ЧЫЗГÆРВЫСТЫ ÆМÆ ЧЫНДЗХАСТЫ ФÆТК 2 страница

Æз дæн Челдыты хæрæфырт, мæ мад Мелыкъо та уыди Хетæггаты-Асаты хæрæфырт. Мæ мадымад Чендземæ дзырдтой Челдыты мыггаг Асианæй. Амарди 1935 азы, æмæ йæ хорз хъуыды кæнын. Мæ мадыфыд Темырхъо уыди Хъæцмæзты хæрæфырт æмæ фыццаг цардæмбалæн ракуырдта Рæмононы (Рæмонтæ цардысты Мамысонгомы Къамыхцойы хъæуы, Челдытæ та — Æзгъилы хъæуы). Рæмононæн лæппу æмæ чызг райгуырд, афтæмæй æрыгонæй амард, æмæ Темырхъо дыккаг бинойнагæн ракуырдта Асианы, мæ мадымады. Ракуырдта, зæгъгæ, ныхасæн баззад ирон фарнæн нымд кæнгæйæ. Фæлæ мын сомыгондæй мæ мад цы цау радзырдта, уый у диссагæн хæссинаг, æмбисондæн дзуринаг. Мæ мадыфыд Темырхъо Асианы — Чендзейы рамбылдта къамæй хъазгæйæ, æндæр Хетæггатæ-Асатæ кæсгон уæздандзинадыл хæцгæйæ сæ чызджы «æнæуæздан» Челдытæн лæвæрдтой?! Фæлæ кæнгæуæздан Асатæ дыууæ æфсымæрæй кæмдæр дард фæндагыл хæтæнты цæугæйæ къамæй хъазты фембылды сты Темырхъойæн, æмæ хæдзармæ цæмæй фæхæццæ уыдаиккой, уый фаг сæм фæндаггаг æхца нал баззад. Уыйадыл куыннæ фæтыхстаиккой æмæ дарддæры хъазтæн сæ зæрды уыди хæдзары зынаргъ дзаумæтты кæнæ фосы сæртæй бæтгæйыл истытæ æвæрын æмæ фæндаггаджы фаг æхца фæстæмæ рамбулын, фæлæ сын уымæй дæр ницы рауад: æмбылды кодтой. Цы ма уæм ис рамбулинагæй, уæздан мыггаг, зæгъгæ, сæ куы бафарста Темырхъо, уæд ныхстуаты бынаты сæ иунæг хо дæр фæхæрды... Гъемæ сын уæд загъта Темырхъо: «Ирæдимæ чызгæрвыстæн цы хъæуы, уыдон уын мæнæ æвдисæнты раз æхца, æмæ æнæ уæлдай митæй уæ иунæг хо цæттæ уæд æнæуæздан мамысойнæгтæм чындзы цæуынмæ...» Гъемæ Асиан разынд дыууæ синæй æрдзон къуылых, фæлæ уыцы аиппы хыгъд уындæй — хæрзконд, удыгъæдæй — æххæст, æмæ уыди дыууæ мыггагæн фæзминаг йæ цотимæ: цыппар лæппуйы æмæ иу чызг, сæ хистæр — мæ мад...

Челдыты мыггагмæ Асианæй фæстæмæ Наргомæй уыди цалдæр чындзы, уыдонæй иу — Солойы дыккаг бинойнаг Годжыциан, дыккаг — Аслæмбеджы бинойнаг — Гуыбиан, æртыккаг — Уарданы бинойнаг — Балиан...

Куыдфæстагмæ фæрнджын ирон адæм стыр ирæдтæ домыныл сæ къух систой, фæлæ фидауыны, чызгæрвысты кæнæ чындзхасты æгъдæутты баззад уæлдай митæ: æртæ хатты минæвар æмæ хатæг цæуын, хæстæджыты æмæ зонгæты алы фæндæттæм хъусын, чызг æмæ лæппу кæрæдзийæн хорз зонгæ куы уыдаиккой, уæддæр...

Иугæр дыууæ мыггаджы фидауыны бæрæг домæнтыл сразы сты, уæд фидыды фынгыл чызджы бинонтæ æвæрдтой нозтимæ кувинаджы æртæ уæливыхы, æмæ сæ хистæр куывта, стæй фидыды уагыл лæугæйæ кæрæдзийы къухтæ истой, хъуыддæгтæ рæстмæ фæуæд, зæгъгæ...

Ирæд дæттын æмæ исын. Ирæд лæвæрдтой æмæ истой æхсæны лæгты хъусдардæй. Æнæмæнгæй семæ уыдаид æмдзуарджынтæй исчи. Стыр ирæдты домæнтæ мыггæгты астæу уыдысты æзнаггады, хæстæг æнадгæнæн фæрæзтæ, æмæ сыл фæрнджынтæ сæ къух систой, фарнæй мæгуыраутæ сыл фидар хæцыдысты сæ кæстæрты æнамондæн, æмæ хæстæгады æгъдæуттæ хæлдысты. Цытæ нæ домдтой ирæдæн æнæфсис, æнæуаг фыдæлтæ: хуымы æмæ уыгæрдæны равзаргæ хæйттæ, фосы сæртæ — далысы онг, æрхæгтæ æмæ мигæнæнтæ, хæцæнгæрзтæ æмæ цыргъæгтæ, куырæйттæ æмæ мустæ. Ирæды сæрæвæрæнтæ уыдысты «кадджындæр» мыггæгтæн чызджы мадæн мады лæвары саргъы бæх æмæ фыды лæвары — фаты бæх...

Ирæд бафидыны фæстæ æгъдауыл нымадтой сиахсы æмæ тиуты цыд, æмæ æгæр уæлдай цæстмæмитæй уыдысты тыхсты хос, рæстæг сафын мадзæлттæ...

Чызгæрвысты фæтк æмæ уаг. Æмткæй ирон чызгæрвысты æгъдауæн сæрæвæрæн уыди дыууæ мыггаджы астæу фидыды хуыз. Бафидауынæй фæстæмæ дыууæ хæдзары хистæртæ кæрæдзийы бæрны цыдысты ног хæстæджыты фарнæй, æмæ сæ цин дæр уыди иумæйаг, сæ маст дæр. Уæлдай домæнтæ æмæ быцæутæй чи архайдта фидыды фæстæ, уыдон кæрæдзийы нæдæр цины, нæдæр хъыджы боны æмбæрстой, æмæ уæд чындзхасты фæзминаг æгъдæуттæ иуварс задысты. Уырзæй æвзарæгау агуырдта лæппуйы хæдзарвæндаг чындзхонты нæлгоймагæй сылгоймагмæ, æмæ уыдысты зын æрбамбырдгæнæн: алчи йæ ныфс нæ хаста чындзхон цæуынмæ цыфæнды æгъдауджынæй дæр, стæй йæхи чындзхон цæуынмæ рæвдзæй чи дардта, уыдоны дæр æмхуызонæй чындзхæссæг нæ кодтой, уымæн æмæ кæм æнæуагæй сæхи дардтой, кæм та нæ арæхстысты зарынмæ, кафынмæ, арфæ ракæнынмæ æмæ фынгæвæрды æгъдау æххæст кæнынмæ. Уыцы уавæры агуырдтой чындзхонтæ сыхаг хъæуты æмæ кæмтты дæр кæм зонгæтæй, кæм та хæстæджытæй.

Чындзхонты сæргъы лæууыд нæлгоймаг хистæр æмæ йын коммæгæсæй фыццаг æххуысгæнджытæ уыдысты дыууæ æмдзуарджыны æмæ æртæ кæстæры. Сылгоймæгтæн дæр уыди иу хистæр, æмæ йæм лæмбынæг хъуыстой. Чындзхонты бартæ æмæ хæстæ бæрæггонд цыдысты лæппуйы хæдзары фæндаграсты æртæ кæрдзынæй скувыны размæ. Сыхæй-сыхмæ, хъæуæй-хъæумæ куы цыдаиккой, уæддæр лæппуйы бинонтæ кодтой фæндаграсты фынгæвæрд. Уымæн дæр йæ бæркæдтæ уыдысты бонзонгæйæ алыхуызты: кæм æвæрдтой æртæ кæрдзыны цæхх æмæ донимæ, кæм та — кусарты сæр æмæ бæрзæй физонæгимæ. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид фынгæвæрды бæркæдты æрæвæрд, уæддæр хистæр кодта бæрцæй æртæ сидты, стæй цыдысты сæ фæндагыл. Фæндагыл цæуынæн та уыди сæрмагонд бонтæ — Уастырджийы бонтæ, дыццæг æмæ цыппæрæм. Уыйадыл чызджытæ æрвыстой æмæ чындзытæ хастой ирон фæрнджын адæм кæнæ Уастырджийы кувæн бонты размæ, кæнæ сæ фæстæ. Æхсæвæддæйыл куы цыдаиккой чындзхон, уæд сæ изæртæ хастой хъæуæй-хъæумæ, комæйкоммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ дыццæджы, цыппæрæмы æмæ хуыцауыхсæвты.

Чындзхонтæ семæ хастой фысымæггаджы хуынæн æртæ гуыдыны, кусарты рахис æвдасарм фыхæй æмæ гыццыл дурыны нозт. Уыдонимæ — чындзы фæлыст æмæ рæстæмбис лæвæрттæ чызджы бинонтæн.

Чындзхонтæ цыдысты нымадæй, бæрцæй дыууæ хæдзары фæндоныл, æмæ дзы уæлдай хæддзуйæн бынат нæ уыди. Æгæр гыццылæй куыд нæ ахадыдтой, æгæр бирæйæ дæр афтæ цæсты æфтыдысты. Чызджы бинонтæ зыдтой чындзхæсджыты æрбацæуæн рæстæг æмæ уæдмæ цæттæ уыдысты фысымты уагыл. Лæггадгæнæг кæстæртæ сыл æмбæлдысты кæрты æртæ нуазæны æмæ цæхх къæбæримæ, стæй цыдысты комкоммæ цæрæн хæдзармæ. Уым ластой уæлæфтау дарæс, æхсадтой сæ къухтæ æмæ бадтысты куыдхистæрæй фынджы дыууæ фарсы фысымтимæ хæццæйæ... Нæдæр чызгæрвысты, нæдæр чындзхасты фынгтыл бадтысты иумæ фысымæй уазæгмæ, ныр куыд бадынц, афтæ. Фысымтæй бадти æртæ кæнæ фондз лæджы уазджыты хистæрты фынгыл, иннæтæ лæггад кодтой кæронмæ уазджытæн-чындзхонтæн...

Чындзхонты æрбацыдмæ чызджы бинонтæ æмæ хъæубæстæ æххормаг нæ уыдысты, фæлæ чызгæрвысты кувинæгтæй цыфæнды æххормагæй дæр нæ сахуыстаиккой æнæ бæрæг афоныл скувгæйæ, æмæ уыцы сæйрагдæр фæтк ныры ирæттæн у стыр хъуыдыйаг.

Чындзхонты сæмбæлынмæ чызджы хæдзары кæрты хъазт йæ цыреныл уыди, хъæубæсты фæсивæд тымбыл хъазты дыууæ фарсæй лæууыдысты, æмæ фæндыры зæлтимæ иу кодтой зарæджы мыртæ. Гъемæ чындзхонты кафаг, зараг лæппутæ фысымты хъазты раз æнæ балæугæйæ, æнæ фæйнæ кафты скæнгæйæ фынджы бадтмæ нæ бацыдаиккой.

Чызгæрвысты фынгтыл чындзхонтæ æмæ фысымтæ бадтысты бæрæг фæткыл: сæйраг кувæджы рахисварс бадти уазджыты хистæр, галиуварс — чызджы мыггагæй исчи, уыдонæй дæлæмæ фысымтæ æмæ уазджытæ бадтысты æхсæнмæ-æхсæнты...

Фиппаинаг. Æппæтæй райгонддæр, растдæр фæткæн баззад ирон фæрнджын адæмæн чызгæрвысты æртæ кусарты кæнын: иу — ирæды стуртæй, дыууæ — фысымы фосæй. Лæппуйы хæдзарæй галгусарт кодтой чындзхонты номыл, чызджы хæдзарæй дыууæ нæлгусарты — фысымты номыл. Сиахсæггаджы галгусартæй куывтой рагбадтæй фæстæмæ, фысымæггаджы нæлгусартæй та куывтой дыккаг бадтæн æхсæвыддæйæ цæугæйæ-лæугæйæ. Чындзхонтæн фысымтæ æвæрдтой кады хуын — æртæ гуыдыны, кусарты рахис æвдасарм æмæ нозтимæ. Фысымæггаджы дыууæ нæлгусартæй иу уыдаид стур, иннæ — сæгъ, фыс.

Сæйраг ракуывдæн дардтой бæгæны нуазæн зырнæйзылд хъæдын къæхц. Бæгæныйæ сидтысты зырнæйзылд нуазæнты, карз нозтæй — æмхуызон къонайы сыкъатæй. Кувинаджы хойрагæн æвæрдтой æртыгай уæливыхтæ æртыгай лæгтæн. Æртæ хистæры раз æвæрдтой æртæ уæливыхы æмæ æртæ æртæдзыхоны, уыдоны уæлæ уыди уæхстыл конд æртæ физонæджы кусарты раззаг хуылфыдзаумæттæй, стæй сæ фарсмæ кусарты сæр æмæ бæрзæй, рахис уæн æмæ базыг æртæ мурзæг фæрскимæ.

Чызгæрвысты фынгæвæрд чындзхасты фынгæвæрдæй ницæмæй хицæн кодта, æмæ фысымтæн фысымты хæстæ æмæ бартæ уыди, уазджытæм — уазджыты бæрæг рæстæгыл æмæ бынаты. Уыйадыл кæрæдзийы æмбæрстой, нымадтой иумæйаг æгъдауæн табу кæнгæйæ. Æнæ рæдигæ нæй, æмæ архайдтой уæзданæй нымд кæныныл. Карз нозт хатын уарзта, фæлæ æгæр бирæйæ никæмæн тади, æмæ кæрæдзийæн тыхми нæ кодтой. Нозт уæлдай хатыр никæмæн кæны, æмæ расыгæй фæцудын, фæрæдийын кад нæ кодта нæдæр фысымæн, нæдæр уазæгæн. Уыцы къуыхцытæ хатгæйæ дарддæрæй æрцæуæг уазджытæн кодтой дыууæ фынгæвæрды, æмæ улæфыдысты æхсæвиуаты уагыл, стæй чызгæрвысты сæйрагдæр фынгæй цыдысты сæ фæндагыл. Ахæм фæлгæтты æвæрдæй чызгæрвысты уыди иумæйаг домæнтæ бæркæдты хæрзтæ хъаугæйæ фысымæй уазæгмæ, стæй сæрмагонд хæстæ уазæгæн, фысымæн кæстæрæй хистæрмæ.

Чызгæрвитджыты хæстæ: æгъдауыл, уагыл сидтытæ афоныл кæнын, чындзхонты раст домæнтæм лæмбынæг хъусгæйæ. Сидтытæ хъуамæ цыдаиккой кæрæдзийы фæдыл — сæйраг ракуывд, хицæнтæй Хуыцауы, Уастырджийы, Мадизæны, Хоры Уациллайы, Фосы Фæлвæрайы æмæ Мыкалгабыры тыххæй, стæй æхсæнмæ-æхсæнты нуазæнтæ дæттын кæстæртæ æмæ уазджытæн, хистæртæ æмæ æфсинтæн æмæ сæ цæрæнбонты сæрмагондæй сидын, хъазты фæсивæдмæ нуазæнтæ хæссын. Бæрæг афон уыди чындзхонты хистæрæн чызджы мады раз æгъдауыл балæууынæн, стæй æмдзуарджынтæн сæ хойы бæстон фæндагмæ бацæттæ кæнынæн.

Чызгыл йæ чындздзон дарæс кодтой хибар уаты мыггаджы чындзытæ. Уырдыгæй бæрæг æгъдауыл цыди æмдзуарджынтимæ бадты хистæрты размæ. Æртæйыл дæр ирон дарæс диссаджы хорз фидыдта. Чындз чындздзон ирд фæлысты, аргъауы зæдау, йæ хуыз калдта. Разгом æмæ разкъæртт даргъ къабайы урс æмæ цъæх, сырх æмæ морæ, хъæдабæ æмæ æрвгъуыз ахорæнтæ иу кодтой, сæрдыгон хъарм къæвдайы фæстæ хуры хæрдгæтынтæ æрдзæ хуызтæй куыд сæрттивынц, афтæ. Разкъæртт къаба уæлгуыр æмæ дæлгуыры фидыцæй фадхъултæм æххæссыд. Фæтæн камари рон нарæг астæу æнгом æлвæста æвзист æмæ сыгъзæрин нывæфтыдтимæ. Риуыгънæджытæ-сæхтæджытæ, Къостайы загъдау, хъазыдысты стъалытау. Риуæвæрды фидыц бæрæг æлвæстдæрæй йæ хуыз æвдыста дыууæ æмбисæй, æмæ ног чындзæн къуызгæ уайсæстæй йæ алы уæнджы бацыд алыгъдау. Разкъæртты уæл лаггуырæн бæрæг ирддæрæй зынынц йæ риувидыцы цæхгæрмæ нывæфтыдтæ-æлдынбыдтæ, уыдонæн уæлдай фидыц дæтты сгæллад куырæты бæрзонд рæтыд æфцæггот æнгом сæхтæджытимæ. Сæрыл ныхыдзуары худ гæзæмæ разуæзæй æххæссы æрфгуытæм, æнгомбыд дзыккутæ дывæрсыгæй рафт-бафт кæнынц фæсонтыл. Разкъæртт къабайы дыстæн сæ кæрæттæ бæрæг уæгъддæрæй фæдаргъдæр сты къухты æнгуылдзтæй. Зæлдаг даргъ, уæрæх хыз сæрыл хураууонау фæлмæнæй æрæнцад æмæ аудæгау æрæмбæрз та уæхсчытæ. Хызы бын чындзы æфсæрмаджы цæсгом ирдфæлурсæй зыны æмæ æхсызгоны рухс фæлмытæй фæдфæливæнтæ кæны, цыма цæлхыдзаг мæй дыууæ изæры астæу тæнæг мигъты аууон фæци...

Æмбисæндты хæссинаг, аргъæутты дзуринаг ирон чындз — бæсты фидыц æмæ дзыллæйы сыгъдæг цæсгом! Æмæ дын хохæй быдырмæ кæд чи скодта аккаг аргъ фыдæй фыртмæ?! Лæмбынæгæй, зæрдиагæй дæм адæймаг кæсынтыл фæци, уæд дæ мадæй райгуыргæ хойы равгæй дæр нал базонид, зæххоны бынаты уыйбæрц ирддæрæй равдисыс уæларвон зæдты мидис æмæ хуыз. Дунейы æхсызгондæр ахорæнтæй сфæлгонц вæййы дæ чындздзон фæлыст, бæсты сыгъдæг æфсарм бацæуы дæ уæнгты, дæ цæсгомыл арвайдæнау зынынц цины æмæ масты катæйттæ-сагъæстæ... Æмæ куыннæ кæнай дæ амонды æбæрæг фæндагыл цæугæйæ дызæрдыджы хъуыдытæ?! Иуæй, райгуырæн къонайæ æвзонг зæрдæ схицæн нæ комы, æмæ мад, фыды рæвдыдтæ цæстытыл уайынц, иннæмæй, цæуыс дæ дыккаг къонамæ, æмæ дæм цы цæстæй ракæсдзысты дæ ног бинонтæ?!

Ахæм æрдзон-гуырдзон бæрæг уавæрты æнæ судзаг цæстысыгтæй нæ хызти чызг чындзы дарæсы райгуырæн къæсæртыл, стæй фидаугæ дæр нæ кодта...

Уыцы уагыл фæлыстæй чындзы рахис фарс лæууыд къухылхæцæг, галиу фарсæй — æмдзуарджын, афтæмæй ирон фæлысты цыдысты чызджы уатæй бадты хистæрты размæ. Кæцыфæнды кары ма уыдаиккой къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, уæддæр фыццаг тардта хистæры кад, дыккаг — кæстæры, æмæ къахæй сæрмæ цыдысты ирон дарæсы: куырæтты æмæ цухъаты, сæхтæгджын хæдæтты æмæ салбар хæлæфты, месты æмæ уæлдзарм худты, стæй хастой æвзистæй асдæрд рæттыл ливортæ æмæ хъаматæ.

Чындзы цæуæн бон чызджы Сæрызæды бын лæууын кодтой æмдзуарджынтæ, йе ’фсымæртæй иуимæ æгъдауыл фæйнæ нуазæны куы банызтаиккой хистæр сылгоймæгты раз, уæд. Уыцы æгъдау дæр уыд ард бахæрды хуызæн æртæ адæймагæн, æмæ къухылхæцæг галиу къухæй йæ хойы цонгыл хæцыди, рахис армæй — хъамайы сæрыл, афтæмæй райгондæй куывта:

— Фæрнджын хæдзары бинонтæ æмæ хъæубæстæ, уæдæ нын амонды фæндагыл хæрзæмбæлджытæ фæут! Рæстмæдæр къах чи авæрдта йæ райгуырæн хæдзарæй, уый æмбал фæкæнæд Дунейы Бардуаг мæнæ нæ хойы дæр!

— Дæ ныхæсты — фарн! — дзырдта йæм сылгоймæгты хистæр. — Лæгтыдзуар — уæ хæрзæмбæлæг, Сыгъдæг Мадизæн — уæ фæдзæхсæг!

Уыцы бæрæг арфæйы фæстæ чындз æмæ æмдзуарджынтæ сæ сæртæй акувынц Сæрызæдæн, афтæмæй рахис къæхтæ æмист акæнынц æмæ æрзилынц кæнæ астæуарты алыварс рахис ырдæм, кæнæ балæууынц тохынайы раз, æмæ астæурæхысыл æмдзуарджынтæ сæ хъаматы фындзтæ дзуарæвæрд акæнынц, чындз та йыл рахис къух авæры, стæй цæуынц бадты хистæрты размæ, æмæ сæ развæндагыл уæлдай лæууæг нæй, ныс сабыр агъуыст. Бадты адæм æмхуызонæй уырдыг слæууыдысты æмæ æнæ уæлдай æзмæлдæй хъусынц лæмбынæгæй хистæры арфæйы кувынмæ. Уый уырдыглæууæджы къухæй бæгæныйы дзаг кæхц райста, æмæ нæргæ хъæлæсæй зæлы йæ ныхас:

— Стыр Хуыцау, табу дæхицæн! Рæстаг кусæг, кувæг адæмæй хуыздæр чызг чи схъомыл кодта æмæ йæ кадыл-радыл чындзы чи арвыста, уыдоны æмбал фæкæн ацы хæдзары бинонты сæ уарзон адæмимæ! Чызгæн йæ фыццаг райгуырæн бон — фыдыкъонайыл, дыккаг райгуырæн бон — йæ цардæмбалы хæдзары. Гъемæ ирон сылыстæгæй йæ дыккаг райгуырæн бон райгонддæрæй чи федта, уыдоны æмбал фæу! Амæндтæ бирæ сты, æмæ æппæты сæрæвæрæнтæ — сæрты сæрæгас, удты æнæниз. Низ-сонæй хызт у... Дæ мады хъарм æхсыримæ цы хъомыс бацыд уæнгты, цы хæдзары æмæ мыггаджы æгъдау хæссыс дæ ног хæдзармæ, уыдон фезмæлыны адæргæй, балæггады фыдæй æгуыдзæджы бынаты ма ныууадз. Хæдзарæн фæтк, хъæуæн æгъдау ис, фæлæ фыдыуæзæджы хæрзтæ ма ферох кæн, дæ ног бинонты хыгъдмæ сæ бафтау. Дыууæ мыггагæн иугъæдоны фæрнджынæй бæллиццаг фæу! Сымах та, мæ хуртæ, уæ кæнгæ хойы фæйнæфарс æмдзуарджынтæ стут, æмæ бæсты æртæ рæсугъддæртæй Рæстмæгæнæг Уастырджи йæ къухыл кæмæн рахæцыд, Мыкалгабыр æмдзуарджын кæмæн уыд, Мадизæн — фæдзæхсæг, уыдоны æмбал фæут уæ хъаймæтæйы æгъдауæй хоимæ. Гъемæ, кувæггагæй цас зæрдиагдæрæй саходат, уыйбæрц райгонддæр — уæ цардамонды фæндаг, — дæтты бæгæныйы дзаг кæхц къухылхæцæгмæ.

Уый гаджидау исы, сбадын кæны бадты æртæ хистæры бæрæг уагыл, стæй цыбырæй оммены равгæй фæзæгъы:

— