ЧЫЗГÆРВЫСТЫ ÆМÆ ЧЫНДЗХАСТЫ ФÆТК 4 страница

Ирон нуазæнæн уыди стыр кад цæрæнбонты сидты размæ æмæ байрох. Нал вæййы сæ кой дæр хæдзары хицауы æмæ æфсины, хистæрæггаг æмæ кæстæрæггаг циноны нуазæнтæн...

Уæгъдибарæй хæрыны æмæ нуазыны æфсонæй ирон фынгæвæрдæн нал вæййы уырдыглæуджытæ дæр. Уыйадыл бадты хистæртæй кæстæрты астæу тыхæскъуыд фесты фæлтæрты бастдзинады сæйрагдæр мадзæлттæ.

Усгур лæппутæ стыр ирæдтæ фидынæй фервæзтысты, фæлæ уый аууон æмæ хыгъд чызджы фæстæ стыр хуынтæ хæссын ысси æгъдау сæфты уагæи. Чызгæн чындзы цæугæйæ йемæ хуынæн, фæлыстæн цытæ æвæрдтой бон зонгæйæ нæ фыдæлтæ, уыдоныл дзырдтам. Ныры хуынхаст у диссагæн дзуринаг, æмбисондæн хæссинаг. Уæлæйы дарæсыл, бибитæ æмæ дидитыл нал дзурдзынæн, изгарды хъылма хостау, фæлæ хæдтулгæты бавгæнынц чызгæн йæ ног хæдзары æппæт цæрыны фæрæзтæ: бандæттæ æмæ стъолытæ, айдæнтæ, скъæппытæ, æмæ сæ чи фæуид нымад нырыккон арвистон ирон æвзагæй, се ’ппæтæн иронау нæмттæ дæр нæй. Гъемæ, уыйбæрц исбонимæ чындз йæ ног хæдзары сæрбæрзондæй куыннæ кæса?! Фæлæ лæггады уагыл йæ ног бинонтæн кæстæриуæг кæнынмæ куынæ сарæхсы, уæд ныссуйтæ вæййы æмкъайады цард йæ тæккæ райдайæны, æмæ кæнæ лæппуйы йæ бинонтæй фæхибар кæны, кæнæ йæ бирæ дзаумæттимæ-дидитимæ æрыздæхы фæстæмæ фыды хæдзармæ... Чызгæн чындзы цæугæйæ цы бирæ хуынтæ сæмбырд кæнынц ныры ирон хæдзæрттæ, уый æгъдауæн баззад Цæгат Ирыстоны гуырдзиаг адæмы фæзмгæйæ, æмæ йæ семæ æрхастой хуссарварсы цæугæцардгæнæг «æрдæг ирæттæ». Афтæ хуыдтой Цæгат Иры цæрджытæ, Хуссар Иры йæ мадæлон æвзаг чи ферох кодта æмæ гуырдзиаг зæрдæ чи райста, уыдоны... Уыдон хонынц чызгæн стыр хуынтæ хæссыны æгъдау Бе, æмæ йæ номы аккаг у, ирон адæмы фыдбылызæн... Æцæгæйдæр ахæм у... Æгомыг фосы уасынау, зæрдæйæ — куырм æмæ къуырма, æгъдауæй та, дæвдæг уазал ихау, — ихсыд æмæ бырынцъаг...

МАРДЫ КÆНДТÆ ÆМÆ ÆГЪДÆУТТÆ

Цин æмæ зиан æфсымæртæ сты, зæгъгæ, ныхасæн баззад фыдæлтæй. Цард æмæ сын мæлæт цыдысты, цæдисы галтау, иумæ. Мæлæты нымадтой царды дыккаг хайыл æмæ йæм сæхи цæттæ кодтой æппæт куыстæгты хæрдзтæй. Адæймаджы мæрдтæмвæндаг сын цæсты ахадыдта уæлон царды цинтæ æмæ мæстытæй, хæрзтæ æмæ хæрдзтæй. Рæстагæй цæрæгæн йæ мæрдтæмвæндаг — лæгъз æмæ рог, фыдгæнæгæн — дæрзæг æмæ уæззау.

