ИРОН ФЫНГÆВÆРД 1 страница

Фынг æртæкъахыг

Уазæгæн йæ фæллад сафы,

Зианджынæн — йæ хъыг.

Къоста

Ирон фынгæвæрд уазæгæн йæ фæллад сæфта, зианджынæн — йæ хъыг, фæлæ уæрæхдæр уыди йæ нысан куыд мидисæй, афтæ хуызæйкондæй дæр.

Тымбыл æртæкъахыг фынг ирон фарныл хæцæг адæмæн хуызæй уыди Зæхх æмæ Хурау æмдымбыл, алыварсы дунейау æгæрон, мидисæй та хаста дзыллæйы удхъомысы æмæ хидвæллæйтты уаз-бæркад. Цины райгонды бæркæдтæ æвæрынæн арæзтой нæ фæрнджын фыдæлтæ тымбыл æртæкъахыг фынгтæ иугуыр хъæдæрмæгæй, зианы-хъыджы хæлайраг-рухсаггаг хæрдзтæн та — цыппæркъахыг фæлахс фынгтæ. Æртæкъахыг фынг амыдта адæймаджы царды æртæ сæйрагдæр хорзæхмæ-тыхмæ. Уыдонæй иу уыди Хурты Хурзæрин, иннæ — Хуыцау, æртыккаг — Зæхх. Дунейы сконды æртæ сæйрагдæр хорзæхы номыл конд цыдысты ирон фынджы бæркæдтæ æртыгæйттæй: æртæ кæрдзыны, æртæ уæливыхы, æртæ нуазæны, æртæ æртæдзыхоны, æртæ хайы, æртæ физонæджы. Уыцы уагыл тымбыл фынгтыл кувинæгтæ æвæрд цыдысты æртыгæйттæй, æмæ цины фынгæвæрдæн хистæриуæг кодтой æртæ хистæры, кæстæриуæг — æртæ кæстæры. Уыйадыл цины фынджы ныхмæ сæрырдыгæй бадти æппæты хистæр, кæронæй та — æппæты кæстæр.

Адæймаг куы амæлы, уæд йæ хуры хай дæр аныгуылы, йæ арты хай дæр ахуыссы, æмæ йын хæлары-рухсаджы хæрдзтæ æрæвæрынц цыппæрдигъон цыппæркъахыг фæлахс фынгтыл. Уыцы хуызы рухсаджы хæрдзтæ вæййынц дыгæйттæй-къæйттæй æвæрд Хуыцауы æмæ Зæххы хайы номыл хæрнæджы фынгыл. Уыйадыл хæрнæджы-зианы фынгæн вæййы дыууæ хистæры сæрæй бадынæн, дыууæ кæстæры — кæронæй бадынæн, æмæ æппæты хистæр дæр фынгæн бады галиуварсæй, кæстæр дæр.

Æппæт куыстæгты æмæ фæллæйтты фарнамонд цыди бæркады хъомысæй ирон фынгтæм. Фынгæвæрды кад æмæ рады фисынтыл амад цыдысты ирон дзыллæйы фæзминаг миниуджытæ сылгоймагæй нæлгоймагмæ, стырæй чысылмæ. Кары монц, хистæрæггаг æмæ кæстæрæггаджы уаг, фæлтæрты бастдзинад, сылгоймагæй нæлгоймаджы астæу æфсармы арæнтæ æнгом лæууыдысты æнусты дæргъы ирон фынгæвæрды æгъдауы алыварс. Фынгæй куыстмæ, куыстæй фынгмæ нывæзтысты ирон фарны хæрзтæ-бæркæдтæ иугæндзоны райгондæй. Ирон фæрныг æхсæнады иумæйаг хъæлæсæй зарыди нæрæмон Къоста дæр цины æмæ масты зарджытæ. Æртæкъахыг фынджы бæркадæн цас аргъ кодта, уый хæрз цыбырæй загъта, æмæ бæркæдтæ та хъомысджын уыдысты хорз æфсинты æрмтты, зæрдæты хъармæй:

Хорз æфсин цынæ хæринаг

Авæрдзæн лæгæн йæ разы! —

Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй

Бирæ кад дæтгпын фæразы.

