ЧЫЗГÆРВЫСТЫ ÆМÆ ЧЫНДЗХАСТЫ ФÆТК 3 страница

Чындзæн йæ мыггагæй уыди чызг æмæ лæппу æмбæлттæ сæрмагонд бартæ æмæ хæстимæ... Уыдон-иу афæстиат сты æртæ æхсæвы дæр...

Чындзхасты æгъдау лæппуйы хæдзары. Лæппуйы хæдзары дæр хъæубæстæ бадтысты фынгтыл фылдæр изæрырдæм, æмæ æгъдау æххæст фæсæмбисæхсæвмæ. Уымæн хуынди чындзæхсæв дæр. Чызгæрвысты æмæ чындзхасты фынгæвæрд хаста æмхуызон куыд хойрагæй, афтæ нозтæй дæр. Ирон хъазты уаг нæ хæлди чызг æмæ лæппу фæсивæдæн. Цалынмæ чындзхонтæ сæ хоимæ кæрты æрбалæууыдаиккой, уæдмæ кувинæгтæ цæттæйæ лæууыдысты фынгтыл, бадты æртæ хистæры æнхъæлмæ кастысты чындзхонтæм бæрæг æгъдауыл...

Фиппаинаг. Чындзхонты æртæ хистæры чызджы хæдзарæй цыдысты, фысымты æфсинтæн арфæ куы ракодтаиккой, уæд. Лæппуйы хæдзары кæртмæ та æздæхтысты чындзхон кæстæрты разæй, æмæ уый дæр ныры ирæттæн у сенгондæй хъуыдыйаг, уæмæн æмæ сыкъадзæфтæй кæрæдзийы нал фембарынц хистæрæй кæстæрмæ, агуринаг фæвæййынц куыдбарджындæрæй, чындз кæмдæрты æмдзуарджынтæй иуварс аззайы, æмæ уæд дзырддагæй — койаг...

Чындзхонтæ лæппуйы хæдзармæ цыдысты чындзхæсджыты за рæг æмæ фæндыры цагъдимæ. Разæй — æртæ хистæры, уыдоны фæстæ дыууæ æмдзуарджыны сæ хоимæ, стæй иннæтæ. Сæ развæндагыл уæлдай лæууæг, æзмæлæг нæй. Хъæубæсты адæм дыууæ фарсæй лæууынц æмæ кæсынц æгъдаумæ... Хæдзармæ бахизæны æмдзуарджынтæ сæ зарынæй фенцадысты, æмæ къухылхæцæг райгонд хъæлæсæй дзуры:

— Фарн фæцæуы, фарн, уарзон хъæубæстæ, æмæ йын хæрзæмбæлджытæ фæут куыдрæстагдæр, куыдцæстуарзондæрæй!

— Фарнæн мæнæ — фæрнджын хæдзар, æмæ йæм амонды къах æрбавæрут уæ хоимæ!— дзуры йæм хъазты æгъдауæвæрæг рахисфарсæй хæдзармæ бахизæны лæугæйæ, æмæ уæд дыууæ æмдзуарджыны чындзхонты зарæг амыдтой бынаты уавæртæ хынцгæйæ.

— Ой, фæхæссæм æй, фæхæссæм, мæнæ фарны къæсæртыл! Амонды къах февæры мæнæ йæ дыккаг бинонтæм!

— Ой, рухсытæ ссудзут, тиутæ æмæ ходыгъдтæ! Зæд фæцæуы, фæцæуы мæнæ фæрнджын æфсинмæ!

— Чи йын фæуа ныфсæвæрд, уый сылыстæгæй — кæнгæ мад. Чи балæууа йæ фарсмæ, уый мыггагæй — хызисæг!..

Куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр бæрæг дардтой чызгæрвысты æмæ чындзхасты æгъдæуттæ, фæлæ дзурæг уыдысты иу фарныл дывæрсыгæй: фыццаг — чызджы хæдзары, стæй — лæппуйы хæдзары. Уыйадыл æмткæй фæлхатгонд цыдысты бирæ хъуыдытæ, æмæ уыцы уавæр у хынцинаг ныры ирон адæмæн. Чызджы хæдзары куыд уыди фæткыл нымад къухылхæцæгæн æртæ æхсты кæнын ливорæй къæсæртыл æддæмæ хизгæйæ, лæппуйы хæдзары дæр афтæ фидыдтой æртæ гæрахы мидæмæ хизгæйæ, æмæ сын уыди иу нысан — амонды фæндагыл фыдбылызтæ сафын, иумæйаг фарны хæрзты сæрыл гæрзифтонгæй тох кæнын.