Мæрдтæмвæндаг уæлон царды нывтыл кæй карстой фыдæлтæ, уый æргом дзурæг у сæ дины, се ’мбарынады кæнонтыл уырнынады хъомысæй. Марды æгъдæуттæ кодтой дины — уырнынады кæнонтæм кæсгæйæ. Мæрдтыбæсты дзæнæт æмæ зындоныл куырмæджы цас æууæндыдысты, уыйбæрц фылдæрæй кодтой марды кæндтæ-хæрдзтæ. Марды номыл æгæрон бирæ хæрдзтæ сæфтмæ тардтой нæ рагфыдæлты, æмæ уый дызæрдыггаг нæу, фæлæ æппæт хæрдзты æмæ тухæнты аууон фæкæн фыдæлтæн сæ удхъомысы сыгъдæгдæр миниуджыты, уæд Хуыцауы раз — тæригъæд, адæмы раз — худинаг. Суанг Иры цыт æмæ намыс Хетæггаты Къостайæн дæр, йæ фыд Леуаны мысинæгтæ фысгæйæ, зын зæгъæн нæ уыди: «Поминки устраиваются довольно часто и настолько роскошно, что иногда приводят к разорению. Зарезать, например, в один день до 30 голов рогатого скота, до 150 баранов, сварить 500 ведер пива и до 100 ведер арак’а, испечь до 3000 пшеничных хлебов было нелегко в Нарской котловине. Однако некоторые фамилии не задумывались над этим» («Особа»).

Хъусæггагæй ирон адæм сæ фыдæлтыл æнæрцыды диссæгтæ куы мысой, уæд ма сыл æрцæуæг «ахуыргæндтæ æмæ иртасджытæ» чердæм аудой æмæ ауæрдой?! Хъусæггаг æмæ мысæггагæй царды рæстадæн равдисæн нæй. Æнæ бæрц хатгæйæ, æцæг цаутæ зонгæйæ сæрбæрзондæй кæс æппæт дзыллæйы удхъомысы фæллæйттæм-хæрзтæм, уæд цыфæнды стыр ахуыргондæн дæр кады нысан нæу. Иуæй, Къостайæн Нары адæм мæгуыр цардысты хуымы зæххы æмæ уыгæрдæнты, сæрвæтты къуындæгæйкадаварæй, иннæмæй та марды бон хæрнæгæн-хистæн æргæвстой 30 стуртæ, 150 фыстæ, фыхтой 500 ведрайы бæгæны, уагътой 100 ведрайы арахъ, кодтой 3000 дзулы мæнæуы ссадæй... Иунæг бонмæ-æнæрцыды диссæгтæ!.. Афтæмæй бæгæны скæнынæн хъуыди дзæвгар рæстæг сæнхъизыны онг, æппын къаддæр фондз-авд боны. Уæдæ иннæ бæркæдтæ дæр æвæлмонæй кæм хаудтаиккой Нары айнæг рындзмæ аргъауы хуызæн, кусын сыл нæ хъуыди? Кæмыты хызтысты цæттæйæ уыйбæрц фосы рæгъæуттæ, кæмыты задысты уыйас мæнæутæ? Чи архайдта уыйбæрц бæркæдты ссарыныл, Нары уæлбикъ уæздæттæ æви сæ дæлбар кусджытæ?!

Æмбæхсинаг нæу, нæ фыдæлты сæ марды æнæхъуаджы бирæ хæрдзтæ мæгуырмæ-сæфтмæ кæй тардтой æмæ ныхстуаты бынаты кæй æвæрдтой, уыцы уавæр. Фæлæ фыццаг хынцинаг уыдысты сæ аххосæгтæ, се ’фсæнттæ æхсæнадон-социалон фæлгæтты æвæрдæй.

