ИРОН ФЫНГÆВÆРД 3 страница

Хъæбатыр Уастырджи, табу дæхицæн!—

Нæ кæстæртæ дæ фæдзæхст æмæ сæ рæстæджы

Хорзæхтæй хайджын бакæн, фыдбылызтæй — хизгæ!

Фыццаг хъæлæс:

Цæугæ-нæргæ Уазы Фидиуæг,

Стыр Хуыцауæй æрвыст дæ арвæй зæхмæ

Кусæг, кувæг адæммæ, æмæ, дæ хорзæхæй,

Хæрзты фыдæхтæй равзар, рæстæгты — зылынтæй!

Дыккаг хъæлæс:

Табу дæхицæн, табу Фæндагсары Уастырджи!—

Арвæй зæхмæ цы изæр æрхызтæ, уымæй хуыздæр фæуæд

Дæ фæстæмæ æздæхæн изæр! Æрмæст нæ хъæстагæй ма

Фæцу, гъы дæ хорзæхæй!..

Уастырджийы номыл сидты фæстæ рæгъытæ цыдысты хицæн кæмтты фæйнæ хуызты фынгæвæрдты нысанмæ, мидисмæ амонгæйæ, æмæ ирон дины кæнонтæй бирæ æгъдæуттæ фæиппæрд сты. Мадымайрæм ирон динмæ ницы бар дардта: фæзынд нæм чырыстон дин хæлиугæнæг сауджынты архайдæй. Чырыстийы «райгуырды» размæ дугты дæр ирон дингæнæг адæмæн сæйрагдæр бардуæгтæ уыдысты Стыр Хуыцау — Хуыцæутты Хуыцау, Уазы, Уацы Стыр Джиуæрджи æмæ Мадизæн — Мады зæд, мадæлты æмæ цотхалы бардуаг.

Мадизæны номыл сидт. Хуыцауы диныл, уырнынадыл хæцæг ирон фæрнджын адæм цыты куывдты æмæ чындзæхсæвты заман æртыккаг сидт кодтой Мадизæны номыл. Куывтой йын лæугæйæ бæгæны æмæ къуымæлæй. Ардтой йæ ном сыгъдæг куысты бæркæдтæй, фæдзæхстой йыл цотхалы мадæлты сывæллæттимæ. Мадизæны номыл сыгъдæг дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ уыди Ирыстоны æппæт кæмтты дæр рагзаманты, æмæ куыдфæстагмæ ивд æрцыдысты Мадымайрæмы — Чырыстийы ныййарæг мады, Мариайы номыл аргъуантæй гуырдзиаг цæстфæлдахæг сауджынты архайдæй. Баззад ма Мадизæны номыл бындары æвдисæнæн иунæг кувæндон Уæлладжыры комы Дагомы хъæуы, æмæ уым бадтысты Иры тæрхоны лæгтæ, уырдыгæй фæндаграст кодтой Уазы Бæгъатыртæ тыгъды быдырмæ....

Мадизæны номыл зарджыты дæр ирон адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг «ахуыргæндтæ» фæфыстой Мадымайрæмы номыл, фæлæ сæ мидис бирæ рæтты дзурæг у царды æцæг хъæрыл, нæ уæды разагъды куырыхон фыдæлты рæстаг зонд æмæ æрхъуыдыйыл.

Аларды, зæгъы, уæларвæй зæхмæ рараст

Сыгъзæрин асинтыл...

Сыгъдæг Мадизæн йæ размæ рацыд

Æмæ йын балæгъстæ кодта:

— Нæ сабитæ Хуыцауы фæдзæхстæй — дæ уазæг!

Де ургом сæм ма раздах, æмæ дын

Дæ чъылдыммæ кувдзыстæм.

Худгæйæ-хъазгæйæ нæм куыд æрцыдтæ,

Афтæ нæ райгондæй ныууадз!..

***

Цотхалы бардуаг Сыгъдæг Мадизæн

Уæларвæй рауагъта сыгъзæрин асин

Æмæ æрхызти зæххон адæммæ.

Адджын дын фæуæд нæ кувинæгтæ!

Нæлгусæртытæ — дæ нывондæгтæ,

Хуссары хуымæй — дæ бæгæныйаг,

Æхсæрджын хъæдæй — дæ цъæх хуымæллæг.