Чызджы хæдзары куыд цыдысты дыууæ æмдзуарджыны сæ хойы фæйнæфарс лæугæйæ чызгæрвысты бадты хистæрты размæ, стæй Сæрызæды, Сафайы рæхысы æмæ Бынатыхицауы бынты, афтæ лæппуйы хæдзары дæр зылдысты астæуарты алыварс, стæй Сафайы рæхысыл æвæрдтой дзуары нысанæй хъаматæ æмæ Сæрызæды бынты зилгæйæ цыдысты чындзхасты бадты хистæрты размæ. Уым бадты хистæр æгъдауыл куывта, арфæ кодта æмдзуарджынтæ æмæ чындзæн, лæвæрдта сæм бæгæныйы кæхц ацаходынæн, стæй чындзы лæууын кодтой Сæрызæды бын кæнгæ мады æмæ сылгоймæгты лæггадгæнæг къорды хъусдардæй...

Чындзхасты фынгыл бадтысты бæрæг фæткыл чындзхонты хистæртæ дæр, æмæ æгъдауыл кæронмæ цыдысты сидтытæ хъæубæсты номæй. Чындзхонтæн цы хуын æвæрдтой чызджы хæдзарæй, уый дæр фæткыл хастой чындзæхсæвы фынгмæ æмæ дзы куывтой сæрмагондæй уазджыты номыл сидты...

Ног чындзы бирæ æфсарм уыди йæ лæджы хæдзары, æмæ куыдфæндыйæ йæ бартæй дæр нæ пайда кодта, йæ хæстæ дæр æххæстгонд нæ цыдысты, ирон цардыуагмæ рæстаудæнæй кæсгæйæ. Чындз хъæуы мидæг дæр хастой, æмæ цыбыр рæстæгмæ æнцондæрæй æххæст кодта йæ хæстæ, уымæн æмæ нæ фæллад. Хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ хæсгæйæ зындæр уыди чындзы хæстæ æххæст кæнын, æмæ йæм хъуыди хуыздæр хъусдарын фæндагæй бынатмæ... Æфсæрмаджы уагыл æфцгуытыл хизынæн бирæ цыдæртæ хъæуы, æмæ чындзмæ алы уавæрты дæр сæ хъус дардтой куыд чызгæмбæлттæ, афтæ чындзæмбæлттæ дæр. Лæппуйы хæдзары дæр ын фадат лæвæрдтой аулæфынæн, абадынæн, дон баназынæн, къæбæр бахæрынæн. Йæ фæллад æруадзынæн ын Сæрызæды бын авæрдтаиккой бандон, аивтаиккой йын хуылыдз къахыдарæс хусæй сылгоймæгты къорды аууон... Дзæвгар фæзилæнтæ æмæ домæнтæм кæсын хъуыди лæггадгæнджыты... Гъемæ, царды фадæттæ æмæ уавæртæ хынцгæйæ хъуыдыгонд æрцыдысты чызгæрвысты, чындзхасты мидисджын рæсугъд æгъдæуттæ сæ бирæ цинтæ æмæ мæстытимæ. Уыдоны астæу бæрæгдæрæй ахадыдтой кæнгæ мады, хызисæджы, мыды (царвы) къусы, цæрæн хæдзармæ хоныны, тиутæм нæ уайсадыны æмæ донгуырæнмæ цæуыны æгъдæуттæ...

Кæнгæ мады æгъдау. Чындз иугæр Сæрзæды бын балæууыд, æмдзуарджынтæ йæ хъæубæсты чындзыты бар фæуагътой, уæд ын абадын кодтаиккой æртыкъахыг фæхсбандоныл йæ фарсмæ хъæубæсты фæрнджындæр мадæлтæй искæй, æмæ уый хъæбысмæ æфсæрмаджы уагыл сæрæй акуывтаид. Уæдæй фæстæмæ уый уыд йæ кæнгæ мад, æмæ йын амыдта дарддæры хидарыны уаг, æххуыс ын кодта армы куыстæй дæр.

