæсгæмтты раз уæлон царды æфтиæгтæй кодтой рухсаггæгтæ æмæ фæлдисинæгтæ. Раст-равджы уазал дон куы нуæзтаид ирон динылхæцæг адæймаг, уæддæр дзы рухсаджы æртæхтæ калдта зæхмæ йæ мæрдты мысынæн. Уыцы хуымæтæг æрхъуыды дæр уыди ирон фарны стыр мидис удыгæстæй мæрдты астæу фæлтæрты бастдзинадæн. Фæлæ мæрдтыбæсты дзæнæт æмæ зындоныл куырмæджы не ’ууæндыдысты. Сæхи сыгъдæг удгы хъомысæй хатыдтой, æмбæрстой царды рæстаг хъæр йæ бирæ цинтæ æмæ мæстытимæ, хæрзтæ æмæ фыдæхтимæ. Уыйадыл фæстаджы сенгондæн дзырдтой сæ хъуыдытæ:

Мард удæгæстæн — хæринаг.

Мæрдтыбæсты хæрæнтæ æмæ дарæнтæ нæй.

Мард æвдисæнæн нал бæззы.

Марды æвдисæны дарæгау.

Мард — кæуинаг.

Мард цæстысыгæй фидауы.

Мард сыджыт у, æмæ йæ зæхх айсы.

Мæрдтыбæсты кæд дзæнæт и, уæд ма уæлæуыл цы тухæн кæнæм?

Мæрдтыбæстæ — иууылдæр зындон.

Мæрдтыбæсты дзæнæтæй уæлон зындон — хуыздæр.

Мæрдтыбæсты кæд цæрæнтæ æмæ цæуæнтæ и, уæд дзы иунæг раздæхæг куыннæ фæци?

Амæлæгæн удæгæстæ — æвдисæн, удæгасæн мард æвдисæн нæй.

Мæрдты ном арын удæгæстæн у кады хос, æрмæст бæрцыл.

Дæс мардæй иу удæгас ахъаззагдæр.

Нæ мæрдты нæмттæ кæдмæ арæм сыгъдæг куысты бæркæдтæй, уæдмæ нын цæрдзысты.

Мæрдты хæстæ — удæгæсты фидинаг.

Иу æмæ дыууæ хаттæн нæ фæдæн æвдисæн Куадзæны (Комуадзæны) фынгæвæрдæн, æмæ-иу дзырдтой ирон, гуырдзиаг, уырыссаг æвзæгтыл бæрæгбоны кады разæнгардæй ахæм хуызты: «Чырысти райгас!» — «Æцæг райгас!» — «Чырысти сыстад!» — «Æцæг сыстад!» — «Христи агъдга!» — «Христос воскрес!» — «Вайсиннæй васкрис!» — хъæрæй дзырдтой уырыс сагау дæр æрдæгтындтытæй...

Амард æмæ асастæн хостæ нæй æцæг царды. Аргъæутты та мæрдтæ райгас вæййынц дзæм-дзæмы суадонæй. Гъемæ фæлитой сауджынтæн сæ аргъуыды доны дæр агъуыды хос уымæн хуыдтой нæ куырыхон фыдæлтæ, æмæ куыдрæстагдæрæй амыдтой кæстæртæн, асаст æмæ амардæн хостæ нæй, зæгъгæ. Æцæгæй кæд Чырысти царди, æмæ йæ йæ мадырвадæлтæ — уирæгтæ амардтой, уæд нал райгас. Фæлæ йæ дзуттаг дингæнджытæ мысæггагæй райгас кодтой чырыстон динылхæцæг адæмты зонд дзæгъæл кæныны нысанæн, æндæр сæхæдæг сты бынтон хицæн динылхæст.