Дæ номæй адæм зæнæгмæ кувынц,

Цæрæддзаг гуырдтæ чындзытæн курынц,

Æмæ дæ хорзæх — æппæты хорзæх!—

Кæмæн цы раттай — цæринаг фæуæд!..

Куывдты, чындзæхсæвты Сыгъдæг Мадизæны номимæ ардтой кувæг адæм Бынатыхицауы, Сæрызæды, Хъæуызæды нæмттæ æмæ сыл фæдзæхстой бинонты, хъæубæсты, комбæсты минæвæртты сæ уазæджы хаимæ, сæрмагондæй та — мадæлты сæ цотимæ. Бинонты цæрæнбонты сидгæйæ сæрмагонд арфæйы нуазæн лæвæрдта бадты хистæр йæхи къухæй хæдзары æфсинæн, æмæ йæ хуыдтой æфсины цинон нуазæн.

Уазджыты цæрæнбонты номыл сидт. Уазджытæн сæ цæрæнбонты сидты размæ лæвæрдтой кады нуазæнтæ фысымтæ, стæй сæ номыл цыди сидт. Уазджыты хистæр арфæ кодта фысымтæн æмæ лæугæйæ нуæзтой нуазæнтæ, стæй сæ номыл сидты нуазæнтæй куывтой фысымты цæрæнбонты лæугæйæ. Кады нуазæнтæ дыууæрдæм куыд лæвæрдтой, афтæ кæстæртæ æмдзæгъд кодтой «Айс æй, аназ æй!» заргæйæ. Уыцы рог хъæлдзæг зарæгæн уыди дзæвгар хъуыдытимæ хистæрæггаг æмæ кæстæрæггаджы ахаст комкоммæ бынат æмæ рæстæгмæ амонгæйæ, фысымтæй уазджыты астæу хæларады хæрзтыл дзургæйæ. Зарæджы уыди хъазæн ныхæстæ дæр.

Куывдты æмæ чындзæхсæвты,

Ори-уæрирæ!

Нæ уæллагварс фæрнæй бадат,

Буцы хистæртæ!

Хистæр буцæй — кæстæр арæх,

Ори-уæрирæ!

Зæрдырухсæй — зæрдыхорзæх,

Ори-уæрирæ!

Цæй диссаг дæ, фынджы бæркад,

Ори-уæрирæ!

Хистæрæггаг, кæстæрæггаг,

Ори-уæрирæ!

Фæрнджын æгъдæуттæ — фæрныг хъæуы,

Ойтæ-уæрæйдæ!

Уыцы иу ма дын цы аназын хъæуы?—

Ойтæ-уæрæйдæ!

Ма дзы фæтæрс, хæлары нозт у,

Ори-уæрирæ!

Аназ май йæ хуырхдоны бæсты

Ойтæ-уæрæйдæ!

Хохмæ фæцыдтæ Зæрæмæджы тыххæй,—

Ори-уæрирæ!

Иу ма дзы баназ дæ зæнæджы тыххæй, —

Уæйтæ-уæрæйдæ!

Фыййауы хызыны нæлсæгъы базыг

О, мæ хуртæ, о!

Уыцы иуæй ма кæцы фæрасыг

Хорзæй нын цæрат!

Фæрнджын уазæг — фысымы бар, —

О, хуртæ, о!

Йæ буцгæнæг — бадты дзагдар, —

О, хуртæ, о!

Фыдæлты номыл сидт — гаджидау. Куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр уыцы æгъдау дзурæг уыди ирон фарны уæлмонцдæр хæрзтыл фынгæвæрды хъомысæй. Хицæн хæдзары номыл уыдаид куывд æви хицæн хъæубæсты æмæ мыггаджы, уæддæр сæрмагондæй ардтой, хистæртæй чи нал уыди, уыдоны нæмттæ æнæ рухсаг кæнгæйæ. Куывды æмæ чындзæхсæвы хæдзарвæндаджы хистæрты нæмттæ лæугæйæ ардтой дыууæ хуызы: иу хуызæн амыдтой бинонты фыды кæнæ стыр фыды номмæ, иннæ хуызы ардтой мыггаджы фыдыфыртты нæмттæ сæрæй бынмæ. Зæгъæм, хæдзары ис куывд кæнæ чызгæрвыст, чындзхаст, уæд бадты хистæр лæугæйæ куывта: «Хæдзарвæндаджы хистæртæй ’гас чи нал у, уыдон рох ма уæнт, куывдты æмæ чындзæхсæвты сæ ном куыд арой кæстæртæ, уыйбæрц арфæгонд фæуæнт!»