Хызисæджы æгъдау. Хызисæг чындзæн нымад цыди æртыккаг кæнгæ æфсымæрыл. Карæй дыууæ æмдзуарджынæй — кæстæр, стæй фылдæр — æнæус лæппу. Чындзы хызисæн боныл нымадтой дыккаг бон: уæдмæ чындз йæ фæллад суагътаид æмæ уæнгрогæй æгъдауы балæууыдаид. Фæсаходæнмæ хæдзары æфсин цæттæ кодта кувинаг. Дыууæ æмдзуарджыны сæ хойы чындзы фæлысты кодтой цæрæн хæдзармæ йæ уатæй. Семæ — кæнгæ мад, фæндырдзæгъдæг æмæ хъазты фæсивæд. Уыдон Сæрзæды бынмæ лæууыдысты хурыскæсæнырдæм, æмæ кæнгæ мад фæлмæн къуызгæ хъæлæсæй куывта йæхиуыл æмæ чындзыл дзуæрттæ æфтаугæйæ: «Стыр Хуыцау, мах — де уазæг! Сыгъдæг Мадизæн, ды — нæ фæдзæхсæг! Райгонддæрæй амонды къах чи бавæрдта Сæрзæды бынмæ, уыдоны æмбал фæкæнут не ’фсæрмаг кæстæры дæр! Хæдзары бинонтæн кондджын-уындджынæй адджын фæу, хъæубæстæн бæллиццагæй — фæзминаг!» — дыууæ къухæй хызы кæрæттыл фæйнæрдæм хæцы цæсгом æвдисæгау. Уæдмæ хызисæг лæппу Сæрзæды бын ныллæг фæхс бандоныл лæууыд, стæй чындзы тырысайы хъæды кæронæй хыз сабыргай иста арфæтæ кæнгæйæ: «Хæрзтæ уарæг Стыр Хыцау, хъуыддæгтæ рæстмæгæнæг Уастырджи, мадæлтæ æмæ цотхалы бардуаг Сыгъдæг Мадизæн, нæ хойы нын æртæ кæнгæ æфсымæры амондæй авд лæппуйы æмæ иу чызджы мад фæкæнут!» — ауыгъта хыз æмæ тырыса Сæрзæды рагъыныл, йæхæдæг хъазты фæсивæдмæ дзуры: «Гъеныр, чызджытæ æмæ лæппутæ, цин æрцыди, фарн æрцыди! Æмæ тымбыл хъазты чындзимæ æхсызгондæрæй чи акафа, уый фыццаг — мæхæдæг, — рахуыдтаид æгъдауыл йæ хойы цæрæн хæдзары астæумæ, æмæ фæткæн — фæткыл фидыц: уыйбæрц адæм сын лæугæйæ æмдзæгъд кодтой...

Царвы æмæ мыды къусы æгъдау. Чызгæн чындзы цæугæйæ йемæ æвæрдтой хуын æмæ дзы уыди хæрд-нозтимæ кæнæ мыды, кæнæ царвы къус. Уый кæнгæ мады амындæй, хъусдардæй хæрын кодта чындз йæ ног хъæубæсты æфсинтæн хызисæн боны кæронмæ хæстæг, æмæ йын æмхуызонæй арфæтæ кодтой, мыд æмæ царвау адджын фæу дæ ног бинонтæн æмæ хъæубæстæн, зæгъгæ, иугъæдоны цæстуарзонæй. Къусы ма цы аззадаид, уый лæвæрдтой сыхы гыццыл лæппутæн...

Чындзы цæрæнхæдзармæ хоныны æгъдау. Ног чындзы йæ уатæй бинонты цæрæнхæдзармæ хонынæн уыдаид Ирыстоны алы кæмтты хицæн фæтк æмæ афонтæ, фæлæ æмткæй дзураг у ирон фарны хæрзтыл. Ног чындзæн бирæ хæстæ уыди, æмæ уыдон æнцонæй не ’фтыдысты къухы. Бинонты кæстæрты æххуысæй архайдта къуырийы бонмæ, стæй йæ кодтой æмдзуарджынтæ хæдзармæ — хæдзары хицау æмæ æфсины размæ æгъдауыл. Уым уыдаид йæ кæнгæ мад, хызисæг, стæй сыхбæстæй хистæрты уагыл исчитæ. Куывтой æртæ кæрдзынæй, лæвæрдтой кæрæдзийæн хистæрæггаг æмæ кæстæрæггаджы нуазæнтæ. Уæдмæ чындз цыди йæ чындздзон дарæсы, стæй сæ ивта кæстæр чындзы фæлыстæй æмæ кодта хæдзары æппæт сылгоймаджы куыстæгтæ дæр æфсины, ходыгъдты, файнустыты хъусдардæй...

Тиуты изæры æгъдау. Чындз йæ лæджы мыггаджы нæлгоймæгтæм уайсæста иумæйаг æгъдауыл куыдхистæрæй. Фæлæ усгур лаппутæм, йæ лæджы карæнтæм цæмæй æгъдауыл сабыр хъæлæсæй дзырдтаид къуызгæ уайсæстæй, уый тыххæй уыди сæрмагонд рæстæг фембæлынæн — хуыцаубоны изæрæй. Уæдмæ хæдзары æфсин цæттæ кодта фынгæвæрды кувинæгтæ, æмæ чындзы уатмæ æмбырд кодтой мыггаджы кæстæр тиутæ. Уым дзагдарæн лæууыд ног чындз æмæ йæ нуазæнтæ лæвæрдта тиутæн куыдхистæрæй. Йемæ ма хъузонау лæууыдаид ходыгъдтæй кæнæ файнустытæй кæстæр. Чындзæн йæ нуазæнæй арфæ кодтой иумæйаг фæткыл æмæ афтид нуазæны æппæрстой æвзист сомтæ... Хистæр тиутæй чындзы йæхимæ чи дзурын кодтаид, уымæн хъуыди фылдæр æгъдау æмæ армы хардз...

Чызгæрвысты æмæ чындзхасты хуынтæ. Сæрмагонд фæтк уыди нæ фыдæлтæн чызгæрвысты æмæ чындзхасты рæстæг хуынтæ хæссынæн куыд сыхбæсты, хъæубæсты мидæг, афтæ хъæуæй хъæумæ, комæй-коммæ дæр.

Чызджы хæдзармæ чызгæрвысты бон хастой хуынтæ æввахсдæр хæстæджытæ æмæ сыхбæстæ, лæппуйы хæдзармæ та — чындзхæссæн бон. Хуынæн рæстæмбисæй æмбæлди æртæ уæливыхы, нозты гарз æмæ карк къуыдырфыхæй. Хуынхæссæн нозтæн дардтой алы афæтты гыццыл дурынтæ-гоцъобитæ, стæй авгæй конд гæрзтæ. Нозтæн кодтой арахъ æмæ бæгæны. Уыди сæрмагонд хъæдын тæбæгътæ хуынхæссынæн æмæ урс кæрдæйнагæй хуынбæттæн хъуымæцтæ. Уыцы иумæйаг уагыл куыд чызджы хæдзары, афтæ лæппуйы хæдзары дæр хуынтæ иста къæбицы лæгæфсин, æвæрдта сæ рæгъæй уæлæндыгтыл, æмæ фæсбадт алы хуынхæссæг сылгоймаг дæр йæ хуыны тæбæгъ кæрдæйнаджы бастæй хаста йæ хæдзармæ. Тæбæгъты афтидæй не здæхтой, æвæрдтой дзы æгъдауыл кувæггаджы хæйттæ карстæй. Хуынхæсджытæ чызгæрвысты æмæ чындзхасты кувинæгтæй ахуыстой сæрмагонд фынгтыл, стæй арфæгондæй здæхтысты сæ хæдзæрттæм афоныл.

Уæды заманты бæркады хуынтимæ уыди дзаумайы лæвæрттæ дæр, фæлæ — бæрцыл. Æхца дæттын нымадтой нæфæтчиагыл.