Хорз æфсиныл нымадтой нæ фыдæлтæ хæрзæгъдау, хæрзæфсарм сылгоймаджы, йæ кадавар хойрагæй уазæгæн стыр лæггад кæнын чи фæрæзта, ахæмы. Фæрнджын хæдзары æфсин цæхх æмæ кæрдзын лæвæрдта зæрдиагæй, удхъомысы хæрзтæй узæлыд бинонтыл, хъæубæстыл, уазæгыл...

Куыстæгтæ æмæ кусæнгæрзтæ, фæллæйттæ æмæ бæркæдтæ зæрдыл даргæйæ ирон фынгæвæрд, иуæй, хуымæтæг уыди, иннæмæй — вазыгджын. Хуымæтæг хаста ирон фынгæвæрд хæринæгты æмæ нуазинæгты бæрцæй, хуызæй, царды уавæртæ æмæ фадæттæ бæстон хынцгæйæ, бынат æмæ афон нымайгæйæ. Вазыгджын æмæ хъомысджын та уыди æгъдауæй æмæ нымдæй фарны сæйрагдæр домæнтæ æрвылбонæн æххæст кæнгæйæ. Цыфæнды уавæрты æвæрд куы цыдаиккой тымбыл фынгыл ирон кадавар хæринæгтæ, уæддæр æфсисы-хъомысы равгимæ семæ хастой хæдзарвæндаджы фæтк æмæ уаг, нымд æмæ æфсарм, æмæ сын уыдоны аккаг кад кæнын хъуыди фынгисæггаг къæбæры онг. Иугъæдоны хъусдардæй хуымæтæджы фынгæвæрды дæр бæстон нымад цыдысты рог æмæ уæззау хæринæгтæ аходæныл, сихорыл, æхсæвæрыл. Алы хуызты хæринæгтæ алкæд фынгыл иумæты не ’вæрдтой куыдфæндыйæ. Æмткæй хæринæгтæй иуы дæр æвзæрыл нæ нымадтой фыдæлтæ, фæлæ æппæт хуызты æмтъерыйæ хæрын хаста æгады гакк. Фыдæлтæ хæрд æмæ нозты хуызтæн зыдтой бæрц, афон æмæ бынат, стæй иумæты хæргæйæ æмæ нуазгæйæ кæцытæ хуыздæр фидыдтой æмæ тадысты буарæн, уый дæр æмбæрстой. Уыйадыл дихгонд цыдысты бæрæг фæткыл цины æмæ зианы фынгæвæрды хæрдзтæ, бæркæдтæ куыд хойрагæй, афтæ нозтæй дæр. Зæгъæм, æппæт урсаджы хæринæгтæ (æхсыр, мисын, сылы, хуырх, царв, нæлхæ, дзыкка, уæлкъæйдзыкка, уæливых) нæ тадысты иумæ хæргæйæ фыдызгъæлы фыхтимæ. Уæдæ нæдæр цины, нæдæр зианы фынгтыл æвæрдтой æмхæццæйæ судзагхæлттæ, басгæрдджытæ æмæ дыргътæ.

Нозты хуызтæй цины фынгтыл æвæрдтой бæгæны, арахъ, дон, фæлæ дон бæгæныимæ нæ фидыдта, бæгæны — арахъимæ. Бæгæны æмæ арахъ иумæ нуазгæйæ арахъы тых сæфти. Арахъы тых сæфта суар дæр, æмæ чындзæхсæвы, куывды заман бадты хистæр уырдыглæуджытæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бадзырдта, бæгæны æмæ суар мауал дæттут чындзхонтæн, куывддонтæн, карз нозты тых сæттынц, æмæ нæм уыйбæрц арахъ нæй, зæгъгæ.

Ныры ирон фынгæвæрды фæтк æмæ æгъдау сты бынтон æндæргъуызон. Налдæр аходæнæн ис бæрæг афон, налдæр сихорæн æмæ æхсæвæрæн куыд бинонты, афтæ хъæубæсты æмæ комбæсты æхсæн дæр. Бинонтæ куыдкуыстхъомдæрæй алы бынæтты æмæ алы афæтты куыд кусынц, сæ фынгæвæрд дæр баст у уыцы уавæртимæ. Уыйадыл налдæр нозты хуызтæ цæуынц æвзæрст фынгæвæрды, налдæр — хæринæгты. Æдде бакæсгæйæ цины æмæ зианы фынгæвæрдтæ кæрæдзийæ ницæмæй хицæн кæнынц, уыйбæрц хæринаг æмæ нуазинаг æрæвæрынц арвистонæй.