Мингай азты цы уырнынады кæнонтæ ныффидар сты адæмы хъуыдыты хорзæй-æвзæрæй, растæй-зылынæй, уыдонæн æнцонæй нæдæр аивæн вæййы, нæдæр ныууадзæн бонасадæны фæлмæн кæнæ дæрзæг ныхæстæй, амындтæй. Хетæггаты Леуан фос дæр никуы хызта, хуым дæр никуы бакодта, уымæн æмæ уæзданы-дворянины ном хаста. Зæххы æмæ фосы куыстытæ чи кодта, уыдонæн калди сæ чъиухид сæрдæй-зымæгæй, хурæй-къæвдайæ. Уыцы саукуыстгæнджыты фæллæйттæй фидыдтой ирон фынгæвæрды бæркæдтæ куыд цины, афтæ марды бонты дæр. Фыдæбонгæнæг бинонты, хæдзæртты куыстуарзаг минæвæрттæ уыдысты ирон фарны хæрзтыл аудджытæ æмæ рæстмæгæнджытæ. Куырыхондæр хистæрты рæстаг куысты æмæ архайды фæрцы сæ хуыз равдыстой ирон фæрнджын æгъдæуттæ. Рæстаг адæмы зонд æмæ архайдæй систой сæ къух ирон дзыллæ тугисыны карз æгъдæуттæй æмæ стыр хистытæй. Æмткæй райсгæйæ алы дугты-рæстæджыты фыдæлтыккон зианхæссæг æгъдæутты ныхмæ дзырдтой æмæ тох кодтой ирон адæмы рæстагдæртæ, æмбаргæдæртæ. Уыдон дæр куывтой Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм, кодтой кæндтæ сæ мæрдтæн, фæлæ бæрц зонгæйæ, алыварсы дунемæ æрвонг цæстæй кæсгæйæ. Мардыл куыдтой, арæзтой йын рухсаггæгтæ, фæлдисинæгтæ, фæлæ куырмæджы — нæ. Гъемæ сын байхъусæм сæхи хъуыдытæм æмбисæндты, цардыуаджы цыбыр ныхæсты хуызы:

Æнæ мæлгæ дуне нæй.

Адæймаг иу бон райгуыры æмæ иннæ бон амæлы.

Адæймаг цы дыууæ боны цæры, уым дæр Хуыцауы рæстаг уагыл йæхи дарын нæ зоны.

Адæймагæн Сфæлдисæг цы æрдзон-гуырдзон хæрзтæ радта, уыдон раст уагыл хъауын куы зоннд, уæд бирæ цæрид, фæлæ сæ фæлгъуыды кæны йæ цардыбонтæ цыбыр кæнгæйæ.

Мард сыджыт у, æмæ йæ зæхх айсы.

Мард удæгæстæн — хæринаг.

Мард цæстысыгæй фидауы.

Зæрдæ куы рисса, уæд куырм цæстытæн дæр сæ хъыджы сыгтæ згъæлынц.

Мæгуыр — амæлæг, удæгæстæ истытæ кæндзысты.

Мæрдтыбæсты хæрæнтæ æмæ дарæнтæ нæй.

Мæрдтыбæсты дзæнæт куы уаид, уæд ма уæлæуыл цы фыдæбонæй нæхи марæм?

Мард æвдисæнæн нал бæззы.

Марды æвдисæны дарæгау.

Марды роны гуыдынтæ агурæгау.

Уæлон адæм иууылдæр — мæрдтæм цæуджытæ, фæстæмæ здæхæг дзы нæй.

Мæрдтыбæстæ ’гасæй дæр у зындон.

Мæрдтыбæсты дзæнæтæй уæлон зындон — хуыздæр.

Фыдгулæн йæ дарæг амæлæд!