Чызджы фæдыл хуынхæссыны уаг. Чызджы фæдыл ирон бинонтæ хуын хастой сæрмагондæй бæрæг афон чызгæрвысты æмæ чындзхасты фæстæ дыууæ ног хæстæджы фæндонæй. Раздæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй чызгæн йæ чындзы цæуæн бонмæ цæттæ кодтой æргъæу чырын уæлæйы дарæсимæ, æмæ йæ чындзхонтæ хастой, ластой семæ. Æрвыстой чындзæн рæстæмбис хуын кувинаджы хуызы æртæ кæрдзыны æмæ нозтæй. Фæлæ сæрмагонд хуынхæссынæн æвзæрстой рæстæг æмæ уавæртæ. Хъуыди йын фылдæр хæрдзтæ куыд фынгæвæрды бæркадæй, афтæ хуыны лæвæрттæй дæр, æмæ бонзонгæйæ архайдтой. Алы хæдзарæн фадат нæ уыд чызджы ног хæдзармæ стыр хуынтæ хæссынæн, æмæ уыйадыл мæгуырдæр бинонтæ тыхамæлттæй архайдтой, бонджындæртæ сæ фырхъалæй уæлдай хæрзтæ домдтой æмæ æгъдæуттæ мысыдысты, стыр ирæдтæ куыд домдтой, афтæ. Гъемæ, исбоны цæстæй кæсджытæ хæлдтой фылдæр хуымæтæг ирон æгъдæутты, сæ рагон фыдæлтæн дугътæ уадзгæйæ, мæгуырæй хъалтæ та уыдоны фæзмгæйæ стыр гæрæхтæ кодтой, æмæ лæмæгъ мæцъбæндæнтæ æруадзæнты тыхæлвæстæй скъуыдысты...

Хуындзау дæр алчи нæ цыди, стæй куыдфæндыйæ алкæй нæ кодтой. Чындзхонты куыд æвзæрстой ирон фарны фæзминагдæр хæрзтæй, хуынхæсджыты дæр афтæ, уымæн æмæ æвдыстой хуынæрвитæг бинонты, сыхы, хъæубæсты æмæ суанг комбæсты цæсгом куыд æгъдауæй, афтæ уæлæйы дарæс æмæ кувинаджы бæркæдтæй. Уыцы уагыл хуындзаутæн дæр иу уыд нæлгоймаг, иннæ сылгоймаг хистæр, æмæ цыдысты бæрæг афæтты бонæмгъуыдæй, науæд та — æхсæвæддæйæ. Уыди семæ куваг æмæ зараг, кафаг æмæ фæндырдзæгъдаг æмбæлттæ. Чындзхонты фæрасыгæй кадджындæр куыд нæ кодтой сæхи фысымтæ, хуынхæсджыты бафхæрынæй дæр афтæ. Æмæ фысым хъæубæстæ архайдтой уазджытимæ ирон фарны уагыл. Хуындзаутæн арæзтой сæрмагондæй хъæубæстæ хъазт, кодтой сæ номыл кусарт. Иу æмæ дыууæ чызджы, лæппуйы нæ фæцыдысты кæрæдзийы зæрдæмæ хуынхæсджыты номæй, æмæ уый дæр дзурæг уыди æхсæнадон фарнæй ирон лæггадгæнæг фæлтæрты хъомысыл, бастдзинадыл...

Чызджы фæстæ хуынхасты кувинаг бæркæдтыл нал дзурдзыстæм, фæлæ дзы дарæсæй уыди лæвæрттæ хистæрты æмæ кæстæрты номыл. Хуынхæсджытимæ дæр хæддзуйæ никæй уагътой.

Дыууæ ног хæстæджы астæу баззад æндæр æгъдæуттæ дæр: кæрдзыны хæрды цæуын лæппуйы хæдзармæ чызджы бинонтæн, стæй сиахсæн фæсчындзæхсæв каистæм æмбæлттимæ хуынды цæуын...

Чызг чындзы номæй афæдз фæци лæппуйы хæдзары, уæд цыди йæ цæгатмæ хуындæджы бадынмæ, æмæ йын уым фыццаг сывæллон дæр æгуырд.

Фиппаинаг. Раст зæгъгæйæ абоны Ирыстоны цæгатæй хус сармæ, быдырæй хохмæ чызгæрвыст æмæ чындзхасты фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæй ницыуалбæрæг баззад, фесты бирæ хæрд æмæ нозты аууон, æнæхъуаджы хæрдзты æмæ домæнты ахæсты. Сывæллонæн йæ райгуырынæй фæстæмæ фыдæлты цардыуаджы уыди бæрæг домæнтæ æмæ хъомыладон фæрæзтæ æрдзон-гуырдзон фæткыл мады дзидзи бадæйынæй чындздзоны æмæ усгуры кармæ байрæзынæн. Адæймаг рæзы буарæй æмæ удыгъæдæй 25, 28 азмæ сыгъдæг зæххон хæрзтæ хæргæйæ хъаугæйæ, æмæ уыцы æрдзон халæй-хъомысæй фæхицæн цивилизацийы арæзт хъылматæй. Æппын ницы, фæлæ сыгъдæг дон æмæ уæлдæф дæр койаг-дзырддагæй агуринаг фесты райгуырæн уæзæгыл, уыйбæрц фехæлд зæххы хъаймагъ «ахуыргæндты» зонадон-наукон мадзæлттæй, фæлварæнтæй.

Æргомæй зæгъын хъæуы уый, æмæ чызджытæ сæ дыккаг райгуырæн бонмæ æнæ цамæй нал рæзынц фылдæр хатт. Лæппутæ сæ дыккаг райгуырæн бонмæ цалдæргай хæттыты бавзарынц сылгоймаджы ад искуы иугæйттæй фæстæмæ. Уыйадыл къайады сыгъдæг æнкъарæнтæ-монцтæ сæ халæй, æрдзон сыгъдæг уагæй фæхицæн сты, æмæ бинонты иумæйаг фарны сыгъдæг цæсгом аразгæ ахорæнтæй ныхъхъулæттæ, тугæй æмæ æгъдауæй хæстæгады уæлмонцдæр нысæнттæм ничиуалбæрæг тырны ирон мыггæгтæй...

Фыдæлты дуджы чызджы цы уавæрты скъæфтой, ууыл дзырдтам. Ныры фыдгæндты заман чызджыты «скъæфынæн» ис æндæр æфсæнттæ, æмæ фылдæр хæттыты лæппу не скъæфы чызджы, фæлæ чызг æскъæфы лæппуйы дзæгъæлхатты, æдзæсгомы, æнæуаджы чъизи уавæрты. Фылдæр хæттыты æнæуаг, æнæфсарм мадæлтæ амалджын лæппутæн сæ чызджыты «аскъæфын» кæнынц, сæхæдæг ныхъхъæр кæнынц мыггагыл: «Гъæйтт, гуыппырсар лæгтæ, уæ хуыздæр сылыстæджы аскъæфтæуыди, æмæ йæ фæдыл агурæг ауайут тагъддæр!» Гъемæ, æнæнымадæй, æнæ бæрæг ирон æгъдау кæнгæйæ алцы диссæгтæ хæрын æмæ нуазын чи уарзы, уыцы лæгтæ — фæдисы разæй уайджытæ, лæппуйы хæдзары бинонтимæ — фидау джытæ æмæ кувджытæ... Куыд-иу загътой фыдæлтæ: «Фæсхыл æмæ фæснад — тымбылкъухæй æртхъирæнтæ», «Фæсхæрд — судзагхал, фæсрæгъауы фæтард — рæгъаугæс». Æнæуаг, æнæфсармæй йæ «хъуыддæгтæ» цы чызг ахицæн кæны судзаг монцты фæдыл цæугæйæ, уый фæдыл хæссынц хуын æмæ кады лæвæрттæ скъæфæджы бинонтæн...

Нæ фыдæлтæ сæрмагондæй фидыдтой чызджы хæдзары æмæ чындз дæр хастой чызджы хæдзарæй, райгуырæн къонайы Сæрзæды бынæй, ныры ирæттæ та чызджы æрвитынц иумæйаг нуазæндонæйхæрæндонæй, чындз дæр хæссынц уырдæм. Уыйадыл бирæ хæттыты иу хæрæндоны рауайынц чызгæрвысты æмæ чындзхасты æгъдæуттæ дыууæ мыггагæн фæйнæ хибар фынгæвæрдыл бадгæйæ. Ахæм арвистон чындзхасты ирон æгъдауæй ницыуал вæййы. Æххуырст фæндырдзæгъдджытæ æмæ зарæггæнджыты хъæрæй кувæг хистæрты ныхас дæр нал фæхъуысы, афтæмæй адæм фæвæййынц хæрын æмæ нуазыныл нæлгоймагæй сылгоймагмæ. Налдæр — æгъдауыл кафын æмæ зарын, налдæр — фæткыл арфæтæ кæнын æмæ нуазæнтæ дæттын...