Фыдæлтæ ирон фæтк æмæ уагыл зианы фынгтыл æвæрдтой сыгъдæгæй цæхх æмæ дон, кусарты сæр æмæ бæрзæй, фыдызгъæл къуыдырфыхæй, хойрагæн — донгонд кæрдзынтæ луаситæ, хæлары нозтæн — къуымæл гæзæмæ фылдæрæй, арахъ та — къаддæрæй. Уыцы уагыл марды-зианы фынгыл кодтой цыппар, æхсæз рæгъы кæнæ бæгæныйæ æмæ къуымæлæй, кæнæ — арахъæй. Æртæ хуызы нозтæн иумæты баназын уыди дыккаг мардырцыд фыдохы фынгыл.

Цины бонты фынгæвæрдтæ уыдысты алыхуызты: чындзхаст æмæ чызгæрвыстæн — иу хуызы, лæппуйы куывдæн — иннæ хуызы, бæрæгбæттæ цал уыдысты, уал хуызы — фынгæвæрдтæ дæр, стæй афæдзы афонтæм кæсгæйæ кодтой дзаджджинаджы хуызтæ æмæ кусарты кæндтæ дæр. Зæгъæм, Уастырджийы бонты æргæвстой нæлсæгътæ, нæлфыстæ, Фосы Фæлвæрайы бон та — уæрыччытæ. Афæдзы цыппар афоны цы хицæн бæрæгбæттæ уыди, уыдоны номыл — кусæртытæ, кувинæгтæ æмæ кувыны хуызтæ. Зымæджы карзы фæлмæн цыхтæй уæливыхтæ ничи бацагуырдтаид бадты адæмæй, нæдæр дзæхæраджынты кой уыди. Уæдæ уалдзæгæй фæззæгмæ судзагхæлттæ, басгæрдджытæ, алыхуызы халсартæ æмæ гагадыргътæ — бирæ, фæлæ сæ кувинаджы номыл фынгмæ ничи хаста. Къахæджы æмæ маргъы фыдызгъæлтæ хæрзад куыннæ сты, фæлæ сæ кувинаджы хæрзтимæ фынгыл не ’вæрдтой.

Ныры цины фынгæвæрдтæ вæййынц фаззæттау æмхуызæттæ куыд кондæй, афтæ мидисæй дæр. Цыдæриддæр ис урсаджы, сойаджы, халсары, дыргъы, судзагхалы, басгæрдæджы æмæ адджинæгты хуызтæй, уыдон баиу вæййынц дæсгай ахуырст æлхæнгæ дæттимæ, карз нозты хуызтимæ, æмæ — «цæл æрцыди, цин æрцыди!..». Хæр æмæ нуаз, куыд дæ зæрдæ зæгъы, афтæ. Ныры фынгæвæрды «æгъдауыл» чи нæ разы кæны, уыдонæн хорзæй ницы вæййы ахæм арвистон батты, фæлæ æнæнымадæй хæрын æмæ нуазыныл чи фæцалх, уыдонæн — уæлон дзæнæт...