Йæ мад кæмæн амард, уымæн дæ мады амард куы зæгъай, уæд дæ рыст бамбардзæн.

Уæлон царды хорзæй, æвзæрæй цы фенай, уый — дæхи, мæрдты хорзæй ницы и.

Мæрдтыбæстæ — æмыр талынг æмæ уымæл уазал...

Гъемæ, кæд фæуиккой нымад фыдæлты ныхæстæ цард æмæ мæлæты номæй, стæй се ’ппæты нымайын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ абоны ирæттæн сæ фылдæр сты куырмæджы дингæнджытæ, æмæ сæ мæгуыр удтæн амæлынæй тæрсгæйæ æрхъуыды кодтой уæларвон тæхгæ цард, Чырыстийы фæзмгæйæ, нæ фыдæлты диныл — Хуыцауы рæстаг диныл рыгтæ калгæйæ...

Æмткæй ирон дзыллæйы фæрнджындæр минæвæрттæ царды рæстагдæр хъæрмæ хъуыстой лæмбынæг æмæ фыдæлтыккон зианхæссæн æгъдæутты ныхмæ дзырдтой, тох кодтой æргомæй, хуыздæр фæтк æмæ уагыл фидар хæцгæйæ. Циныл цин кæнын зыдтой, мастыл — хъыг кæнын. Мардыл хъыгзæрдæйæ куыдтой къуызгæ уайсæстæй, арæзтой йын хидгуысты фæллæйттæй кæндтæ — рухсаггæгтæ сыгъдæгæй, бæрц хатгæйæ. Фæлæ уыцы бæрæг æгъдауимæ æмбæрстой, мæрдтыбæсты хæрæнтæ æмæ дарæнтæ, цæуæнтæ æмæ кусæнтæ кæй нæй, уый.

Цыдæриддæр æмбисæндтæ, зонды цыбыр ныхæстæ баззад махæн нæ куырыхон фыдæлтæй, уыдон дзурæг уыдысты царды рæстаг хъæрыл, Хуыцауы рæстаг днны кæнонтыл фидар хæцгæйæ. Адæймаджы цард сын уыди æгæрон дунейы тыгъдады хæрз цыбыр — дыууæ боны, æмæ адæймаг æмгъуыдæй цы хæрзты бацыдаид æхсæнадон бинонты, сыхы, хъæуы минæвæрттæн, уыдон уыдысты йæ уæлон цæсгомæн æвдисæнтæ, йæ мæрдтæмвæндагæн — хæрдзтæ цæстысыгæй рухсаггагмæ.

Нæ хæрзудыбæстæ фыдæлтæ мæрдты фыдгой-æмæ æфхæрын кæд тæригъæдыл, æгадыл нымадтой удыгæстæн, уæддæр хæрзгæнæг æмæ фыдгæнæджы мардæн иу аргъ нæ уыди. Фыдгæнæг цыфæнды уæлбар куы уыдаид бонджынæй, уæддæр ыл йæ кусæг адæмæй хъарм цæстысыг ничи æрæппæрстаид, сабæттаг ничи раттаид йæ фæстаджы бон. Фыдгæнæджы мæлæт æцæгæлон бæсты æрæййæфта, уæд йæ мард райгуырæн сыджытмæ нæ хæццæ кодта, Цæразонты Сосланы мард куыд нал æрхæццæ Нузалмæ, афтæ. Арæх уыди фехъусæн ахæм ныхæстæ хистæртæй, уæлдайдæр — мадæлтæй: «Мæрдты мæ ма схъæрзæд нæ мыггаджы хистæр, фæлæ сæ рæстæгтæй нæ уыди!», «Дзæнæты фæбадæд не Стыр фыд æмæ йæ дæндæгтæй сæкæр фæхæрæд, адæмы астæу æдзух рæстаудæн кодта!»