Фыдæлтæн чызгæрвысты, чындзхасты рæстæгæн нымад цыды сты афæдзы афæттæй — æрæгвæззæг, тыллæг æфснайд куы фæуыдаид, уæд, стæй — уалдзæджы фæсрувæнты. Бонтæй чызг дæр æрвыстой æмæ чындз дæр хастой дыццæджы, цыппæрæмы æмæ хуыцаубоны. Ныры ирæттæм уыцы афæттæ нымады дæр нал сты æмæ фылдæр чызг æрвитынц, чындз хæссынц сабаты, уæд сын кус гæбон нæу!..

Чызг фыдæлтæ æрвыстой Сæрзæды бынæй æмæ йæ хастой Сæрзæды бынмæ. Чындзхæсджытæ дыууæрдæм дæр цыдысты хъæуты дзуæртты бынты æмæ сыл сæхи фæдзæхстой. Ныры чындзхонтæн налдæр Сæрзæд ис, налдæр хъæубæсты хæстæгдæр дзуар, афтæмæй Дзæуджыхъæуы цæрджытæй бирæтæ, уырыссаг чырыстæтты фæзмгæйæ, сæ чындзыты сахары æфсымæрон уæлмæрды æнусон арты раз балæууын кæнынц, мæрдтæн фæлдисæгау...

Чызгæрвыст æмæ чындзхастмæ ирон хъæубæстæ хуынтæ цы уагыл хастой, ууыл дзырдтам, æмæ уыди æргом æгъдау æнцон æххæстгæнгæйæ. Хуынтæ хастой хæдзæртты номыл сыхбæстæ, стæй хæстæджытæ дарддæр цæргæйæ. Фæлæ чындзæхсæвы бæркæдтæ уыдысты иумæйаг арфæйы уагыл сывæллонæй зæрондмæ. Ам ны хас бафсæдыныл нæ цæуы. Хъазты фæсивæдæй дæр бирæтæ фынгыл нæ бадтысты, комдзаг дæр не скодтаиккой кувинæгтæй, уæддæр хъæстагæй ничи здæхти хæдзармæ. Уый хыгъд сывæллæттæ, зæрæдтæ, уатон рынчынтæ хайджын уыдысты чындзхасты хойрагæй. Чызгæрвитæг хæдзармæ пайдайагæй ницы зади фæсчызгæрвыст, æппæт хæрдзтæ дæр уыдысты йæхи фæллой...

Ныры чызгæрвыст, чындзхастмæ ма хуынтæ хæссынц бынтон хæстæджытæ, фæлæ нал фидауынц, нал ахадынц æрхæссæггаг æртыгай гуыдынтæ сæ уæлæмсæр лæвæрттимæ. Сæйрагдæр æгъдау баст æрцыд æхцайы лæвæрдимæ, æмæ чи цас фылдæр ратта, афтæ — æгъдауджындæр. Къаддæр чи ратта æхца-мысайнаг, уый тугхæстæгæй дæр иуварсдæр аззайы. Æнæ мысайнаг ратгæйæ чындзхасты фынгыл чызджы мадыфсымæр куы фæбада, уæддæр хъæстаг-дзырддаг фæуыдзæни ныры æхцамондаг ирæттæн. Уыцы уавæры иутæ сæхи хъуагæй мысайнæгтæ дæттынц æхцаджынты фæзмгæйæ, иннæтæ та нал цæуынц бынтондæр чызгæрвыстмæ сæ къух нæ амонгæйæ. Рæстæмбисæй банымай, абоны ирæттæ цы æхца хардз кæнынц хуындты кæрæдзийы æфсæрмæй цæугæйæ, уæд сæ куысты мыздæн æййафы фылдæр æмбис. Ныхас куы ра уайы уæлдай хæрдзты тыххæй, уæд фылдæр адæм стыр хъыгагæн фæзæгъынц: «Бауырнæд уæ, нал у нæ бон ацы хуындты цæуын æмæ лæвæрттæ кæнын. Куысты мызд сыл æххæсгæ дæр нæ кæны, æмæ тыхамæлттæй — тыхтонатæ!»

Наши рекомендации