Йæ мады хæйрæг чи хоны... Алы адæммæ дæр йæхи уырнынад кæсы хуыздæр, афтæмæй æппæт динты хуызтæн дæр ныхмæвæрдæй ис рухс æмæ аууон фæрстæ, раппæлинаг æмæ бафауинаг миниуджытæ. Политикæйы хуызæн динтæ дæр сты алырдæм тасаг. Хæрзгæнджыты архайдæй кусæг адæмыл кæнынц хæрзаудæн, фыдгæнджыты архайдæй — фыдаудæн, æмæ кæрæдзийы кæрдтыл бафтынц. Адæмты историйы — цардвæндаджы талынг къуымтæм бæстон æркæс, уæд бæрæгæй зынынц, куырмæджы дингæнæг хицæн къордтæ — разамонджытæ рæстæй цæрæг дзыллæты уырнынады мадзæлттæй кæрæдзиуыл куыд ардыдтой, уыцы фыдгæндтæ...

Ирон динæн дæр уыди æмæ ис рухс æмæ аууон фæрстæ, раппæлинаг æмæ бафауинаг миниуджытæ, æмæ дыууæ фарсмæ дæр кæсын æмбæлы рæстаг цæстæй. Рагзамантæй нырмæ дины-уырнынады кæнонтæм цы цæстæй кастысты æмткæй Иры уынаффæйы, тæрхоны æвзæрст лæгтæ, уыцы нывыкарстыл хуыд цыдысты ирон фарны хæрзтæ. Нæ фыдæлтæ цы адæмты астæу цардысты, уыдонмæ сæ уырнынады кæнонты монцæй сæрбæрзондæй никуы кастысты. Алы адæмыхаттæй æрбафтæг адæймаг дæр сын уыди Хуыцауы уазæг, æмæ йын цæхх-кæрдзын лæвæрдтой хæларæй.

Ирон днны-уырнынады-дунейы æмбарынады дзырдтæн ис бæрæг мидис æмæ хуызтæ не ’взаджы æрдзон сконды, æмæ сæм цæвиттоны уагыл бæстон æркæсæм, кæддæра цæуыл дзурæг сты.

Уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй ирон дин райдайæнæй кæронмæ æнцайы дунейы сконды æртæ стырдæр хорзæхыл — райгуырæн зæххыл, Хурты Хурзæриныл æмæ Хуыцæутты Хуыцау Стыр Хуыцауыл. Зæхх ирон адæмæн уыди сæ иунæг дарæг. Хуртæ сын дунейы тыгъдады уыдысты бирæ, æмæ сæ сæйрагдæрыл нымадтой Хурты Хурзæрины тавсæй-хъармæй. Хуыцæуттæ дæр сын уыдысты бирæ, æмæ Хуыцæутты Хуыцауы — Стыр Хуыцауы нымадтой сæ раттæгыл, се сфæлдисæгыл. Дунейы сконды егъаудæр цауты-уазты-уасты нымадтой æртыгæйттæй, къаддæрты — æвдгæйттæй.

Хурты Хурзæрины уыдтой æгæрон арвыл, Зæхх уыди сæ уромæг, сæ дарæг уынгæ-уынын, зонгæ-зонын. Фæлæ нæдæр Хуыцауы уыдтой, нæдæр зæдтæ æмæ дауджыты. Уыцы æрдзон уавæры ардтой сæ нæмттæ хидгуысты бæркæдтæй, бадтысты иумæ семæ куывдты, кодтой уынаффæтæтæрхæттæ кувæндæтты, дзуæртты бынты, уыди сæ астæу тугæй æмæ æгъдауæй хæстæгдзинад, æппæт куысты хуызты дæр æмбæлдысты иумæ феххуысы уагыл, суанг тыгъды быдыры дæр зæдтæ-дауджытæ æххуыс кодтой сæ кувæг, кусæг адæмæн... Кодтой сыл кадджытæ, таурæгътæ, зарджытæ, хастой сыл æмбисæндтæ.

Дзырдарæзтæй сын Хуыцау уыд Хуры Стырдæр Цау, Уаз, Уас, Уац. Уастырджи — Уацы, Уазы, Уасы Стыр Джиуæрджи, хæрзæмбæлæджы, хъуыддæгтæ рæстмæгæнæджы дуаг. Мадизæн — Мадæлты æмæ цотхалы зæд. Уацилла — Уазы, Уацы Ила — тыллæджы хуызты бардуаг, хорырцыды зæд. Фосы Фæлвæра — хæдзары фосы бардуаг. Елиа — æрвнæрды æмæ тæрккъæвдаты бардуаг. Тутыр — тугдзых сырдты бардуаг, хъæбæртæ дзураг тызмæг зæд. Аларды — дзуары низты бардуаг. Æфсати — сæфтæгджын сырдты бардуаг. Фыдуани — тыхдымгæты бардуаг. Галæгон — рог дымгæты бардуаг. Тыхост — тыхы, хъаруйы бардуаг. Мигъдау — сур мигъты бардуаг. Донбеттыр — доны бардуаг. Барастыр — мæрдтыбæсты бардуаг. Мыкалгабыр — бæркæдтæ æмæ амæндтæ дæттæг бардуаг. Куырдалæгон — æрвон куырдадзы бардуаг. Бынатыхицау — бинонты хæдзары бардуаг. Сæрызæд — хæдзары сылгоймæгты бардуаг. Сафа — астæуарты, астæурæхысы зæд. Наф — ирон адæмы равзæрæн бон. Уыди стыр æмæ гыццыл нафтæ: Стыр Наф — Уыналы наф, гыццыл нафтæм куывтой хицæн кæмтты хицæн хъæутæ афæдз иу хатт хоры сæртæй....

Ирыстоны дзуæрттæ, кувæндæттæ

Хуыцау æмæ зæдты, дауджыты номыл кувæн бынæттæ арæзтой алы кæмтты райдзастдæр бынæтты дыууæ хуызы: иуты кодтой хъæуты астæуты æмæ сæ хуыдтой хъæуты кувæндæттæ хъæуты зæдты номыл, иннæты арæзтой хъæутæй дарддæрты кæм мыггæгты, кæм та комбæсты номыл, æмæ ахадыдтой кæмтты нарджытæй суанг бæрзонд æфцгуытæм сæрмагонд нæмттимæ. Дзуæртты æмæ кувæндæтты нæмттæ комкоммæ амонынц сыгъдæг табуйы фæткмæ æртыгæйттæй æмæ æвдгæйттæй нымайгæйæ. Æртыгай æмæ æвдгай бардуæгты номыл уагътой гаджидæуттæ-сидтытæ нæ фыдæлтæ стыр куывдты заман. Сæйрагдæр сидтытæ — Стыр Хуыцау æмæ Фæндагсар Уастырджийы номыл. Æртыгай зæдтæм кувын баззад сæрмагондæй бынтон æрæджытæм Мамысонгомы рæбинаг хъæуты: æмхуызон æртæ нуазæнæй ардтой Сантыхосы, Рагон æмæ Сагомы Уастырджийы нæмттæ. Хуыцауы æмæ Уастырджийы номыл дзуæрттæм-кувæндæттæм амыдтой алы кæмтты хицæн хуызты, æмæ сæ кувæн бонтæ æййæфтой афæдз дыууæ хатты — сусæны мæйы дыккаг хуыцаубоны, стæй фæззæг фæснайгæнæнты. Уыди иумæйаг кувæндæттæ дзуæрттæ канд кæмттæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн Цæгатæй Хуссармæ. Зæгъæм, Цæгат Иры Дæргъæвсы Хуыцауы дзуармæ, Уæлладжыры Мадизæны дзуармæ, Хуссар Иры Рагъыдзуармæ куывды цыдысты сæ бонты Ирыстоны алы рæттæй. Æппæт дзуæртты, кувæндæтты сæйрагдæр нысан уыди Иры дзыллæйы фарны иумæйаг цытæн-хъомысæн табу кæнын хидгуысты сыгъдæгдæр бæркæдтæй, удхъомысы уæлмонцдæр хæрзтæй.

Хуыцауы номыл дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ уыдысты хъæутæм хæстæгдæр бынæтты, æмæ сæм амыдтой бæстывæрды нæмттæй. Уастырджийы номыл кувæндæттæ ахстой кæмтты нарджыты хæрзæмбæлæджы тавсæй æмæ æххæссыдысты кæмтты бахизæнтæй суанг рæгътæм, æфцгуытæм.

Кувæндæтты æвæрдтой цъындытæ, мысайнæгтæ. Цъындытæ æвæрд цыдысты рæстаджы уагыл æмæ сæ истой уыцы уагыл сомы кæнгæйæ, ард хæргæйæ. Мысайнæгтæн куывды бон дзуары бын æвæрдтой æртыгай æвзист суаритæ сæрмагонд дзуары къусчы кæнæ бæласы мæрайы, æмæ сын адавынæй тас нæ уыди. Дзуары бынты цæугæйæ фæндаггон мысайнагæн æвæрдта бæхы, галы цæфхады састаг, ихсыд зæгæл, цæвæджы, карды, æфсæйнаджы сæстытæ, æмæ уыдонæй дзуары номыл куырдтæ арæзтой сæ куырдадзты уæлдай кадджындæрæн кусæнгæрзтæ.

Хуыцауы номыл баззад дыууæ сæрмагонд хуыцаубоны — галыргæвдæны: иу — Уастырджийы бонты размæ хуыцаубоны, иннæ — Комахсæны размæ. Уастырджийы номимæ баст уыдысты Ирыстоны хъазæн фæзтæ дæр: иу — Рагъыдзуары нæудзарыл, иннæ — Поты фæзы, æртыккаг — Кæсæбийы фæзы, цыппæрæм — Зилахары фæзы. Уыцы фæзты цыдысты ерысы-хъазуаты иумæйаг хъæзтытæ дæр.

Мадизæн нымад цыд æртыккаг сæйрагдæр бардуагыл, æмæ йæ номыл сæйрагдæр кæмтты уыди кувæндæттæ-дзуæрттæ Дагомы, Санибайы, Зыруджы, Тылийы, Уæллаг Мызуры. Уыцы рæтты бадтысты уынаффæтытæрхæтты кæмтты æвзæрст куырыхондæр лæгтæ æнусты дæргъы. Фæлæ гуырдзиаг сауджынты архайдæй Мадизæны кувæндæтты хонын райдыд той астæуккаг æнустæй фæстæмæ Мадымайрæмы номæй, æмæ ма иунæг Дагомы баззад йæ ном...

Уациллайы кувæндæттæ уыди алы комы нæ, алы хъæуы дæр бæрæг райдзастдæр нæудзар къуыбыртыл хъæумæ æввахс. Дæргъæвсы Тыбайы Уациллайы кувæндонмæ куывды цыдысты канд сыхаг хохаг хъæутæй нæ, фæлæ быдыры цæрджытæ дæр сæрды райдайæнты. Иумæйаг кувæндæтты хъæугай, комгай арæзтой найфаттæ-сардахътæ æрбадынæн.

Фосы Фæлвæрайæн сæрмагонд кувæндон нæ уыди, фæлæ йæ номыл алы хъæубæстæ дæр кодта кусарт æмæ куывды цыди йæ кувинæгтимæ хæстæг дзуары бынмæ. Фосы Фæлвæрайы боны кадæн æргæвстой раггуырд хæрзхаст уæрыччытæ, æмæ сын сæ фыдызгъæл хæрзфыхæй сивырты хастой дзуары бынмæ кувынмæ. Куывдты бадтысты фæсаходæнæй фæссихормæ.

Мыкалгабыры кувæндон. Мыкалгабырмæ — бæркæдтæ, амæндтæ дæттæг зæдмæ алы хъæубæстæ, комбæстæ дæр куывта бæрæг афоныл. Уыди сæрмагонд бæркады рæгъ ирон фынгæвæрдыл куыд цины, афтæ хъыджы уагыл дæр. Фæлæ Мыкалгабырæн хицæн кæмтты арæзтой кувæндæттæ, æмæ куыдфæстагмæ баззадысты Уæлладжыры комы Цъамады, Къасарагомы Сидæны дзуæрттæ. Цъамады Мыкалгабырмæ куывтой Урсдоны, Донысæры, Дагомы, Джимийы, Уыналы, Луары, Холысты хъæутæ, Къасарайы Сидæны Мыкалгабырмæ куывтой Цъуалыйы (Буроны), Цъæйы, Нузалы, Нæзыджыны, Зæрæмæджы хъæуты цæрджытæ.