Мæлæтæн алы заманты дæр уыди алы æфсæнттæ, фæлæ чи кæд æмæ кæм амардаид, уый ничи зыдта. Уыйадыл мардысты адæм алы карты æмæ алы афæтты, бынæтты. Уыди уатон-бынæттон, хæсгæ æмæ ласгæ мæрдтæ. Фæрнджын ирон лæгæн йæ мард искæй зæххыл ныгæнын нымадтой Хуыцауы раз тæригъæдыл, адæмы раз худинагыл. Цыфыддæр æлгъыстæн баззадысты сылгоймæгты ныхæстæ ахæм хуызты: «Хæсгæмард, ласгæмард фæу!», «Дæ мард йæ сыджыты хайыл ма сæмбæлæд!»

Йæ зæронды кары бацыд адæймаг æмæ æнæ уæлдай хъизæмæрттæй фæрынчын, стæй амард, уæд æй нымадтой амондджыныл, фæлæ цас амонд уыди?! Судзагдæртыл нымадтой æрыгæтты, цардхъуæгты, ласгæмæрдты æмæ, искæй къухæй чи сæфти, уыдон...

Дæргъвæтин рынчынмæ хиуæттæ, зонгæтæ цыдысты рынчынфæрсæг, бадтысты йæ фарсмæ æмæ дзырдтой алыхуызы ирхæфсæн, ныфсдæттæн цаутæ. Хастой йын рынчыны хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ.

Марды бонты куыстæгтæ. Хæдзары, сыхбæсты, хъæубæсты цы æрæййæфтаид, уыцы бынæттон æфтиæгтæй рæвдзгонд цыдысты иумæйагæй марды хæрдзтæ æнæ уæлдай æлхæнæггæгтæй. Сылгоймаджы мард æхсадтой сылгоймæгтæ, нæлгоймаджы мард — нæлгоймæгтæ хæдзары-бынаты, æмæ йыл кодтой йæхи дарæсæй сыгъдæгдæрты. Ног æлхæнгæ дарæсы мард ныгæнын нымадтой фыдæлтæ тæригъæдыл. Нæлгоймаг йæ бинойнагæн бафæдзæхста, дæхæдæг-иу мæ цæхс, бабæстон кæн, уæд æххæст кодта æгъдауджын сылгоймаг уыцы фæдзæхст æнæ уæлдай ныхæстæй, дам-думтæй. Рауадаид афтæ дæр, æмæ адæймаг мæлæты размæ йæхи ныссыгъдæг кодтаид, скодтаид йæ дарæс, афтæмæй æнцад хуысгæйæ ахицæн уыдаид уæлон дунейæ, æмæ йæ æгъдауджын бинонтæ æнæ уæлдай митæй йæ къубойы — чырыны æвæрдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, мардæн йæхи дарæс скæнынмæ нал бæззы, уæд ын кæнæ ног хъуымацæй хуыдтой, науæд та йыл скодтаиккой бинонтæй кæнæ хæстæджытæй искæй фæлыст дæр...

Марды табæт-чырын. Алы дугты-заманты мард ныгæдтой фæйнæ хуызты, уæлзæхх æмæ дæлзæхх ингæнты, зæппæдзты кæм иугæйттæй, кæм та — къордтæй иумæты. Уыцы уагыл уыди Ирыстоны кæмтты иумæйаг æмæ хицæн ингæнтæ, зæппæдзтæ, уæлмæрдтæ бинонты, мыггæгты, хъæуты æмæ кæмтты номыл. Дæлзæххон æмæ уæлзæххон зæппæдзты мæрдты ныгæнгæ нæ кодтой (сыджыт сыл нæ калдтой), æвæрдтой сæ табæтты, кæнæ уæлæндыг æмæ дæлæндыг хъæдын тæрхæджытыл. Дæлзæххон зæппæдзтæн амадтой къæйдуртæй къуырф цартæ-тыгуыртæ чъырызмæстимæ. Чъырызмæстимæ амадтой сæ къулты дæр. Уæлзæххон зæппæдзты æнцондæр бавæрæн уыдысты мæрдтæ. Дæлзæххон зæппæдз ты арæзт баззад Уæлладжыры Уыналы хъæуы сæрмæ уæлвæзы Царциаты номыл, уæлзæххон зæппæдзтæ та сæ хуыз равдыстой Дæргъæвсы æмæ Цымытийы.