Мыггаджы куывды фыдæлты гаджидау — сидт кодтой уæлдай бæрнондæрæй: куывтой бæгæныйæ зырнæйзылд æмхуызон хъæдын нуазæнты, уыдысты къæйттæй дыууадæс кæнæ цыппарæмæссæдз. Бадты хистæр куывта мыггаджы цæрæнбонты лæугæйæ: «Мыггаджы лæгтæй чи нал и, уыдоны нæмттæ куыд арæм куывдты, чындзæхсæвты, уыйбæрц арфæгонд нæ дунейы стыр фарн фæкæнæд! Мах сын рухсаг нæ кæнæм, арæм сын сыгъдæг кувинагæй сæ ном, æмæ кæдмæ лæууой нæ зæрдыл, уæдмæ нын цæрдзысты...» Фыдæлты сидты «оммен» нæ кодтой. Æгъдау цыди иугъæдоны æфсармы, лæггады уагыл. Урдыглæуджытæй иуы къухы уыди бæгæныйы дурын, иннæйы къухы — зырнæйзылд хъæдын нуазæнтæ, афтæмæй лæмбынæг хъуыстой хистæры кувынмæ æмæ цырд кастысты бадты адæммæ нуазæнтыл хæцгæйæ. Хистæры куывды сæрæвæрæн уыд мыггаджы рагфыдæл. Зæгъæм, Айларты мыггаджы рагфыдæл уыд Айлар, уымæй дæлæмæ бадты лæгтæй алкæмæн дæр хæс уыди зонын фæд-фæдыл йæ комкоммæ хистæрты нæмттæ, æмæ сæ нымадта йæхи фыды онг, кæд ’гас нал уыдаид, уæд. Раст сæ куы ранымадтаид, уæд се ’ппæты мысынæн иунæг нуазæн нуæзта. Куы фæрæдыдаид, уæд алы рæдыдæн дæр — иу ивар уæлдай банызтаид, æмæ уый уыди худинаджы гакк мыггагæй лæгæн. Уыйадыл алы куывддон дæр лæмбынæг хъуыста кувæг хистæрмæ æмæ архайдта фыдæлты нæмттæ бахъуыды кæныныл фæлтæргай нымайгæйæ. Зæгъæм, Айларты мыггаджы кувæг хистæр куывта: «Нæ рагфыдæл Айлар — рухсаг!» Уæд ын кæстæртæ æнæ «омменæй» æвдисæны лæууыдысты æмæ æмхуызонæй дзырдтой: «Æцæг рухсаг!» Дарддæр хистæр мыггаджы фыдæлты нымадта фæлтæргай: «Тоти, Пира æмæ Гæлæу — рухсаг! Заза, Парса, Биазыр, Таймураз æмæ Басиат — рухсаг! Мæхæмæт, Хъыргъы, Хъуымыхъ, Собыкъа, Тотырбег æмæ Текко — рухсаг! Туанет, Бетъре, Никъо, Елхъан, Томай, Бехъо, Дзамболат æмæ Георги — рухсаг!» Афтæ фæлтæргай нымайгæйæ цыди сидт кæронæ, æмæ кæстæртæ дзырдтой алы фæлтæры фæстæ дæр: «Æцæг рухсаг». Хистæр фæци нымад, уæд гаджидау нуæзта æмæ афтид нуазæн цармæ æппæрста сыгъдæг кувинаджы сенгондæн. Афтид нуазæнты ахста сыхырнайæ дыккаг лæууæг, æмæ дзы æртæх куы æрхаудтаид уæлдай хардзæй, уæддæр ивар банызтаид йæ сæппарæг. Куыдхистæрæй сидт куыд цыди, афтæ алы куывддон дæр нымадта уымæй дæлæмæ йæхимæ тугæй хæстæгдæрты æмæ бæрæг кодта, чи цас зыдта фынгæвæрды фæтк æмæ арæхст, уый.

Фиппаинаг. Абоны ирон адæм фыдæлты номыл рæгъæн йæ кой дæр нал скæнынц. Мыггаджы номхыгъд сæрæй кæронмæ нæ, фæлæ алчи йæ ныййарджыты фыдæлты нæмттæ дæр нал зоны, æмæ фæлтæрты бастдзинадæн йæ хæстæгады хал фескъуыд. Суанг дыууæ хæрзæфсымæры æмæ хойы цот дæр нал зонынц, кæрæдзийæн тугхæстæгæй цы бавæййынц, уый, æмæ сæм рауайы худинаджы ахæстытæ дæр...

Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæрайы номыл сидт. Хистæр цыбырæй куывта: «Зæххы æмæ фосы куыстыты æфтиæгтæй цæрæм. Гъемæ нæ Хоры Уацилла, Фосы Фæлвæрайы хорзæх уæд! Хорæфсис, фосарæхæй уын нæ сыгъдæг кувинæгтæ барст фæуæд!» Уыцы сидтæн, дзырдтам ма йыл уæлдæр, ахуыстой нæлфысы кусарты фæхсынæй-дымæгæй хистæрæй кæстæрмæ.

Алардыйы сидт. Аларды уыди дыууæ хуызы дзуары низты бардуаг. Дзырдтой йæм лæгъстæгæнæгау Рухс Алардыйæ, фæлæ уыдысты дыууæ хуызы низы номæй Сырх æмæ Урс Алардытæ. Дыууæ дæр фадынæджы хæцгæ низтæ, æмæ æфтыдысты адæмыл азы дæргъы дыууæ бæрæг афоныл — уалдзæджы райдайæны æмæ сæрды райдайæны. Гъемæ йын куывтой ныллæг хъæлæсæй лæгъстæгæнæгау: «Табу — дæхицæн, Сыгъдæг Аларды! Афæдз зæхмæ дыууæ хатты æрхизыс, æмæ дын нæ сыгъдæг кувинæгтæй арæм дæ ном, æрмæст нæм де ’ргом ма раздах, дæ чъылдыммæ дын кувдзыстæм! Куыд иунæгæй нæм æрцыдтæ, афтæ иунæгæй фæндаграст фæу!»

Бæркады сидт. Уыцы сидтæн ардтой Мыкалгабыры ном. Мыкалга быр уыди ирон адæмæн бæркæдтæ æмæ амæндтæ дæттæг бардуаг, зæд. Ахæм зæдтæ сын уыдысты авд авды Ирыстоны æппæт кæмтты æмæ сæ ном ардтой хидгуысты фæллæйттæй бæркад æфтауыны уагыл. Мыкалгабыры кувæндæттæй æппæты зындгонддæр æмæ кадджындæр уыди Сидæны, Къасарагомы...

Зымæджы бæрæгбæтты сæрмагонд сидт уагътой тугдзых сырдты бардуаг Тутыры номыл дæр цардыуаджы нысанæн: сæ кувинæгтæй ардтой æфсæндзых куыйты бардуаджы ном, цæмæй фосы дзугтæм ма лæбурдтаиккой, уый тыххæй...

Куыд уынæм, афтæмæй дзæвгар сидтытæ — гаджидæуттæ уыди ирон фынгæвæрды куывдты заман, æмæ нозт — бирæ... Уый та куыдкарздæрæй йæ кæнæгæн дæр нæ барста, æмæ йын зыдтой бæрц æмæ уаг бынат æмæ рæстæг нымайгæйæ. Æнæ исты бæрæг æфсонæй карз нозт куыдфæндыйæ нæ нуæзтой фыдæлтæ æрвылбон, ныры адæм æй куыд нуазынц, афтæ... Ныхас ам карз нозтыл цæуы, фæлæ къуымæл æмæ бæгæны дæр сæры цыдысты (уæлдæр дзырдтам сæ кондыл), уымæн æмæ сæ фыхтой сыгъдæг хорыссадæй задимæ, хуымæллæгимæ. Къуымæлы къус чи банызтаид, уый дæр уыди къуымæлдзæф, арахъы сыкъа баназæг та — сыкъадзæф. Иу — æлгъыст, дыууæ — фæлдыст, æртæ — кувинаг, зæгъгæ, амыдтой æдзух хистæртæ кæстæртæн, æмæ раст уыдысты. Дон нуазгæйæ дæр ардтой куыдхистæрæй доны зæдты нæмттæ æмæ нуæзтой куыдкæстæрæй раздæр.