Мыкалгабыры кувæндон уыди Сидæны уæлбылы фæзы, Илцы фидары сæрмæ цъитидоны кæфойауы æрдузы, фæлæ Ручъы фæндаг куы сарæзти, уæд Илцы фидары бынат Зæрæмæджы дзуарылæгтæ ацамадтой кувæндоны номыл дзуары къуск æмæ дзы мысайнæгтæ æмбырд кæнынц дыууæрдæм цæуæг фæндаггæттæй. Уыйадыл ысси Зæрæмæджы дзуарылæгтæн фæндаггæтты стигъыны фæрæз Мыкалгабыры номæй...

Рекомы кувæндон. Ис Цъæйы комы. Рекомы дзуар дæр, Мыкалгабыры хуызæн, равзæрд Хуыцауы цæстысыгæй, æмæ йæ номыл рагон цуанæттæ равзæрстой сыгъдæг бынат хъæды æрдузы. Уырдæм, зæгъы, цуанæттæ æмбырд кодтой бонивайæнтæм æмæ йæ схуыдтой Райæн ком — Реком Уастырджийы номыл, Фæндагсар зæды номыл. Уырдыгæй цыдысты бонивайæнты цуаны хицæн къордтæй, уырдæм æздæхтысты сырдты мæрдтимæ æмæ кодтой физонджытæ. Куыдфæстагмæ дзы сарæзтой зазхъæдæй кувæндон. Уым æвæрдтой физонджыты уæхстытæ, сырдты сыкъатæ, æхст фæттæ. Цъæйы Рекомы кадæй фæзындысты иннæ кæмтты дæр цуанæтты кувæн бынæттæ дæр...

Таранджелозы кувæндæттæ. Таранджелоз дæр равзæрд Хуыцауы цæстысыгæй, æмæ йын сæрмагонд кувæндæттæ уыди Ирыстоны Тибы, Хъæдысæры, Къозы æмæ Къобы хъæуты.

Таранджелозы номыл кувæндон фæзындаид раздæр Туалгомы Тибы хъæуы, стæй иннæ рæтты. Хистæртæ куыд амыдтой, афтæмæй Хъæдысæры æмæ Къозы хъæуты Таранджелозы номыл кувæндæттæ скодтой æвддæсæм æнусы кæрон. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид дзуæртты, кувæндæтты фæзынды уаг, уæддæр амонынц иу нысанмæ — дунейы сконды нысанмæ. Кувæндон у кувæн бынат, дзуар та цы у æмæ цы амоны? Цæуыл дзурæг у арæзтæй-кондæй, мидисæйхъомысæй? Дзырды алыварс рауад бирæ ныхæстæ зонадон кусджыты астæу, æмæ йæ сæ фылдæр хай хонынц гуырдзиаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд «дзвари», афтæмæй у рагон ирон дзырд. Гуырдзиаг дзырд «дзвари» фæзынд чырыстон дины тæвагæй, стæй бирæ фæстæдæр. Чырыстийæн мысæггагæй йæ кой дæр нæма уыди, гуырдзиаг адæм сæ мæрдтæн дзуарæвæрд цыртытæ дæр нæма сагътой, афтæ нæ рагфыдæлтæ афæдз балцы цыдысты фурдты денджызты ленкгæнгæйæ æмæ сæ науты ныхтыл дзуарæвæрдæй хастой расткъуымон дыууæ хъилы. Уыдоны руаджы бæрæг кодтой бæстывæрды цæгат æмæ хуссар, скæсæн æмæ ныгуылæн. Дунейы сконды цыппаркъуымон нысан хастой ирон дингæнæг адæм сæ хъуыртыл, стæй сæ бæхты ныхтыл дæр. Дунейы сконды хуызæн сын уыдысты Хур æмæ Зæхх, дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ. Иунæг ран дæр нæй фенæн кувæндоны алыварс амад цыппæрдигъон сис дзуары номыл.

