УÆЛÆЙЫ ÆМÆ КЪАХЫ ДАРÆС

Алы адæмы хаттæн дæр вæййы æрдзон уагыл йæхи сæрмагонд ныхасыгъæд, хъæлæс, хидарыны фæтк æмæ дарæсы конд. Нæ фыдæлтæн мах хуызæн арæх ивæнтæ нæ уыдаид къахыфæлыстæй уæлæдарæсы онг. Цыдысты фылдæр сылгоймагæй нæлгоймагмæ, сывæллонæй зæрондмæ иударон хæцъил æмæ хæлын дзабырты, рæхсад æрчъитæ æмæ къогъодзиты, тæбын æмæ сæхъис цъындаты. Уæлæдарæс хуыдтой фылдæр хиуæфт фæсмынæй, фæлæ æппæт фæлысты хуызтæ дæр дзурæг уыдысты æрдзонгуырдзон хъомысæй ирон дзыллæйы стыр удыгъæдыл иумæйаг кад æмæ радæй, намыс æмæ æфсармæй, æгъдау æмæ уагæй, æууæнк æмæ нымдæй, кæрдзындæттон æмæ уазæгуарзонæй, куыстæмхис æмæ хæрзудыбæстæй. Гъемæ сæм лæмбынæг æркæсæм дыууæ бæрæг дихæй нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты фарнæй...

Нæлгоймаджы дарæсы конд. Куыд хуызæй, афтæ кондæй дæр дарæсы хуыдæн уыди барæнтæ æмæ арæнтæ кар хынцгæйæ, бынат æмæ афон нымайгæйæ, цины æмæ масты цаутæн дзуапп дæтгæйæ, дины кæнонтыл фидар хæцгæйæ.

Ирон худ. Сæры кадæн — худ, къæхты радæн — дзабыртæ, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ цыбыр ныхасæй, фæлæ вазыгджын уыди йæ хъуыды царды рæстаг хъæрæн æвдисæны лæугæйæ. Сæр худæй фидыдта, къæхты уаг дзабыртыл, фадыварцыл зынди æмæ кæрæдзийы бæрны цыдысты. Цыфæнды хорз худ ма уæд лæгæн, уæддæр йæ кад цæуы сæры кадæй, лæджы уагæй. Сæр у æппæтæн сæрæвæрæн куыд цины, афтæ масты равгæй дæр. Худ тæвдæй, уазалæй сæры хъаггæнæг куыннæ у, фæлæ фыццаг — сæры кад, стæй та — худы. Сæры цæфтæй хъазæн нæй, зæгъгæ, амыдтой ирон хистæртæ сæ кæстæртæн, фæлæ худыскъæфджытæй хъазын дæр нымадтой æгадыл, æнæуагыл.

Зымæгон дарынæн хуыдтой цæрмынхудтæ фыстæ æмæ сæгъты, уæрыччытæ æмæ сæныччыты цæрмттæй. Цæрмтты удæстой сæрмагонд æлдыгъы доны дыууæ-æртæ боны, стæй сын цæрмхафæнтæй хафтой сæ уæлдай фыд сойтимæ æмæ сæ бæстон æууæрстой басуры, сфæлмæны онг, стæй сæ карстой æмæ хуыдтой фидар бæхсныг æндахæй сæрты аккаг. Уыди алы хъæуы дæр уæлдай дæсныдæр худгæнджытæ. Æрмæг хынцгæйæ хуыдтой асдæртимæ хæлын æмæ сæрак, уæлдзарм æмæ сæгъдзарм худтæ кæм тенкаджынтæй, кæм та хæрдмæкъоппæй. Хуызæй уыдысты саутæ æмæ урсытæ, буртæ æмæ цъæхтæ, донгъуызтæ æмæ хорасантæ. Уæлдзарм худтæй кадджындæр уыдысты уæрыччыты къæбæлдзыг цæрмттæй хуыд тенкаджынтæ. Худтæн тенкатæ кодтой бур, цъæх æмæ сырхбын хъæдабæйæ. Уыди кусæн, балцы цæуæн æмæ бæрæгбоны дарæн дарæстæ худты хуызтимæ.

Басылыхъ. Басылыхътæ кодтой тинтычъийæ уæфт тынтæй. У æртæ хайæ конд-хуыд: сæрыл уæгъдæй æркæнæн къуск æмæ дыууæ даргъ нарæг къабазæй. Сæры къускæй къабæзты онг хуыдтой кæрæттыл цыллæйæ конд быд. Ахæм быд ластой сæры къусчы комдæлы хъуырбосимæ. Уаргæ бонты басылыхъы къуск худыл кондæй хызта уымæлæй-хуылыдзæй буары, уазæлтты æмæ тыхдымгæгы æлвæстæй æнгом хæцыд бæрзæйыл, уæхсчытыл, æмбæрзта цæстыты, улæфæнты миты тымыгъæй зымæгон.

Басылыхъ æмхуызон хорз фидыдта уæлдзарм æмæ нымæтхудтимæ, уæйлагнымæт æмæ кæрцимæ, куырæт æмæ цухъаимæ сæрдæй, зымæгæй. Уыди æнцон архайд бынаты, фæндагыл, тыгъды æмæ фæдисы заманты. Басылыхътæ хастой сылгоймæгтæ дæр тымыгъты фæндагыл цæугæйæ...

Басылыхъты къусчыты бахъуыдæн хастой фæндаггаг дæр уавæртæм кæсгæйæ. Бастой дзы хæсты заман цæфтæ дæр...

Цухъа. У нæлгоймаджы æддаг дарæс, фылдæр конд хаста хиуæфт къуымбилты тынæй, уыйадыл уыди алыхуызы цухъатæ: саутæ, цъæхтæ, буртæ, урсытæ. Цухъайæн æфцæггот нæ хуыдтой. Хъуыры уæгъдгæрæттыл, разгомы тæрттыл æмæ дымджытыл хуыдтой быд. Быдæн арæзтой сæхтæджытæ сæхтæгуæттимæ æмæ сæ хуыдтой кæрæдзийы комкоммæ риуыгуыдырæй ронбастмæ фондзæй авды онг. Хæстон уавæрты ирон цухъайыл фæзындысты бæрцуæттæ йæхи æрмæгæй, æмæ сын бæрцытæ арæзтой фæлмæн хъæдырмæгæй алыхуызты зилгæ-æфтаугæ сæртимæ. Иугæр топпыхос æмæ хъыримаг хæцæнгæрзтæ куы фæзынд, уæд сын хъуыди бæрц зонын куыд топпыхосæй, афтæ нæмгуытæй дæр, æмæ сæ барстой сæрмагонд барæнтæй — бæрцбарæнтæй, науæд нæмыг кæнæ дард нæ хаудта чысыл топпыхосы сыгъдæй-тæвдæй, кæнæ æхсæн хæтæл рæмыгъта æгæр бирæ топпыхос. Уыйадыл цæттæ æхсæн мадзæлтты иумæ кодтой хъæдын бæрцыты æмæ æнцондæр хæссæн, дарæн уыдысты цухъайы риуыл хуыд бынæтты. Бæрцуаты бынæй æвæрдтой æзныхы фæлмæн хус бындзыг, уый уæлæ — нæмыг кæнæ сабантъытæ, стæй æзныхы уæлæ калдтой топпыхос. Уыйадыл æхсгæйæ фыццаг æрцъыккысхон цæхæрзынг калдта, æмæ æзных сыгъди, стæй — топпыхос, æмæ нæмыг тахти нысанмæ. Алы бæрцы дæр уыди иу нæмыг марæнгарзæй, æмæ бæрцыты нымæц къæйттæй хæццæ кодтой ссæдзмæ. Дæсны æхсæгæн уыйбæрц нæмгуытæй йæ бон хæцын уыди дзæвгар рæстæг бахъуыды заман...