Дыууæ хуызы чъырамад зæппæдзты нæ фыдæлтæ мæрдты ныгæдтой рагзаманты, астæуккаг æнусты кæронмæ, стæй рахызтысты мæрдты ингæнты иугæйттæй ныгæныны уагмæ, æмæ уæд фæзындысты æхгæдсæр хъæдын чырынтæ. Табæттæн къахтой тадзинтæй иугуыр хъæдын тæгæлтæ, чырынтæ та арæзтой хырхæйфаст тæнæг фæйнæджытæй. Алы хæдзар дæр бахъуыды бонмæ хусæй дардта марды чырынæн тæнæг фæйнæджытæ, гемæ мард ныгæнæн бонты тыхстаг нæ уыдысты. Марды чырын арæзтой сыхбæсты лæгтæ мæрдджыны хæдзары, ныры хуызæн ын стыр аргъ нæ фыстой куыдфæндыйы арæзтытæй...

Ингæн къахтой дæргъмæ марды æмбæрц, уæрхмæ — дыууæ адлийы, бынмæ — лæгбæрц цыфæнды хъæбæр зæххы дæр. Марды ингæн скъахынмæ æххуырсгæ ничи кодта уæды заманты, æппæт куыстæгтæ дæр код той сæхæдæг хъæубæстæ. Ингæнæн хохбæсты йæ бинаг фæрстæ чырыны æмвæз амадтой цыппæрдигъон лæгъз къæйтæй æмæ чырыны сæр дæр æвæрдтой айнæгдурæй къæйтæ. Уыйадыл мард йæ чырыны лæууыд байбыны дзæвгар рæстæг зæппадзы æвæрдау. Марды æргом здæхтой скæсæнырдæм æмæ йын цырт сагътой дæлфæдтæй.

Дзуарывæрд цыртытæ арæзтой цына æмæ сыгъд дуртæй, стæй сырх зазы хъæдырмæгæй лæууæндæрæн, фидардæрæн. Цырты дзуарывæрды арæзт дæр дзурæг уыди ирон адæмæн сæ дунейы сконды барæн-нысаныл æмдымбылæй, Хуры æмæ Зæххы хуызæн...

Мæрдæрцыды æгъдау. Мæрдæрцыды хабар бинонтæ хъусын кодтой фыццаг сыхæн, тугæй хæстæгдæртæн бынаты, стæй æрвыстой уыдоны бардзырдæй хъæргæнæг-хонæг хъæубæстæм, комбæстæм. Рæстæг куы амыдтаид, уæд хъæргæнджытæ æрвыстой комæй-коммæ дæр æфцгуытыл хизгæйæ... Хъæргæнæг фæткыл, уагыл цыди кæнæ фистæгæй, кæнæ бæхыл, æмæ дыууæ хуызæн дæр æгъдауыл хъусын кодта фыдохы уац: чи амарди, кæм æмæ кæд у йæ ныгæнæн бон. Бæхыл куы цыдаид, уæд хызти саргъæй галиу фарсмæ хъæумæ хæстæг æмæ ныхасы лæгтæн дзырдта тæфæрфæсы уагыл марды хабар.

Хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ, сыхæй-сыхмæ мæрддзыгой адæм цыдысты бæрæг уагыл фадæттæ хынцгæйæ, бынат æмæ рæстæг хатгæйæ. Бынтон хæстæгдæртæ дæр мардмæ æмхуызонæй, цъалхæй-малхæй нæ цыдысты. Хæдзары бинонтæй хистæртæ сæ лæггадхъом кæстæртимæ, æддаг хъæутæй æмæ кæмттæй дæр — афтæ. Уыдон къордгай куыд цыдысты, афтæ сын мæрдæрцыды уагыл арфæ кодтой мæрдджыны лæггадгæнджытæ раздæр, стæй та тæфæрфæс кодтой мæрддзыгой адæмы хистæртæ. Тæфæрфæсы бæрæг фæткыл марды размæ хызтысты тугæй хæстæгдæртæ иронвæндаг кæнгæйæ. Иронвæндаджы æгъдауы сылгоймæгтæ марой кæнгæйæ сæ уæрджытæ армытъæпæнтæй цавтой, нæлгоймæгтæ та ехсыты хъæдтæй — сæ тæрныхтæ... Гъемæ, цыфæнды кадджын лæджы марды раз дæр бынтон аив нæ уыди уæрджытæ нæмын, тæрныхтæ цæвын æмæ рустæ тонын...

Марды рухсаггæгтæ æмæ хæрдзтæ. Йæ мардæн фæрнджын ирон хæдзарвæндаг æнæхъуаджы стыр хæрдзтæ нæ кодта, æппæт дæр — бæрцыл, уагыл. Алы хъæубæстæн дæр уыди уынаффæйы хистæртæ æмæ лæггадхъом кæстæртæ. Уыдоны æргом хъусдардæй хардзгонд цыдысты æппæт рухсаггæгтæ дæр. Хæдзары цы æрæййæфтаид кусæрттагæй, хойраджы æмæ нозты онг, уыдон бæстон хынцыдтой, цы дзы нæ фаг кодтаид, уый та сабæттаджы номыл лæвæрдтой мыггаджы æмæ хæстæджыты минæвæрттæ. Уæды ирон адæммæ марды лæварæн æхцайы кой нæ уыди. Лæвæрдтой сабæттæгты номыл фосы ног цотæй род, уæрыкк, сæныкк, хойрагæй — æссад, урсагæй — цыхт, нозтæй — арахъ. Уавæртæ куыд амыдтой, уымæй уæлдай хæрдзтæ домæн нæ уыди. Мæгуыр заманты иу æмæ дыууæ кадджын лæджы нæ баныгæдтой æнæ хæрнæгæй, æмæ дзы мæрдтæй фæстæмæ ничи раздæхти стыр рухсаггæгтæ домыны аххосæй...

Мардæн йæ баныгæныны размæ изæр кодтой мæрдæхсæвæры номыл æдзæххæй дыууæ кæрдзыны (луасийы). Уыдонимæ ныххæлары уагыл æвæрдтой сыгъдæг дон æмæ цæхх, æмæ сæ бæрæг уагыл сылгоймæгты хистæртæ дыууæйæ, кæнæ цыппарæй ахуыстой хæдзары æфсинимæ. Мæрдæхсæвæры номыл ирон дингæнæг адæм кусарт нæ кодтой...

Мардæн йæ ныгæнæн боны æргæвстой кæнæ стур, кæнæ фыс æмæ сæгъ иугай сæртæй, фылдæрæй та дыгæйттæ мæрдджын бинонты царды фадæттæ хынцгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ нымадæй, æнæ бæрæг уагæй хæрын æмæ нуазын чи уарзта, ахæмтæ Ирыстоны хъæуты алы заманты дæр уыди, æмæ уыдоны фыдгæнды архайдæй сидзæргæс мадæн йæ иунæг дуцгæ хъуджы дæр аргæвдын кодтаиккой дыккаг мæрдæрцыды гаккæн, фæлæ уыцы иугай цаутæ Ирыстоны фарны боныгъæд нæ ивтой...

Фыдохы уагыл марды номыл цыдæриддæр цæттæ кодтой ирон бинонтæ, уыдон хæларгонд цыдысты мардæн сыгъдæг донæй дыууæ хистæры хъусдардæй, фæлæ рухсаггæгтæй фынгæвæрды уагыл ахуыстой мæрддзыгой адæм зианджыны хистæртимæ марды фæсныгæд. Уæдмæ рухсаггæгтæй уынæггаджы номыл саходын дæр нымадтой Хуыцауы раз стыр тæригъæдыл, адæмы раз — стыр худинагыл...

Марды боны хæрнæджы фынгæвæрд. Ирон адæмы цардыуаджы фынгæвæрды æгъдау ахста æмæ ныр дæр ахсы сæйрагдæр бынат, уымæн æмæ бакусынæй бадарынмæ æппæт хæрдзтæ айдæнау зынынц фынгæвæрды бæркæдтыл. Æппæт хæрдзтæ — куыд райгонд куыстæгты равгæй, афтæ удты сыгъдæг бæркæдтæй дæр уырнынады бындуртыл æнцайгæйæ, алыварсы дунейы рæстаг хъæр æмбаргæйæ...

Цины æмæ зианы (марды) бæрæгбæтты фынгæвæрды хæрдзтæ куыд кондæй-хуызæй, афтæ мидисæй дæр уыдысты хицæнтæ, — дардæй бакæсгæйæ дæр бæрæгæй зынди сæ сæйрагдæр нысан. Цины хæрзтæн ирон дингæнæг адæм арæзтой æртыкъахыг тымбыл фынгтæ, зианы хæрдзтæн — цыппæркъахыг фæлахс фынгтæ æмæ бандæттæ. Цины фынгты алыварс бадтысты бæрзонддæр бандæттыл, зианы хæрдзты алыварс — ныллæгдæртыл. Цины фынгтыл æвæрдтой кувинаджы бæркæдтæ, марды фынгтыл — рухсаггаджы. Цины фынгыл фидыдта кусарты физонæг уæливыхтимæ-дзаджджынтимæ, зианы фынгыл æвæрдтой кæрдзынтæ, луаситæ æмæ дзултæ къуыдырфых дзидзаимæ. Цины фынгты сидтытæ уыдысты дзæвгар, зианы рæгъытæн цыппарæй кæнæ æхсæзæй фылдæр уæвæн нæ уыди. Цины фынгæвæрды кады нуазæнтæ лæвæрдтой, зианы фыдохы нуазæнтæ нымадæй дыууæ хуызæн: иуæн — мады номыл, иннæмæн — мæрддзыгой адæмы хистæрты номыл... Гъемæ дардыл уымæн дзурын, æмæ æнæ рæдигæйæ цæрæнтæ нæй. Рæдыдтæ уагътой фыдæлтæ дæр кæм æнæбары, æнæ зонгæйæ, кæм та барæй æмæ зонгæ-зонын. Фæлæ сын растæй, зылынæй ныры диссæгтимæ абарæн ничердыгæй ис, уыйбæрц арвистои систы ныры ног ирæтты архайдæй, амындæй. Марды уæлхъус фыдæлтæ фыдохы уагыл дзырдтой хæрз цыбырæй йæ уæлон æмæ мæрдтæмвæндаджы тыххæй. Амыдтой фæзминаг миниуджытæм фылдæр. Арфæ кодтой, мæрдджын бинонтæн æххуысты чи бацыди, уыдонæн, амæлæгмæ рынчынæй-уатонæй хуыздæр чи касти, уыцы кæстæртæн æмæ хистæртæн, ныфсытæ æвæрдтой мæрдджын бинонтæн. Фæлæ мардæн йæхи азымтæ дæр аууоны нæ задысты. Фыдгæнæджы фæрн джын хъæубæстæ хæрзгæнæджы бынаты не ’вæрдтой, кады зарджытæ йыл нæ кодтой, ныры ног ирæттæ куыд сисынц давæджы кад бæрзонд, афтæ...

Наши рекомендации