Дзуарæвæрды нысан амыдта фадынæджы низтæм дæр, æмæ сæ хуыдтой стыр æмæ гыццыл дзуары низтæ. Сæ бардуæгтæ та уыдысты Урс æмæ Сырх Алардытæ...

Дунейы тымбыл нывыкарстыл уыдысты ирон адæмæн амæндтæ дæр, æмæ сæ хуыдтой ныхыдзуæрттæ...

Кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ фыдæлтæн уыдысты сыгъдæгдæр бынæтты иугæнæг тыхтæ, æмæ сæ дардтой æфснайдæй. Ныры кувæндæттæ сты æхца æмбырдгæнæн цæнгæт къусчытимæ фæндаггæтты сайæн, стигъæн бынæттæ хохæй быдырмæ.

Иумæйаг фиппаинаг. Алы комы дæр уыди кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ Хуыцау æмæ зæдты-дауджыты номыл æрдзон уагыл сыгъдæгдæр бынæтты. Уыдоны номæй аудыдтой, ауæрстой нæ фыдæлтæ райгуырæн зæххы хæрзтыл хъæды къохæй сæрвæты онг. Хуымы зæххæн æмæ артагæн хъæд ихсыди, æмæ ма баззадысты нæфæтчиаджы бынæтты бæрзытæ, нæзытæ дзуæрттæм, кувæндæттæм хæстæг...

Уæды æрдзон уавæртæ ныры хуызæн арвистон нæма уыдысты, æмæ алы комы цæрджытæ дæр хорз зыдтой боныгъæды ивддзинæдтæ сæрдæй, зымæгæй. Боныгъæды хæрзтæй нымадтой тыллæджы æмæ фосы æфтиæгты. Зæххы æмæ фосы куысты бæркæдтæй ардтой сæ бардуæгты нæмтты — Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæрайы. Æгæр уарынты кодтой хуры номыл куывдтæ, æгæр хус заманты та — къæвдайы куывдтæ. Уарыны тыххæй ардтой Мигъдауы æмæ Елиайы нæмттæ. Хурмæ кувгæйæ, бæлгæйæ баззад сывæллæтты зарæджы ныхæстæ:

Уары, уары, цы уары?

Хидыхъусы цæхх уары!

Цæххы мæрты — æрдтæ къæртты,—

Æмæ дæ уарынæй банцай,

Науæд тъæппытæ ахау!

Алы хъæуы дæр уыди арæхстджын кувæг лæгтæ, стæй комгай — дзуарылæгтæ дæр. Уыдон рæстаудæнæй нымад цыдысты æхсæны лæгтыл, тæрхоны лæгтыл. Кувæг лæг рæстаг æмæ æууæнкджынæй, цæстуарзон æмæ хæрзудыбæстæй архайдта адæмы бæрны цæугæйæ. Кувæг лæгæн йæ фæлывд митæ фыдазымау тыхстысты йæхи сæрыл. Кувæг лæгтæ цыдысты æмпъызт зæронд дарæсы, фæлæ — æфснайдæй, сыгъдæгæй.

Фыдæлты заманты дæр уыди хъæуты, кæмтты кувæг лæгтæй мæнгард хæрджытæ æмæ мæнгсомы кæнджытæ. Мæнгардæй, мæнгсомыйæ чи архайдта, уыдоны адæмы тæригъæдимæ æййæфта Хуыцауы фыдæх фæлтæрæй-фæлтæрмæ, мыггагæй-мыггагмæ.

Абоны Ирыстоны дзуарылæгтæ рæстыл дæр ард никуы бахордтой кувæндоны бын, сомы дæр никуы бакодтой, афтæмæй æмбырд кæнынц кувæндæтты мысайнæгты-æхцаты баруагъдæй, æмæ кæй пайдайæн, стæй цы хуыздæрæн?!

Наши рекомендации