Фæстаг дыууæ-æртæ æнусы лæсгæрджын хæцæнгæрзтæ куы фæзынди сæрмагонд æзгъæртæй конд нæмгуытимæ, уæд цухъайы бæрцытæ уыдысты алы нывæфтыдтимæ фидыцæн, æмæ сæ ныры онг дæр хæссынц...

Цухъатæн синты къæрттытæ цы уагътой ронбасты бынмæ, æндæр сын дзыппытæ нæ хуыдтой, æрмæст сæ дыстæ уыдысты уæрæх æмæ даргъ æнцондæр архайынæн æмæ фидыцæн куыд хæстон уавæры, афтæ сабыр царды дæр...

Куырæт. Куырæтæн хуыдтой бæрзонд рæтыд æфцæггот, æмæ сæхтæгджынæй хъуырыл хæцыд æнгом. Куырæтты фылдæр кодтой хуызджын хъуымæцтæй. Цухъаты хуызæн уыдысты синджынтæ æнæ дæлгуыры дзыппытæй. Ронбастæй дæлæмæ дзыппытæ нæдæр цухъатæн хуыдтой, нæдæр куырæттæн, уымæн æмæ дзыппыты къухтæ дарын нымадтой æгадыл, синты къæрттытæ та уыдысты салбар хæлæфты дзыппытæм нывналынæн. Куырæт æнгом хæцыд уæнгтыл бæрæг цыбырдæр фæдджитимæ.

Куырæттæ хуыдтой хиуæфт хуызджын тынтæй дæр, æмæ тинтычъийæ конд куырæттæ хуыздæр фидыдтой бæрæг урсдæрæй тарбын цухъатимæ.

Куырæт æмæ цухъайы куыд зынди нæлгоймаджы уæнгты конд, афтæ никæцы дарæсы. Æнгом æвæрд сæхтæджытæ комдзог цыдысты лæджы буары уæлдай фыдывæрдыл. Иу изæрæй иннæмæ куы фæбадтаиккой куывдты, чындзæхсæвты, уæддæр сæхтæджытæ суадзын нымадтой стыр худинагыл.

Кусгæйæ архайдтой æнæ цухъатæй. Куырæтты куыстой, æмæ астæуыл æнгом бастæй хастой гæрзæй конд рон кæнæ фæлахс кардимæ, кæнæ хъамаимæ.

Хæдоны конд. Хæдæттæ хуыдтой хиуæфт тынтæй æмæ æлхæнгæ хъуымæцтæй. Уыди сын рæтыд æнгом æфцæгготтæ, сæхтæгджын æгънæджытæ — тæрттыл, риуты дзыппытыл æмæ цонджыхъултыл. Хæдæтты хъуымацæн æвзæрстой тартæ æмæ хуызджынтæ. Тардæрты хастой каргай хистæртæ, ирддæрты та — кæстæртæ. Æддаг хæдæттæ кодтой къуымбилæй дæр.

Мидæггаг хæдæттæ хуыдтой алыхуызы тæнæг хъуымæцтæй нарæг ныллæг æфцæгготтимæ. Уыди сын сæхтæгджын æгънæджытæ хъуырæй риуыгуыдыры онг.

Роны æмæ астæубосы дард. Рæттæ арæзтой алыхуызы æрмæгæй, æмæ се ’ппæт дæр уыдысты, иуæй, фидыцы хос, иннæмæй — буары тых æмæ хъомысæн æххуыс æппæт куыстæгты кæнгæйæ дæр. Ронбæгъдæй цæуын дæсаздзыд лæппутæ дæр сæрмæ нæ хастой. Уыйадыл рæттæн хуыздæр æрмæг уыдысты æлдыгъгондæй хæрзнад, хæрзæууæрст сæгъты, родты æмæ стурты цæрмттæй конд гæрзытæ кæм ахуырстæй, кæм та æнахуырстæй. Ахуырст мæсгуы рæттæн аргъæвджытæ, æвзæгтæ фидыцы уæлæмхас аразæнтæ кодтой ирд æзгъæртæй: æвзистæй, æрхуыйæ, сыгъзæринæй, æфсæйнагæй. Нывæфтыдтæ сыл кодтой чъипхæты фæрцы.

Улæфыны æмæ куысты бонты астæуыл хистæр кары лæгтæ цыфæнды дæр абастаиккой бахъуаджы уавæры, æмæ уыди фæсал, уæрдæх, рæхсæн, синаг, къуымбил, сæхъис рæттæ дæр.

Кæрцы хуыд æмæ конд. Кæрцытæ хуыдтой алыхуызты бынæттон æрмæгæй: фысты æмæ сæгъты, уæрыччыты æмæ сæныччыты, дзæбидырты æмæ сычъиты, тæрхъусты æмæ рувæсты цæрмттæй. Цармы куыд æлдыгъ кодтой, ууыл дзырдтам раздæр, æмæ æрмæгмæ амонгæйæ уыди цæрмтты хуызтимæ баст кæрцытæ: фысдзарм æмæ сæгъдзарм, уæлдзарм æмæ сæныкдзарм, сычъи æмæ дзæбидырдзарм, тæрхъус æмæ рувасдзарм кæрцытæ уазæлтты дарынæн.