Карз нозт хатын уарзы, зæгъгæ, дзырдтой цæстуарзонæй. Карз нозт сын хатын уымæн уарзта, æмæ бæрц домдта, æнæнымадæй нуазын нымадтой Хуыцауы раз — тæригъæдыл, адæмы раз — худинагыл. Хæдзары цыфæнды бирæ нозт куы уыдаид æфснайд, уæддæр бинонты хистæр æнæ исты æфсонæй иунæгæй арахъы сыкъа нæ банызтаид: фæдзурын кодтаид йæ кæстæртæн сыхы лæгтæй искæмæ æгъдауыл, фæткыл... Нозт не «’нахуыргонд» фыдæлтæн хатын уымæн уарзта, æмæ тыхми нæ кодтой нæдæр кæрæдзийæн, нæдæр уазæгæн. Æртæ рæгъæй ардтой хуымæтæджы фынгæвæрдыл Хуыцауы æмæ зæдты нæмттæ, фæдзæхстой сыл бинонты, хъæубæсты сæ уазæджы хаимæ. Цыфæнды хуызы хæсджыныл дæр разы уыдысты фыдæлтæ, æгъдауæй хæсджыныл та нæ разы кодтой. Æгъдау та карз нозты тыххæй нæ уыди, карз нозт уыди æгъдауы тыххæй, æмæ йæ бæрцыл хардз кодтой бæрæг фæткыл...

Мæ карз ныхас æхсызгон нæ уыдзæни ныры дуджы магусайæ цæлуарзджытæн, æнæ нымадæй хæраг æмæ нуазаг ног ирæттæн, æмæ æз хъыгылдзырд Стыр Хуыцауимæ дæр никуы уыдтæн. Раст цы у, уый та æргомæй бахынцæм. Суанг зонадон-наукон кусджытæй дæр бирæтæн ирон адæмы рагфыдæлтæ уыдысты мæнгдингæнджытæ, Хуыцау æмæ зæдтæм куырмæй кувджытæ, муртатаг дингæнджытæ. Уыцы уавæры «æнахуырæй ахуыргæндтæ» нæдæр ирон уырнынады кæнонтæ бамбæрстой, нæдæр фæлтæрты бастдзинады тæгтæ, нæдæр фæсивæды хъомыладон фæрæзтæ, мадзæлттæ, афтæмæй сæхæдæг куырмæджы табу кæнынц аргъуантæ æмæ мæзджытты «сыгъдæг» кусджытæн...

Мæлæт иу сæр у, цардæн — бирæ сæртæ, зæгъгæ, ныхасæн баззад. Ирон диныл хæцæг адæмæн сæ фынгæвæрды æппæт хуызтæ дæр баст уыдысты афæдзы куыстыты хуызтимæ, фæллæйттимæ дины хъомысæй.

Мæ хъуыды æртыккаг хатт фæлхат кæнын дзуары бын рæстаджы ард хæрæгау. Ирон фынгæвæрды рæсугъд æгъдæуттæ цæттæйæ уæларвæй æрхаугæ дæр не сты æмæ талф-тулфæй цыбыр рæстæгмæ æрымысгæ дæр. Нæ рæстæй цæрæг фыдæлтæ сæ æнусты дæргъы уырзæй февзæрстой, æлутоны хоры мыггæгтау, бафтыдтой сыл сыгъдæг удты хъармимæ се ’ууæнк, се ’фсарм, æмæ сыгъдæг зæринæй конд хæзнатау сæ хуыз ыскалдтой. Уыйбæрц цымыдисаг ысисты мидисæй, хъомысæй, æмæ сæм лæмбынæг байхъуыстой арвæй зæхмæ зæдтæ æмæ бардуæгтæ.

Ирон дзыллæйæн фидæны хуыздæрмæ тырнгæйæ къуылымпыйы хос цы карз æгъдæуттæ уыдысты, уыдоныл сæ къух систой, иннæтыл ног хæрзтæ æфтыдтой царды хуызивæнтæм рæстаг цæстæй кæсгæйæ. Рæстады, æууæнчы фæлгæтты æвæрдæй фыдæлтыккон аив æгъдæуттæ сты абоны ирон фæлтæртæн хуыздæр фæрæзтæ фидæны рухсдæрмæ тырнынæн. Уыйадыл нæ размæ лæууы дзыллæйы иумæйаг хъомысæй иунæг фарста фæдисы дзæнгæрæгау: зæронд зианхæссæг æгъдæуттæй цæуылты систам нæ къух æмæ цы бафтыдтам ногæй фыдæлты рæстаудæны фæткмæ иугъæдоны фæзминагæй?!

ИРОН ДИН — ИРОН УЫРНЫНАД

Иу — Хуыцау! Хуыцауы динæй

Арвмæ хауы дур.

Къоста

Ирон дин — Хуыцауы дин. Ирон дин — ирон уырнынад. Ирон уырнынад — Хуыцауы уырнынад. Ирон уырнынад у Хуыцауы сконд адæмы дунейы арæзты æмбарынад...

Нæ рæстæй цæрæг æмæ рæстыл кусæг фыдæлтæ сæхи нымадтой Хуры цотыл. Хур — Хурты Хурзæрин уыд сæ раттæг æмæ сæ тавæг, Зæхх — сæ ныййарæг, сæ дарæг. Хурты Хурзæринмæ, Хуыцæутты Хуыцаумæ кувгæйæ, зæдты-дуæгты нæмттæ аргæйæ нæ фыдæлтæ лæмбынæг кастысты сæ алыварсы æрдзы æмæ дунейы сконды хуызивæнтæм. Чингуыты фыссыны æмæ кæсыны уагæй кæд цыфæнды æнахуыргонд уыдысты, уæддæр сæ сыгъдæг æрдзон удыгъæдæй хатыдтой æмæ æмбæрстой дунейы сконды ныхмæвæрд хæрзты æмæ фыдæхты доны æртахæй кæрдæджы халмæ. Сæхи удты фæлтæрд æмæ фыдæбонæй æмбæрстой царды рæстаг хъæр. Райгонд куыстытæ сын уыдысты удæнцой, фыды уæзæг æмæ фыды къона — ныфсы мæсгуытæ. Цыфæнды тыхст уавæрты дæр хурæргомæй куывтой хидгуысты фæллæйттæй Хуыцаумæ, ардтой зæдты-дуæгты нæмттæ. Зæххæй арвы астæу цыдæриддæр уыдтой æмæ хъуыстой, уыдонмæ кастысты ирон дины уырнынады кæнонтæй æмæ сæ барстой, тæразыл æвæрдау, уарзты æмæ фыдæхы хæрдзтæй.

Дывæрсыгæй хъуыстысты Ирыстоны кæмтты Цæгатæй Хуссармæ иумæйаг дзырдбæстытæ — цардыуаджы цыбыр ныхæстæ ахæм фæткыл: Хуыцауысконд бинонтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ, чызджытæ æмæ лæппутæ, фысымтæ æмæ уазджытæ; Хуыцауысконд мад æмæ фыд, хо æмæ æфсымæр, лæг æмæ ус, чындз æмæ сиахс, фысым æмæ уазæг; Хуыцауæй æлгъыст бинонтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ, хотæ æмæ æфсымæртæ, сиæхстæ æмæ чындзытæ...

Арфæйы ныхæстæ дæр цыдысты уыцы уагыл: «Хуыцауæй арфæгонд фæу!», «Хуыцауыхорзæх дæуæд!», «Хуыцауæй — разы!», «Мах — Хуыцауы фæдзæхст!»

Карздæр сомытæ дæр кодтой Хуыцау æмæ Зæххæй: «Хуыцауыстæн!», «Ард дын хæрын Хуыцауæй!», «Зæххыстæн!».

Фæдзæхсæгау дзырдтой: «Уый дын мæ Хуыцауы къух!», «Уæле Хуыцау, бынæй Зæхх — æвдисæн!»

Дунейы æппæты рагондæр динтæй иу у ирон дин, æмæ йæ иннæ дины хуызтимæ цы ахуыргæндтæ барстой æнусты дæргъы, уыдон нæдæр йæ фæзынды, йæ равзæрды бындуртæ-уидæгтæ сбæрæг кодтой, нæдæр йæ мидис, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл дзурынц, ирон дин у муртатаг уырнынад, зæгъгæ. Ома ирон адæм куырмæджы куывтой дуртæм, бæлæстæм, хъæд æмæ æлыгæй конд гобитæм. Ирон адæм незамантæй фæстæмæ сæхи нымадтой Хуыцауы сконд адæмыл æмæ куывтой зæдтæм-дауджытæм сæ хидгуысты бæркæдтæй. Чырыстон æмæ пысылмон динтæ сын уыдысты æцæгæлон-æндæрниан адæмты уырнынæдтæ. Уыцы дыууæ дины хæлиугæнджытæ фæкодтой тыхтъыст ирон адæмы роны куыдфæстагмæ пысылмон æмæ чырыстон уырнынæдты кæнонтæ, æмæ сæ фæлывд митимæ дзырддагкойаг уыдысты ирон диныл хæцæг дзыллæйы хъуыдыты: «Æрæджиау мын счырыстон и!», «Йæхи ныппысылмон кодта!», «Рын куыста æмæ — сауджынæн», «Сауджынæн — авд гуыбыны», «Цы — сауджыны фæлывд, цы — моллойы», «Сауджын æмæ молло кæрæдзимæ чъылдымыздæхтæй бадынц», «Сауджын æмæ моллойы æвдисæны дарæгау», «Сауджын нæдтытæй фылдæр цы ’ййафы!», «Сауджыны нæмыс, уæд — хуызæнæн», «Сауджын — цæрæнбонты саударæг», «Сауджын дæсны æмæ молло хосгæнæг», «Фæнды — ноггуырд, фæнды — ногмард, сауджынæн — пайда», «Чырыстон адæм Чырыстийы номыл ком фæдарынц, сауджыны бинонтæ та уыдоны хуынтæй минас фæкæнынц», «Хуыцауы динылхæцæг адæм хинтæкæлæнтæ нæ фæкæны. Мæнгдингæнæг та хингæнæг у»...

Нæ рæстаг фыдæлтæ сæхи Хуры цотыл нымадтой, уæддæр хорз æмбæрстой сæ равзæрды æмæ цардыуаджы æртæ сæйрагдæр тыхы: Хурты Хурзæрины тавсы, Сфæлдисæджы комытæфы æмæ Райгуырæн Зæххы хъомысы. Уыцы æртæ дунейысконды сæйрагдæр цауыл-уазыл æнцадысты ирон дзыллæйы удхъомысы хæрзтæ цины æмæ масты фæлгæтты æвæрдæй. Сфæлдисæджы æртæ уазæй-мидисæй хицæн кæны ирон уырнынад иннæ уырнынæдтæй. Ирон дин куыд амоны, афтæмæй Хуыцауы сконд адæмæн хъуамæ уа иу уырнынад, иу рæстдзинад. Хуыцауæн, Дунейы Сфæлдисæгæн йæ рæстаудæны минæвæрттæ æвдисæнтæ арвæй зæххы астæу сты зæдтæ æмæ дауджытæ. Зæдтæ æмæ дауджытæ куыдсæйрагдæрæй æххуысты цыдысты кувæг-кусæг адæмæн, æмæ сæм амыдтой ирон динылхæцæг адæм сæрмагонд нæмттæй: Уастырджи, Мадизæн, Хоры Уацилла, Фосы Фæлвæра, Аларды, Тутыр, Рыныбардуаг, Мигъдау, Тыхост, Галæгон, Уахъæз, Фыдуани, Æфсати, Елиа, Наф, Мыкалгабыр.

Хуыцау æмæ зæдты-дуæгты номыл кодтой кувæндæттæ ирон адæм алы кæмтты цæргæйæ. Зæдтæй-бардуæгтæй иутæ цардысты бинонтимæ иу цары бын (Бынатыхицау æмæ Сæрызæд), иннæтæн бынæттон сыгъдæг æрмæгæй арæзтой дзуары бадæнтæ, кувæндæттæ. Алы хъæуæн дæр уыди Хæстæг дзуары, Уациллайы, Фæлвæрайы, Уастырджийы кувæндæттæ райдзастдæр, сыгъдæгдæр бынæтты. Кæмтты æнцонвадатдæр нæудзарты, хъæды къохты, æмдымбыл амад систы къусчыты бауагътой ирон дингæнæг адæм царды тавс, удварны хæрзты тæфаг æмæ зæдтæ-дауджытимæ бадтысты куывдты, кодтой тæрхæттæ...

Наши рекомендации