Фыдæлтæн æппæт сойаджы æмæ урсаджы хæринæгтæ карз нозты хуызтимæ нæ тадысты. Дыууæ фых хæринагæн иу хом хæринаджы хуыдтой изгарды хос, æмæ сæ æмхуызонæй иумæты нæ хордтой, уæд ныры дæсгай фых æмæ хом хæринæгтæ, нуазинæгтæ куыд тайынц адæмæн бæрц нæ зонгæйæ, бынат æмæ афон нæ хатгæйæ?! «Тайынц» зæгъын тæригъæд ныхас у. Фырхæрд æмæ фырнозты фæстиуджытæн банымайæн дæр нæй, ныры царды уагмæ рæстаудынæй куы æркæсæм, уæд. Нæ фæрнджын фыдæлтæн нымадæй бæрцыл хæрын æмæ нуазын уыди иумæйагæй кадыл дзурæг. Фырхæрд — фыдниз, фырнозт — æгадгæнæн, зæгъгæ, амыдтой, æмæ дыууæ хуызы низæй дæр сæхи хызтой. Ныры ирæтты фынгæвæрды цы хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ вæййы, уыдоны уæлдæйттæ æфсæйнаг мигæнæны ныккал, уæд æнгом сæрæхгæдæй атонид, уыйас хæлæн тых сæ равзæры сонт æнхъызтæй. Гъемæ, арвистонæй хæргæйæ, нуазгæйæ ныры бæркæдтæ адæймаджы буарæн цас зианхæссæг сты, уый зын бамбарæн нæу, уымæн æмæ дзæвгар низтæ расайынц куыдфæстагмæ. Уыдоны астæу иу низ у бæрæг арæхдæрæй дзыллон ног миниуæгыл дзурæг: «Никуы ницæмæй хъæрзыдта, афтæмæй бафынæй æмæ нал райхъал!» Æмæ уыцы уавæрæн дæр æфсæнттæ æмæ аххосæгтæ ссарынц мæнг дингæнджытæ, гуыбындзæлæй æгъдауæвæрджытæ: «Хуыцау цы стæрхон кæна, уый», «Æндæр фылдæр цæрæнбонтæ йын не саккаг кодта Сфæлдисæг», «Амондджын мардæй амарди, рыст цы у, уый нæ базыдта», «Иугæр лæгæн йæ царды бонтæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, уæд — æваст мæлæт!», «Æнæнизæй, æнæ уæлдай хъизæмæрттæй сыджыты хайыл бафтынæй хуыздæр ма цы уа!» Æмæ цынæ хуызы райгонды ныхас фехъусæн вæййы судзаг марды хисты дæр адджынæн хæргæйæ, нуазгæйæ...

Ныры «ног ирæттæн» сæ фынгæвæрды уæлдай хæрдзтæ вæййынц фыдæлты арæзт æгъдæуттыл баст, уыдон дæр афтæ кодтой æмæ амыдтой, зæгъгæ. Уыйадыл мысæггаг цаутæй фехæлдтой фыдæлты фæрнджын æгъдæутты, æмæ ирон фынгæвæрды рæсугъд цыбыр æгъдæуттæ фесты бирæ хæрд æмæ нозты аууон.

Бинонты фынгæвæрд. Æрвылбоны куыстæгтæм цас зæрдиагæй æвнæлдтой хæдзары бинонтæ, уыйбæрц хæрзадæн хордтой иумæ аходæны, сихоры æмæ æхсæвæры хардз дæр. Хуымæтæджы фынгæвæрдæн дзæвгар уыдысты йæ хойраджы æмæ нозты хуызтæ кæм уазалæй, кæм та хъармæй. Хæринæгтæ цæмæйты æмæ куыд кодтой, ууыл ныхас цыди раздæры сæргæндты. Чысылæй стырмæ, кæстæрæй хистæрмæ бинонтæ иу цары бын цардысты. Уыди сын иу нæлгоймаг хистæр, иу сылгоймаг æфсин уынаффæгæнджытæ. Уыдонæй алчидæр хаста адæймаджы ном сæрмагонд бæллицтæ æмæ æхсызгæттимæ. Чи дзы цы фылдæр хæринаг уарзта, чи — цы. Уыцы уавæр хæдзары хистæртæ зыдтой æмæ хынцыдтой æмткæй бинонты цардæн уынаффæ кæнгæйæ хицæн фæндæтты, бæллицты, фæлæ иумæйаг фарны домæнтæ хæлд нæ цыдысты. Хæдзары æфсин аходæнæн, сихорæн, æхсæвæрæн цы иумæйаг хæринаг скодтаид, уымæй уæлдай æндæр хæринæгтæ нæ агуырдтой бинонтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæдæндаг сывæллон æмæ зæронд адæймагæн æнцондæр хæрæн уыдысты сæндæгтæ, цымгæтæ, дæндагæй рæвдз бинонтæ та хæрзадæн хордтой хъæбæрфых кæрдзынтæ хъæбар цыхтимæ, хуыппаджы æмæ хъæрмхуыппы хуызтимæ. Сылгоймагæй нæлгоймагмæ æгъдауыл нымад уыди афоныл кæнын аходæны, сихоры, æхсæвæры хардз, æмæ нæлгоймæгтæ бадтысты хибарæй рахизварсырдыгæй, сылгоймæгтæ — галиуварс. Хуымæтæджы фынгæвæрды хардзæй хайджын уыди уазæг дæр æваст сæмбæлгæйæ. Хуымæтæджы фынгæвæрдæн дæр уыди лæггадгæнджытæ куыд лæгты, афтæ сылгоймæгты фарсæй дæр кæм дон авæрыны уагыл, кæм та карз нозтæй хистæр лæгтæн фæйнæ нуазæны баназыны уагыл. Ахæм заман хистæр акуывтаид бадгæйæ, æмæ кувæггагæй кæстæр ацахуыстаид, стæй уазæгимæ фæйнæ банызтаиккой æхсæвæрыл. Карз нозтæй нæдæр аходæныл, нæдæр сихорыл уыди æгъдауыл нымад фæйнæ баназынæн дæр.

Хордтой сабырæй, æнæ уæлдай ныхасæй, раст-бастæй. Хæринагæй, бæрцæн нымд кæнгæйæ, уæлдæйттæ куыдфæндыйы къæбæртæй, муртæй уадзын нымадтой æнæуагыл, фæлæ фынгисæггаг фæуадзын хаста бæркады иумæйаг фарн.

Æппæт хæринæгты æвæрдæн дæр сæ хъомыс баст уыди афæдзы куыстæгты æмæ фæллæйтты хуызтыл, стæй дины кæнонтыл æргом цины æмæ зианы бæрæгбæттæн дзуапп дæтгæйæ.

Уазæджы фынгæвæрд. Ирон адæм уазæгуаты кæрæдзимæ æфтыдысты алы уавæрты хæдзарæй хæдзармæ, сыхæй сыхмæ, хъæуæй-хъæумæ, комæй коммæ. Уыйадыл уыди зонгæ æмæ æнæзонгæ, хицон æмæ æцæгæ лон, бынæттон æмæ æддагон, хуынд æмæ æнæхуынд уазджытæ. Иумæйагæй фæрнджын ирон бинонтæн уазæг уыд — Хуыцауы уазæг, æмæ сын хаста хæдзармæ куыдæхсызгондæрæй бæркæдтæ, амæндтæ. Алы уазæгæн дæр кастысты бинонтæ йе ’рбацыды уагмæ, фæткмæ кар хынцгæйæ æмæ йын уыцы хуызы цыдысты лæггæдты. Ныхасæн баззад фыдæлтæй: «Ис хæлтъамæйы аккаг уазæг дæр æмæ кусарты аккаг уазæг дæр». Хуымæтæджы бафтæг уазæг хæдзары цæттæйæ цы баййæфтаид, уый уыди йæ аходæны, сихоры æмæ æхсæвæры хардз бинонты æмвынг бадгæйæ æвдæлон бонты. Улæфты бонты уазæджы номыл сæрмагонд хардз цæттæ кодтой урсаджы æмæ сойаджы хуызтæй. Нуазинагæн дæр бæрцыл, фæткыл сыгъдæг дон, суар, къуымæл, стæй карз нозтæй — фæйнæ æртæ гаджидауы бæрæг кувинаджы уагыл. Карз нозтæн дардтой сæрмагонд гыццыл нарæгхъуыр дурынтæ-гоцъобитæ. Уыдоны барстæй цыди нымад нозт лæгæн иу кæнæ æртæ нуазæны хыгъдæй, æмæ хæдзары æфсин фынгыл цы æрæвæрдтаид, уымæй фылдæр хæдзары хицау дæр нал домдта. Уыцы фæтчы бындурыл æнцадысты уырдыглæууæг æмæ хистæры бартæ карз нозтæй сидгæйæ.

Æддæйы куыстæгты заман æгъдауджын ирон бинонтæй рох нæ кодта уазæджы хай дæр, æмæ йæ хардз æвæрдтой цæрæнхæдзары гайлайы — æхгæд къусчы райсынæввонгæй. Уæды заманты ирон хъæуты хæдзæртты дуæрттыл æфсæйнаг æхгæд гуыдыртæ не ’вæрдтой, æмæ уазæг зонгæ фысымы хойрагæй хордта æгъдауыл, стæй райгондæй цыди йæ фæндагыл.

Нæлгоймæгтæ бынаты не сты, уæддæр хæдзармæ хистæры номæй чи бадзырдтаид æнæзонгæ уазджытæй, уымæн сылгоймæгтæ æгъдауыл цæхх æмæ кæрдзын лæвæрдтой. Иугай хæдзæрттæ æмæ хъæутæ уыди Ирыстоны кæмтты фыдæлты заманты дæр, уазæгæн къæбæр зивæгæй чи лæвæрдта, ахæмтæ, æмæ хастой æгады, æнæрады нæмттæ...

Бæрæгбæтты фынгæвæрдтæ. Хуызæй æмæ мидисæй куыд хицæнтæ кодтой ирон бæрæгбæттæ, афтæ кувинаджы бæркæдтæй дæр æмхуызон нæ уыдысты. Цины бæрæгбæттæн уыди кувинæгтæ райгонды иугæндзон бæркæдтæй, зианы (марды) бæрæгбонæн та — ныххæлары хæрдзтæ фыдохы уагыл. Алы бæрæгбонæн дæр уыди йæхи сæрмагонд ном: Уастырджийы кувæн бонтæ (Гуырдзыстондзаутæн у Дзиуæргуыба), Цыппурс («ног ирæттæ» йын налдæр йæ хуыз зонынц, налдæр йæ мидис), Ногбон, Комахсæн, Куадзæн (Комуадзæн), Бæлдæрæн, Кæрдæгхæссæн, Фосы Фæлвæра, Хоры Уацилла, Атынæг, Мыкалгабыртæ...

Къуырийы авд бонæн куыд нымадтой фыдæлтæ авд изæры æмæ æхсæвы, афтæ бæрæгбæттæн дæр уыди бæрæг æхсæвтæ æмæ изæртæ: Уастырджийы бæрæг изæр уыди къуырисæры хурныгуылдыл, бæрæгбон та — дыццæджы хурыскастыл. Ахæм фæткыл хицæнтæ кодтой фынгæвæрды хæрдзтæ бæрæгæхсæвтæ æмæ бæрæгбæтты номыл. Иу хуызы бæрæгбæтты номыл нывонды кусæртытæ кодтой изæрæй, иннæ хуызы та — райсомæй. Зæгъæм: Уастырджийы бонты, Ногазы æмæ Комахсæны номыл кусæртытæ кодтой сæ размæ изæрты, Куадзæны, Фæлвæрайы æмæ Уациллайы кусæртытæ та — сæ бонты райсомы хурыскастыл. Цæмæн афтæ, уымæн та бæраг дзуапп ничима радта ахуыргæндтæй, ирон дины кæнонтæ кæй нæ бамбæрстой, уый аххосæй... Фыдæлтæн уыди боны æмæ æхсæвы бардуæгтæ, зæдтæ æмæ дауджытæ комкоммæ амонгæйæ, æмæ мæнгдингæнджыты архайдæй, амындæй уыдон ныссуйтæ сты чырыстон æмæ пысылмон уырнынæдты æхсæн.

Æппæт бæрæгбæтты фынгæвæрды хæрдзтыл дзурынæн дзæвгар рæстæг хъæуы сæрмагондæй, фæлæ цины æмæ зианы фынгтæ æмхуызон нæ уыдысты фыдæлтæн. Дардæй бакæсгæйæ дæр бæрæг уыдысты цингæнæг æмæ хъыггæнæг ирон адæм куыд дарæсы хастæй, афтæ фынгты æвæр дæй дæр. Дыууæ хуызы фынгæвæрдтæн дæр уынаффæ кодтой æфсинтæ æмæ уырдыглæуджытæ (уырдыгыстджытæ). Цины фынгæвæрдæн уæле бадтысты æртæ хистæры, кæронæй — æртæ кæстæры, æмæ уыдонæй фынджы ныхмæ сæрæй бадти æппæты карджындæр æмæ фæрнджындæр хистæр, кæронæй та — æппæты арæхстджындæр æмæ æгъдауджындæр кæстæр. Гыццылдæр фынгæвæрдæн уыди иу уырдыглæууæг, стырдæр фынгæвæрдæн — дыууæ уырдыглæууæджы æмæ лæууыдысты фынгæн рахизварсæй нуазинаджы дзагыстæттимæ. Фынгæвæрды фæтк цыди сæрæй бынмæ хистæрты æмæ кæстæрты хъусдардæй æнæ уæлдай митæй. Бадты адæм куывды, чындзæхсæвы алы сидтæн дæр лæмбынæг кастысты фынгæвæрды уагмæ æмæ хъуыстой хистæрты кувыны мидисмæ фæткыл «оммен» кæнгæйæ, стæй алчидæр хæрз цыбырæй «Хуыцауы арфæ сымахмæ!» — зæгъгæ, йæ дæллагварсы дыууæ лæгмæ сидти. Гъемæ, сидтыты, рæгъыты фæтк æмæ уаг цæуыл дзурæг уыдысты, уый хуыздæр бамбарыны æмæ феныны сæраппонд раздæр зæгъæм куывды, чындзæхсæвы фынгæвæрды хæрдзты-бæркæдты тыххæй. Уæливыхтæ-дзаджджынтæ æртыгæйттæй цæй сæрæн æвæрдтой, уый фæдыл дзырдтам. Кувинаджы физонджытæ цæмæй æмæ куыд фыхтой фыдæлтæ, уый дæр зонæм. Кусарт куыд кодтой æмæ кувинаджы фыдызгъæл бæрæг хæйттæй куыд бæстонæй, сыгъдæгæй фыхтой, ууыл дæр дзырдтам. Кусарты бас куыд цымдтой бæрæг æгъдауыл, уый дæр зонæм. Фæлæ кувинаджы равгæй кусарты уæнгты цы фарн, цы хъомыс уыди ирон дины цæстæй кæсгæйæ, уый зæгъæм цыбырæй комкоммæ сидтытæм, рæгъытæм амонгæйæ. Никæцы адæммæ баззад фæткæн фынгыл кусарты сæр æмæ бæрзæй, уæхстыл физонæг æмæ базыг, уæн æмæ æсгуы, æртæ фæрсчы æмæ къæдзил (фæхсын) уæлдай кадджындæрæн æвæрын æртыгай уæливыхтимæ бадты æртæ хистæры раз æнæ уæрстæй. Иннæ фыдызгъæлы сæрмагонд уарæг — лæгæфсин дихтæй æвæрдта æртыгай куывдтонтæн иумæты. Цæй сæрæн æвæрдтой фыдæлтæ кусарты хицæн уæнгты, цы у сæ мидис, сæ равг? Ахæм фарстатæн фехъусæн вæййы фынгæвæрды заманты, æмæ мысæггагæй ныссуйтæ вæййынц нæ хъуыдытæ тынгдæр уымæн, æмæ нал феввæрсæм фыдæлты фарны хæрзтыл алыварсы адæмты къæхтыхъæрмæ хъусгæйæ.

Ирон фынджы æвæрдыл бæрæгæй зынынц хæрдзты бæркæдты мидис æмæ нысæнттæ. Уыйадыл ам рагагъоммæ мысæггаг цаутæн-хъуыдытæн æнæ бафиппайгæ нæй. Ирон диныл хæцæг адæм кусарты фыдызгъæл бæрæг уæнгтæй-хæйттæй цуайнæгты сыгъдæг доны кæй фыхтой æмæ йæ сивырты бадты адæмыл кæй уæрстой, уый æндæрниан адæмты «ахуыргонд» минæвæрттæм касти æнæфенддзинады æмæ фæстæзады миниуæг. Ахæм уæлæнгай цæстæй кастысты ирон фарны хæрзтæм нæ мидбæстаг уæрæседзаутæ дæр, адджындæр хæринаг æмæ карздæр нозты хуызтыл зилгæйæ.

Наши рекомендации