Алы ирон хъæуы дæр уыди уæлдай дæсныдæр кæрцкæрдджытæ æмæ кæрцхуыйджытæ. Кæрцкæрдæг йæхæдæг бахуыдтаид кæрц, фæлæ алы кæрцхуыйæг кæрцытæ йæхæдæг нæ карста. Уыйадыл ирон сылгоймæгтæ кæрæдзимæ кастысты. Хуыйæндагæн дардтой бæхсныг гæны æмæ цыллæйы æндæхтæ. Судзинтæн — сæрмагонд æрцындзтæ. Хуыйæндаг фидарæн сæрстой мыдадздонæй.

Хуыдтой даргъ æмæ цыбыр кæрцытæ. Даргъ уæрæх кæрцытæн кодтой бæрзонд æфцæгготтæ цармæй, цыбырдæр кæрцытæн хуыдтой нарæг æфцæгготтæ сæхтæджытимæ, стæй сын уыди уæлгуыры æмæ дæлгуыры хæйттæ астæуы ронбастимæ. Цыбыр кæрцытæн хуыдтой фæсмынæй æддаг цъæрттæ дæр, æмæ хуындысты цъарджын кæрцытæ. Цъарджын кæрцытæн уыди цухъаты хуызæн бæрцытæ æмæ сæхтæджытæ æнгом æхгæнынæн, стæй æргъæвæгджын мæсгуы рæттæ астæуы фидыцæн. Æнæцъар кæрцыты кодтой ахоргæ дæр хиконд мадзæлттæй.

Хæдзары фосы цæрмттæй хуыд кæрцæн йæ хъуын уыди мидæгырдæм, сырддзæрмттæй конд кæрцæн та йæ хъуын уыди æддæрдæм, æмæ сын мидæггаг цъæрттæ хуыдтой хъуымацæй, науæд та тæбынæй.

Цæрмын уæлæдарæн — сарыхъ. Ахæм дарæс хастой рагзаманты фылдæр сырддзæрмттæй.

Уæйлаг нымæт. Уæйлаг нымæтты конд æмæ хуызтыл дзырдтам раздæр, æмæ цыдысты нæлгоймæгты æддаг дарæсыл нымад æнцондард, æнцонархайдæй, уæлдайдæр хæсты бонты саргъы бæхтыл бадгæйæ.

Пъæлæз — пæлæз. Пъæлæзтæ кодтой алы адæмтæ алыхуызы æрмæгæй, хъуымæцтæй: цыллæйæ, кæттагæй, хъисæй, ердженæй, къуымбилæй, бæмбæгæй, тинтычъийæ уæлæдарæнтæн. Пъæлæз уыди рагондæр уæлæдарæсты хуызтæй æмæ йæ хастой хæстон адæм дæр. Пъæлæзты сынтытыл æвæрдæй хастой цæфты, мæрдты тыгъды заманты. Пъæлæзты тыхтæй ныгæдтой-æвæрдтой зæппæдзты хæстон лæгты мæрдтæ, æмæ уыцы уавæр-фæтк бæрæгæй зыны Дæргъæвсы æмæ Куырттаты рагондæр зæппæдзтыл. Пъæлæзты-уæлæдарæнты тыххæй баззад бирæ ныхæстæ æмæ дзурæг сты иу сæйраг мидисыл: хурæй-къæвдайæ, сæрдæй-зымæгæй æмбæрзтой иугæндзоны уæрæхæй, дæргъæй адæймаджы буар боныдæргъы, æхсæв та уыдысты хуыссæнгæрзтæ куыдмæгуырдæртæн. Уыцы уавæр зыны нæ фыдæлты рагон ныхæстыл: «Ерджен, зæгъы, голлагыл худти дæрзæгæй, голлаг — сæхъисыл, сæхъис та — дыууæйыл дæр», «Айдагъ пъæлæзы рæсæны бадæгау», «Пъæлæзты паддзæхтæ дæр цыдысты æмæ сæ дæлбартæ дæр».

Тæртты къандзолтæ. Тæртты цыбыр къандзолтæ кодтой цæрмттæй, æлхæнгæ хъуымæцтæй, хиуæфт тынтæй алыхуызты кæм дывæрсыг рæтыдæй, кæм та æддаг æмæ мидæггаг цъæрттимæ. Уыди фысты æмæ уæрыччыты, сæгъты æмæ сæныччыты хъуынджын æлдыгъгонд цæрмттæй хуыд тæртты къандзолтæ бæрæг хъармдæрæн кæм дыстимæ, кæм та æнæ дыстæй. Уыдон тæрттыл, гуырыл æнгом хæцыдысты сæхтæджыты фæрцы æмæ уазалæй хызтой буары. Къандзолтæн дæр хуыдтой риуы æмæ фарсы дзыппытæ сывæллонæй карджынмæ. Æнцондардæй уыдысты хъармы, æнæнизы дзаума-дарæс нæлгоймагæй сылгоймагмæ куыд куысты, афтæ улæфты рæстæг дæр.

Салбар хæлæфтæ. Æддагæй мидæггагмæ хæлæфтæ хуыдтой нæлгоймæгтæн æмраст, уæрæх карстæй. Уыди сын комдæлттæ æлвасæн бостимæ æмæ дыууæ фарсæй — дзыппытæ, стæй фадыгтыл — дæлфадбæстæ, æмæ сæ хуыдтой салбар æддаг, мидæггаг хæлæфтæ. Æддæгты хуыдтой æлхæнгæ бæзджын тар хъуымæцтæй æмæ хиуæфт тынтæй, мидæггæгты хъуымац уыди тæнæгдæр æмæ ирддæр кæм урсæй, кæм та хъулæттæй.

Цæрмын-хæлын хæлæфтæ. Цæрмын хæлæфтæ хуыдтой уазæлтты дарынæн фысты æмæ сæгъты æлдыгъгонд фæлмæн цæрмттæй кæм æнæлвыдæй, кæм та цыбыр æлвыдæй, æмæ сæ хъуынджынвæрстæ уыдысты хуылфырдæм. Уыдоны фæрцы къаддæр уыдысты уазалæй хæцгæнизтæ хæххон зындзарды уавæрты. Æндыснæгæй рынчынтæн цæрмын хæлæфтæ уыдысты æвдадзы хос.

Уæрагдарæнтæ. Уазал буармæ тынгдæр хизы къæхтæй, æмæ тагъддæр фæзыны фæтасæнтыл, фæрстыл æмæ улæфæнтыл. Уыйадыл дарæсы кондæн къуымбил æмæ царм, хъуымац æмæ рæтауæн æрмæг уыдысты фыдæлтæн сæрæвæрæнтæ уæлдай кадджындæрæй, зынаргъдæрæй. Уæрагдарæнтæ кодтой цъындаты хуызæн тæбынæй, хæлынæй, æдхъуын цармæй, хъуымацы æмæ къуымбилы дывæрсыг рæтыдæй зымæджы уазæлтты.

Зæнгæйттæ. Зæнгæйттæ уыдысты зæнгтыл кæнæн дарæс уæрджытæй бынмæ. Уыди сын куыдуæлæмæ уæрæхдæр фæрстæ, куыдбынмæ — нарæгдæр фадбæстимæ, æмæ сæ кодтой тæбынæй, хиуæфт тынæй, хæлынæй, сæракæй, цармæй, нымæтæй, кæттагæй. Зæнгæйтты цыдысты сæрдæй, зымæгæй куыд бынаты, афтæ фæндагыл дæр, æмæ сæ бастой уæрджыты бынмæ нарджыты сæрмагонд зæнгбæттæнтæй. Зæнгбæттæнтæн хуыздæрыл нымадтой надгонд фæлмæн гæрзытæ, æмæ сын уыди аргъæвджытæ кæроны æвзæгтимæ.

Нæлгоймаджы фадыварцы конд. Дæ фадыварцы нывæн ысу, зæгъгæ, баззад уайдзæфы ныхасæн фыдæлтæй, æмæ бирæ цæуылдæрты æфтыдта адæймаджы хъуыдыйы. Иуæй, къахыдарæсæн йæ конд, иннæмæй йæ хуыд, æртыккагæй — йе ’рмæг, æмæ уыдонимæ — йæ дарæг æмæ йæ бахуыйæг. Æмткæй адæймагæн йæ уæлæдарæсмæ бæстон куы ’ркæса фендджын лæг, уæд бирæ цæмæйдæрты йæ удыгъæды миниуджытæ цæстытыл ауайдзысты. Æмæ уым фадыварцæн ис уæлдай бæрæгдæр бынат. Хæрзæгъдау, хæрзæфснайд адæймаг æмпъызт дарæсы дæр фæзминагæй фидауы. Æнæуаг, æнæфснайд адæймаджы сæрæй къахмæ равзаргæ дарæсты куы сфæлындай, уæддæр йæ лæудыл, йæ ныхасыл, йæ фезмæлдыл разындзысты мæгуыр удыгъæды мидхъулæттæ. Иугæндзоны куыдфæндыйæ чи хаста фадыварц, уыдоны хуыдтой сæмпæрчъиджынтæ. Гъемæ, ирон къахыдарæсæн æрчъитимæ бирæ æндæр хуызтæ уыди...

Ирон дзабыртæ. Ирон дзабыртæ хуыдтой хæцъил æмæ фæсмынæй, хæлын æмæ сæракæй алы хуызты: иу хуызы уыдысты уæлæнгай хъустимæ, иннæ хуызы — арф хъустимæ, иутæн уыди хæдбынтæ уæлфæдты æрмæгæй, иннæтæн — уæфстæ цармæй æрчъиагæй. Фæсмын æмæ хæцъил дзабырты рæтыдтой æддаг æмæ мидæггаг цъæрттимæ. Уыди сын кæнæ сæракæй, кæнæ хæлынæй нарæг аразæнтæ. Уæфстæ сын карстой хуылыдз æрчъиагæй æмæ сæ хуыдтой фидар бæхсныг æндахæй. Дзабырты уæфстæн хъуыди хусгонд, цæхдзыд сдад æрчъиаг фæлмæн удæстæй. Хъусджын дзабыртæ хуыдтой фылдæр карджындæр нæлгоймæгтæн, æмæ сæ дардтой зымæджы, стæй рагуалдзæджы æмæ æрæгвæззæджы уазæлтты. Къæхтыл баргæйæ ирон дзабыртæ бæстон хуыд æрцыдысты, уæд аив æмæ рогæй — æнцон цæуæн, æнцон дарæн.

Хуыйæн машинæтæ цалынмæ фæзынди, уæдмæ хуыдтой æмæ рæтыдтой къухæй. Къухæй рæтауын æнцон нæ уыди æмæ домдта уæлдай рæстæгимæ арæхст.

Хæдуæлфад, хæдбын къахыдарæс лæгтæ дæр хастой, фæлæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтæ фылдæр цыдысты хæдзары хæдбынты. Хæдбын дзабыртыл дæр фидардæрæн, аивдæрæн хуыдтой уæфстæ хæлынæй, æрчъиагæй æнæ аразæнтæй.

Местæ. Мес у рагон хæдбын, хæдуæлфад бæрзонд хъусджын къахыдарæс. Хуыдтой местæ алыхуызы æрмæгæй: хъуымац æмæ фæсмынæй, хæлын æмæ сæракæй, æдхъуын æмæ æлвыд фысты, сæгъты койгонд, æлдыгъгонд цæрмттæй. Цæрмттæй хуыд местæн кодтой сæ хъуын æддæгырдæм, мидæгæй та сыл хуыдтой хæцъилæй рæтыд астæрд æнгомдæрæн, хъармдæрæн. Балцы цæуынæн, бæрæгбоны дарæсæн кодтой сæрмагонд местæ хæлынæй, сæракæй, хъæдабæйæ нывæфтыдтимæ. Æппæт хуызты местæн сæ бынтыл хуыдтой æрчъиагæй карст уæфстæ. Уæлфадæй уæлæмæ месты хъусты разкъæрттытыл кæнæ сæхтæджытæ хуыдтой æнгом æлвасынæн, кæнæ сæхтæгуæттимæ бæттæнтæ.

Гонсарыхътæ. Гонсарыхъты нымадтой фыдæлтæ аивдæр, кадджындæр фадыварцыл æмæ сæ хуыдтой-кодтой хæрзгъæд æрмæгæй: сæракæй, хæлынæй, æлдыгъгонд æууæрст цармæй. Æлдыгъы цæрмттæн хуыздæр уыдысты сæгъы, роды, байраджы, сычъийы, саджы, дзæбидыры цæрмттæ. Цармæй конд гонсарыхътæн кодтой мидæгæй астæрд тæнæгдæр æрмæгæй, хъуымацæй. Сæ бынтыл хуыдтой æрчъиаг уæфстæ сæрак аразæнтимæ. Сæракæн æвзæрстой сау æмæ бур, сырх æмæ цъæх хуызтæ. Гонсарыхътæн уыди даргъ хъустæ æмæ æххæссыдысты уæраджы сæрмæ. Уыди сын уæрджыты бынмæ нарджыты æрбалвасæн бостæ. Гонсарыхътыл хуыдтой алыхуызы нывæфтыдтæ æрттиваг æзгъæртæй конд æндæхтæй. Куыд аивдæр æмæ фидардæр къахыдарæс, афтæ гонсарыхъты нымадтой нæлгоймæгты фадыварцыл, фæлæ сæ балцы цæугæйæ дардтой сылгоймæгтæ дæр.

Фиппаинаг. Местæ æмæ гонсарыхътæм уыди æмхуызон миниуджытæ куыд æрмæгæй, афтæ кондæй дæр. Фæлæ дыууæ хуызы дæр æвдисæн сты фыдæлты даргъ цардвæндагæн кæрæдзийы фæстæ æнгом лæугæйæ. Къахыдарæс райдайæнты кодтаиккой цармæй, æнæ койгондæй, æнæ æлдыгъæй æмæ æууæрстæй. Хуылыдз цæрмттимæ архайгæйæ базыдтаиккой нæ рагфыдæлтæ æлдыгъы фæрæзты. Хуылыдз цармы куыстæй рахызтысты сæрачы дæсныйадмæ. Уæфсджын хуымæтæг дзабырты хуыйгæйæ кæнын райдыдтой бæрзонддæр хъустæ æмæ зæвæттæ къахыдарæсæн. Гонсарыхъты нывыкарстыл хуыйын райдыдтой сыгъдæг сæракæй бæрзондхъусджын хæдуæлфад æмæ хæдбын цырыхъытæ. Уыдоныл хуыйын райдыдтой над уæфстæ æмæ зæвæттæ аивдæрæн, фидардæрæн.

Æрчъитæ æмæ къогъодзитæ. Дыууæ хуызы дарæсы дæр фæзындысты раздæр иннæ дзабырты, фадыварцы хуызтæй, уымæн æмæ уыдысты æнцондæр хуыйынæй æнцондæр дарæн. Цыфæнды цармы гæппæлтæй дæр бахъуыды заман бæгъæмвад фыййау, цуанон, хъæддзау, фæндаггон цыргъ карды фæрцы сарæзтаид-барæхсадтаид къогъодзитæ æмæ сæ хъæмпимæ, хосы муртимæ, фæсалимæ, цъæнутимæ, æпиынфæстаг хъæды хъуынаимæ йæ къæхтыл скодтаид фæлмæнæй, хъармæй.

Æрчъитæ æмæ къогъодзитæ дардтой хæххон ирон адæм сæрдæй, зымæгæй, æмæ сæ конд нæ ферох суанг ХХ æнусы æмбисмæ. Къахыдарæсæй цыдæриддæр уыд, уыдонæй æрчъитæй æнцондæр дарæн æмæ цæуæн нæ уыди хæххон уавæрты. Фадхосæн сын хъуыди фæлмæн фæсал, цъæнут, хъæмп æууæрстæй. Æрчитæ хуыдтой фысты, сæгъты, стурты цæрмттæй бæхсныг æндæхтæй кæм надæй-æууæрстæй, кæм та æнæууæрстæй. Фысдзармæн йæ хъуын æлвыдтой æрчъиагæй, сæгъдзармы æмæ стурдзармы хъуын лæгуын кодтой цæрмхафæнæй тæвд фæныкимæ. Алы фæлыстæн дæр хъуыди æхсæз уафсхоры царм къахы дæргъ хынцгæйæ. Хæдбын карстæй æрчъитæн сæ хуыдгæрæттæ кодтой кæнæ уæлфадырдæм, кæнæ уафсырдæм. Хъусджын дзабырты хуызæн æрчъитæн дæр уыди сæхи æрмæгæй-гæппæлтæй æвзæгтæ æмæ сæ бастой сæрмагонд бæттæнтæй. Æрчъиты бынтæ куыд ихсыдысты, афтæ сæ рæхсадтой лыстæг цæрмын уадздзæгтæй, æмæ нæдæр митвæдыл бырыдысты, нæдæр сауыл. Фыййау æмæ цуанонæн рæхсад æрчъиты цæуын уыди уæлдай æнцондæр.

Æрчъитимæ дардтой цъындатæ уæлдай хъармдæрæн зымæгæй, сæр дæй, фæлæ сæрдыгон фыййауы къæхтæ æнæ цъындатæй фæсал фадхосы улæфыдысты хуыздæр, стæй уымæлы дæр къæхты саггæмттæ хом нæ кодтой. Хурбонты æрчъиты сæрстой сæрдæнæй æмæ фæлмæнæй лæууыдысты.

Къогъодзитæ. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй къогъодзитæ фæзындысты иннæ фадыварцы хуызтæй раздæр. Рагзаманты адæм бæгъæмвадæй цæугæйæ дзæвгар рыстытæ æййæфтой, æмæ уыдонæй фервæзынæн цынæ æвзæрстаиккой фæлмæндæр, фидардæр æрмæгæй суджы цъарæй цармы онг. Цъæрттæ æмæ цармы гæнпæлтæ кæрæдзиуыл бæтгæйæ æнусты дæргъы фæзындысты къогъодзитæ, æмæ куыдфæстагмæ сæ хуыз равдыстой гæрзæй быд къахыдарæстæ алы адæмтæм.

Къогъодзитæн уыди æрчъиагæй уæфстæ, æмæ уыдоны кæрæтты хуынчъытыл рæхсад уыдысты уæлфæдтæ. Сæ мидæг кодтой фæсал æмæ сæ æлвæстой сæрмагонд бæттæнтæй. Цæмæй къахы уæлфадыл ма ныдзæвдаиккой рæхсады дæрзæг æлхынцъытæ, уый тыххæй уæлфæдтыл æвæрдтой фæлмæндæрæн нымæты кæнæ хъуынджын цармы гæппæлтæ. Къогъодзиты цыдысты балцы, æддæйы æмæ бынаты куыстмæ, дардтой сæ фыййæутæ æмæ цуанæттæ...

Ирон къахыдарæсы хуызтæ сæ фæд ныууагътой дунейы адæмты фадыварцыл, нæхицæй та рохуаты баззадысты æндæрниан адæмты сыдзылбырд дзабыртæ стыр аргъæй æлхæнгæйæ...

Сылгоймаджы уæлæдарæс. Сылгоймаджы дарæсæн уæлдай хуыздæр æрмæг нæ хъуыди, бæстондæр æмæ рæсугъддæр хуыд дæр нæ цыдысты, фæлæ конд æмæ дардæй нæлгоймæгты дарæсимæ се ’хсæн уыд дзæвгар хицæндзинæдтæ. Дарæсы конд æмæ дардæй дæрддзæфмæ дæр бæрæгæй зындысты сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ. Дарæсы конд æмæ хастæн цыфæнды уавæрты дæр сæйрагдæр нысан уыд æфсармы, намысы, æууæнчы хъомыс. Куысты уыдаид йе улæфты, зианы æви цины заман, уæддæр дарæсы конд æмæ хастæй сылгоймаг нæлгоймагимæ нæ ивддзаг кодта, зæронд — æвзонгимæ...

Ирон сылгоймаджы кæлмæрзæн. Кæлмæрзæнтæ, сæрбæттæнтæ æмæ худтæ кодтой алыхуызы æрмæгæй, фæлæ сæры кад æмæ радæн, цæсгомы намыс æмæ æфсармæн, æууæнчы равг æмæ нымдæн ирон сылгоймаджы кæлмæрзæн баззад диссæгтæн дзуринаг, æмбисæндтæн хæссинагæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Нæлгоймагæн — худ, сылгоймагæн — кæлмæрзæн, зæгъгæ, дзырдтой æмткæй сæры кадмæ амонгæйæ фыдæлтæ, фæлæ сын худ æмæ кæлмæрзæны кад æмхуызон нæ уыдысты. Худтæ хастой дыууæ цыфыддæр туджджыны дæр æмæ лæгæй-лæгмæ тохы сæ иу иннæмæн бар нæ лæвæрдта хъаруйæ æмæ арæхстæй туг ныккалыны, амарыны онг, фæлæ æфсæрмаг сылгоймаджы кæлмæрзæны раз (уæлдайдæр сау даргæйæ) сæ цыргъ хъаматы кæрддзæмты тъыстой æнæ туг ныккалгæйæ æмæ сæргуыбыртæй фæйнæрдæм цыдысты...

Æфсарм иу уыди сылгоймагæй нæлгоймагмæ, фæлæ сæ арæнтæ сæрст уыдысты сыгъдæг намысæй. Намысы уагыл сылгоймагæн иу барæнтæ уыд, нæлгоймагæн — иннæ. Уыцы уавæры баззадысты фыдæлты ныхæстæ ахæм хуызы: «Худы бын — лæг, кæлмæрзæны аууон — сылгоймаг», «Кæд лæджы кад нал тæрыс, уæд кæлмæрзæн ныккæн!», «Кæд сылгоймаджы æфсармыл нал хæцыс, уæд нæлгоймаджы худ ныккæн!» Æмæ æцæгæйдæр, цас æгад уыди ирон фарныл хæцæг лæгæн йæ худ кæлмæрзæнæй баивын, усæн та йæ кæлмæрзæн худæй баивын.

Худ æмæ кæлмæрзæн сæртыл дарынæн уыдысты, фæлæ æгъдауæй сæртæй бæрзонддæр нæ лæууыдысты. Сæ фесафын æмæ аппарын кад нæ уыд, фæлæ сæры кад фесафын нымадтой мардырцыдыл. Сæры кадæн, адæймаджы сыгъдæг намысæн, æууæнчы ныфсæн фу-фу фæкодтой цæрынæй хæрынмæ нæ рæстаг мадæлтæ æмæ фыдæлтæ.

Къуымбилæй, къæскуы æмæ цыллæ æндæхтæй кодтой хауджын æмæ æнæхау кæлмæрзæнтæ цъындагæнæн даргъ цæгджын телтæй. Карджындæр сылгоймæгтæ сæрдæй, зымæгæй хастой хауджын стыр кæлмæрзæнты бын гыццылдæр цикъæ сæрбæттæнтæ куыд бынаты, афтæ фæндагыл дæр. Кæлмæрзæны конд æмæ хуызæй, баст æмæ хастæй бæрæг уыдысты сыл гоймæгты картæ. Чызджытæ цыдысты кæнæ сæрбæттæнты, кæнæ кæлмæрзæнты хицæнтæй, фæлæ чындзытæн аив нæ уыди афтид кæлмæрзæнты цæуын æмæ хастой ирд сæрбæттæнтæ кæлмæрзæнты бын.

Къабаты конд æмæ хуызтæ. Кæлмæрзæны фæстæ къаба у сылгоймагæн йæ дыккаг фидыц. Æппæт хуызты къабатæ дæр дзурæг уыдысты кар хынцгæйæ ирон сылгоймаджы конд æмæ уындыл, цæсгом æмæ æфсармыл, æууæнк æмæ нымдыл. Банымайæн дæр нæй нæ мадæлты карст æмæ хуыд къабатæн сæ æрмæджы бирæ хуызтимæ, фæлæ æмткæй амыдтой сылгоймаджы кармæ сывæллонæй зæрондмæ цины æмæ масты уавæртæ хынцгæйæ, афæдзы афæттæ нымайгæйæ. Æмткæй ирон къабатæ уыдысты алыхуызæттæй-ахуырстытæй æфцæгготджынтæ æмæ æнæ æфцæгготæй æнгомхъуыртæ, тарджынтæ æмæ æнæтæрттæ, даргъ æмæ цыбыр дысджынтæ, ронджынтæ æмæ æнæрæттæ, разкъæрттытæ æмæ æхгæдриутæ, дæргътæ æмæ цыбыртæ, æмраст кæрстытæ æмæ нарæгастæутæ, синджынтæ, æмæ уæрæх фæдджитæ, сæхтæгджынтæ æмæ æгънæгджынтæ. Зæронд устыты, идæдз æмæ ногмæрдджынты къабатæ уыдысты бæрæг тардæрæй даргъдæр æмæ уæрæхдæр фæдджитимæ. Рæзгæ чызджытыл фидыдтой гомхъуыр, цыбырдыс къабатæ, фæлæ хистæр карты сылгоймæгтæ хастой даргъ дысджын, фæдджиджынтæ. Сæ къабаты дымджытæ зæнгты нарджытæм не ’ххæссынц сылгоймæгтæн, уæд койаг. Цыбыр къабатæ æрбадгæйæ уæрджыты не ’мбæрзынц, уæд — худинаг. Тарджын къабатæн хуыдтой уæлгуыры мидæггаг æмæ дæлгуыры æддаг дзыппытæ. Уыди æхсæвхуыссæн уæрæх къабатæ кæм сæхтæджытимæ, кæм та астæубæстимæ.

Разгомы разкъæртт къабатæ. Хуыдтой сæ алыхуызы тæнæг хъуымæцтæй хæдзары дарынмæ. Иу кондæн хастой æмраст карст бæрæг уæрæхдæрæй, иннæ кондæн уыди уæлгуыры æмæ дæлгуыры хицæн хæйттæ нарæг астæуимæ. Разкъæртт къабатыл хуыдтой дывæрсыгæй разгомы хуыз джын тæрттæ.

Чындзы разгæмтты конд. Сылгоймаджы уæлæдарæсы æппæт хуыз тæм цыдæриддæр аивæй, фæзминагæй уыди æнусты дæргъы, уыдон баиу сты чындзы фæлысты — разгæмтты куыд кондæй, афтæ мидисæй дæр. Разгæмтты хуыдтой дæсныдæр хуыйджытæ æппæты фидыцджындæр хъуымæцтæй-зæлдæгтæй. Разкъæртт къабаты иу кодтой æрдзон хуызтыахорæнты ирддæртæ: урс æмæ цъæх, æрвгъуыз æмæ сырх, морæ æмæ донгъуыз. Уыдоны халдих уыдысты хуызæй разгæмтты сæхтæджытæ æмæ сæхтæгуæттæ алдымбыдтимæ.

Камари рон. Камари рæттæ хастой алы кары сылгоймæгтæ дæр бæрæгбоны — цины дарæсимæ. Кодтой сæ бæрæг хуызджындæрæн, фидардæрæн хъуымац æмæ сæракæй, цыллæ æмæ къуымбилæй, æзгъæр æмæ сыкъайæ нывæфтыдтимæ. Уыди сын æрттиваг æзгъæртæй арæзт æргъæвджытæ æмæ æвзæгтæ амонды-ныхыдзуары фæлгонцтимæ.

Чызджыты худтæ. Кармæгæсгæ ирон чызджытæ хастой бæрзонд æмæ ныллæг тенкаджын худтæ хъуымац æмæ нымæтæй, хæлын æмæ сæракæй кæм мидæггаг цъæрттимæ рæтыдæй, кæм та æнæ рæтыдæй. Чызджыты худтыл хуыдтой хуызджындæр æрмæгæй нывæфтыдтæ, ныхыдзуæрттæ, амонды нысæнттæ æмæ фыдбылызтæ сафæг гæччытæ.

Хæлынкæрцы конд æмæ мидис. Авдаздзыдæй чындздзоны кармæ чызджытæ хастой хæлынкæрцытæ. Арæзтой сæ фæлмæн æууæрст фысдзæрмттæй. Æнæ дыстæ æмæ æнæ æфцæгготтæй хæцыдысты буарыл æнгом уæлгуыры æмæ дæлгуыры сæхтæджытæй. Чындзы цæугæйæ сæ ивтой хъуымацæй хуыд гуырвидыцы риуты æмбæрзæнтæй-тæрттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон чызджытæ æнæ раласгæйæ æдзух хæлынкæрцыты нæ цыдысты, стæй сын ивæнтæ дæр уыдаид. Куыд рæзти чызг, афтæ сæхтæгуæтты даргъдæр хуыдтой. Хæлынкæрц буар æлхъывта æмæ фæлмæцын кодта, фæлæ йæ пайдайаг миниуджытæ уыдысты дзæвгар: æнгом хæцыд буарыл, хызта йæ уазалæй, гуырвидыцы рæзтыл, аивыл ахадыдта иугæндзонæй, уæлдай фыдтæ æвæрын нæ уагъта зылын-мылынтæй, фыдуынд тыппыртæй.

Тæрттæ-риутæ æмбæрзæнтæ. Гуырвидыцы тар æмбæрзæнтæ хуыд той хæлынæй, сæракæй, хъуымацæй. Хæлын æмæ сæрак тарæмбæрзæнтæ хастой мидæггаг дарæсы уæлæ, хъуымацæй конд тарæмбæрзæнтæ æнгом бастой сæхтæджытæй бæгънæг буарыл. Цотхал мадæлтæ хъармдæрæн, æнæниздæрæн хастой æдхъуын хæлын риуæмбæрзæнтæ.

Тæртты къандзолтæ. Хуыдтой астæуæй уæлæмæ дарынæн тæртты къандзолтæ фæсмын æмæ нымæтæй, хæлын æмæ сæракæй, фысты æмæ сæгъты æлдыгъгонд цæрмттæй кæм та æнæ уыдонæй. Æнгом хæцыдысты буарыл сæхтæджыты фæрцы. Фæстагмæ сæ хуыйын райдыдтой хъуымацæй бæмбæджы асдæрдимæ рæтаугæйæ. Æппæт хуызты къандзолтæ дæр уыдысты æнæ дыстæй буарæн хъармы, æнæнизы фæлыст гыццылæй стырмæ.

Уæрагдарæнтæ. Уæрагдарæнтæ — уæрагæмбæрзæнтæ кодтой карджындæр сылгоймæгтæ фæлмæндæр æрмæгæй: хъуымацæй, хæлынæй, къуымбилæй, бæмбæгæй кæнæ иу цъарæй, кæнæ дыууæ цъарæй рæтыдæй. Кодтой сæ зæнгæйтты хуызæн уæрджыты аккаг æмæ æххæссыдысты уæрджыты сæртæй зæнгты нарджытæм. Хастой сæ уазæлтты мидæггаг дарæсы уæлæ зæнгбæттæнтимæ, æмæ фæтасæнтæ хъаггæд цыдысты уазалæй, истæуыл ныццæвынæй.

Сылгоймæгты æддаг æмæ мидæггаг салбартæ. Æнæуаг æмæ æнæфсармыл нымадтой ирон фæрнджын адæм гомзæнгтæй цæуын, кусын æмæ бадын сылгоймагæн чындздзоны карæй зæрондмæ. Уыйадыл сылгоймæгтæ дæр дардтой æддаг æмæ мидæггаг уæрæх, даргъ салбартæ цъындатимæ. Хъарм бонты ма цыдаиккой æрыгондæр сылгоймæгтæ уæрагмæ салбарты цыбыр цъындатимæ, фæлæ уыдоны хыгъд дардтой даргъ къабатæ. Æддаг салбартæн æвзæрстой бæрæг даргъдæр, бæзджындæр æрмæг: хъуымац, фæсмын. Мидæггæгтæн — тæнæгдæрæй ирддæр æрмæг.

Даргъ уæрæх мидæггаг æмæ æддаг салбартæ ма дардтой ирон сылгоймæгтæ куыдхистæрæй ХХ æнусы фыццаг æрдæгмæ, стæй сылгоймæгты дзыккутимæ бынæй уæлæмæ æвзийын, æмпылын байдыдтой, æмæ уæрджытæ гомæй аззадысты фылдæр карты сылгоймæгтæн...

Уæлгуыр æмæ дæлгуыр дарæс. Ныры кофтæ, юбкæ æмæ костюмы æнгæстæ хуыдтой нæ мадæлтæ дæр æмæ сæм амыдтой уæлгуыры, дæлгуыры дарæсæй. Уæлгуыртæ æмæ дæлгуыртæ хуыдтой хъуымацæй, кодтой сæ тæбынæй цъындагæнæн телты фæрцы. Уæлгуыртæн уыди бæрзонд рæтыд æфцæгготтæ хъуымацæй æмæ тæртты сæхтæджытæ, дæлгуыртæн хуыдтой комдæлтæ сæхтæджытимæ æмæ сæ фæдджитæ æххæссыдысты зæнгты нарджытæм. Уæлгуыртыл хуыдтой дзыппытæ æхгæд сæртимæ риуы дыууæ фарсыл, дæлгуырты — иувæрсыгæй.

Сылгоймæгты цъындатæ. Кодтой даргъ æмæ цыбыр цъындатæ æппæт къуымбилты хуызтæй. Къæсгуы цъындатæ куы фæзындысты, уæд сæ æддæг-мидæгæй дарын райдыдтой: къæсгуыты — мидæгæй, къуымбилты — æдде. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид сæ дарыны уаг, уæддæр сæ кæныны дæсныйадыл ныры ирон сылгоймæгтæ сæ къух ауыгътой æмæ налдæр æхсгæ кæнынц къуымбил, налдæр пиргæ æмæ цæгъдгæ, афтæмæй скæнынц куыдфæндыйæ цъындатæ, æмæ æнæ фындзы, зæвæты мæсчъытæй уайтагъд баихсыйынц, фегом вæййынц.

Сылгоймаджы куырæт. Ирон сылгоймæгтæ дардтой хуызджын хъуымацæй хуыд куырæттæ. Уыди сын æнгомхъуыр æфцæгготтæ, сæхтæгджын тæрттæ астæуы ронбастимæ. Хуыдтой сын уæлгуыры æддаг æмæ дæлгуыры мидæггаг дзыппытæ иувæрсыгæй. Дардтой сæ даргъ къабаты æдде, æмæ сæ дымджытæ бæрæг цыбырдæрæй æххæссыдысты уæрджытæм.

Сылгоймаджы басылыхъ. Сылгоймаджы басылыхъæн йæ къабæзтæ уыдысты гæзæмæ нарæгдæрæй цыбырдæр, æндæр конд æмæ æрмæгæй нæ хицæн кодта нæлгоймаджы дарæсæй. Басылыхътæ дардтой зымæг, цыдысты сæ балцы. Чызг чындзы куы цыдаид, уæд йæ хуыны чырыны сæйрагдæр фæлыстыл нымадтой басылыхъ.

Сылгоймаджы кæрц. Сылгоймаджы кæрцæн уыди æнгом сæхтæгджын хъуыр æмæ тæрттæ. Йæ фæдджитæ æххæссыдысты уæрджытæм, æмæ даргъ къабаимæ аивæй фидыдта æддаг фæлыстæн.

Æрмкъухтæ. Æрмкъухтæ кодтой къуымбилы алыхуызтæй, фæлæ уæлдай аивдæр, фæлмæндæр æмæ хъармдæр уыдысты уæргъуынтæй æмæ тинтычъийæ конд æрмкъухтæ.

Хъуырбæттæнтæ. Хъуырбæттæнтæ кодтой къæсгуы æмæ цыллæйæ, къуымбил æмæ тинтычъийæ хаутимæ. Иуæй, æддаг дарæсимæ буарæн уыдысты аивы мадзал, иннæмæй йæ хызтой æрдзы сонт митæй сæрдæй, зымæгæй. Цыбырдæр хъуырбæттæнтæ æххæссыдысты ронбастмæ, даргъдæртæ фаг кодтой астæу æрбабæттынæн дæр зымæджы миттымыгъты фæндагыл цæугæйæ, æддæйы куыстæгтæ кæнгæйæ.

Сылгоймæгты фадыварц. Сæрдæй, зымæгæй нæлгоймæгтæ цы къахыфæлыст хастой, уыдоны кондæн уыдысты сылгоймæгты фадыварц дæр, æмæ сæ хуыдтой иугъуызон æрмæгæй арæхдæр нывæфтыдтимæ, тæнæгдæр æмæ ирддæр аразæнтимæ. Зымæджы — хъармдæр къахыдарæс, сæрды — сатæгдæр, æмæ æмткæй æппæт фадыварцы хуызтæ комкоммæ амыдтой адæймаджы удыгъæды миниуджытæм хорзæй, æвзæрæй. Сывæллонæй зæрондмæ бæгъæмвадæй цыдысты куыд хурты, афтæ къæвдабонты дæр, фæлæ — æгъдауыл боныгъæд æмæ куысты мидисæн дзуапп дæтгæйæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, сылгоймæгты дарæсы куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр уыди уæлдай хицæндзинæдтæ кæм æрдзон уагыл, кæм та хиарæзт нывæфтыдтæ æмæ ахорæнтæй. Местæ æмæ гонсарыхътæн нывæфтыдтæ хуыдтой аивдæрæн цъæх, бур, сырх æмæ æрвгъуыз хъæдабæты гæппæлтæй.

Раздарæнтæ æмæ куатæты конд. Раздарæнтæ хастой нæлгоймæгтæ дæр хъæды, хосы, хоры æмæ æрмадзы куыстытæ кæнгæйæ фидардæр æрмæгæй: кæттагæй, ердженæй, цармæй, сæхъисæй, æмæ сын уыди уæхскбæстимæ астæуы æлвасæнтæ. Ахæм кондæй раздарæнтæ нæ уагътой ихсийын кусæг лæджы уæлæдарæс, стæй уæлдай рыгтæ æмæ чъизитæй дæр хызтой-хъаггæдтой.

Сылгоймæгты раздарæнтæ хуыдтой сæракæй, хæлынæй, хъуымацæй дыууæ хуызы: иу хуызæн — уæхск æмæ астæубосимæ æмгуырæй, иннæ хуызæн — астæубосимæ. Уæхскбæстимæ раздарæн уыд куатæ, æмæ йын хуыдтой дыууæ дзыппы иувæрсыгæй уæлгуыр æмæ дæлгуыр.

Цæрмын раздарæнтæн сæ хъуын кодтой кæнæ мидæгырдæм, кæнæ æддæгырдæм.

Хызджын кæлмæрзæнтæ. Кодтой сæ къæсгуы æмæ цыллæ æндæхтæй даргъ хаутимæ чындздзон чызджытæн æмæ чындзытæн алыхуызты кæм æрдзон уагыл æнахуырстæй, кæм та ахуырстæй. Уыди хызджын кæлмæрзæнтæ уæлдай тардæрæй идæдз устытæн, æмæ сæ марды афæдзыбонмæ сау дарæсимæ хастой фыдохы уагыл...

Фиппаинаг. Рагзаманты нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ æмхуызонæй дардтой цæрмттæй конд уæлæдарæнтæ æнæдыстæй, æмæ уыдоны кондæн баззад куыдфæстагмæ алыхуызы æрмæджытæй уæлæдарæнтæ кæттаг æмæ ердженæй, хъуымац æмæ цармæй. Цæрмын рагон уæлæдарæнты хуыдтой сарыхътæ...

Наши рекомендации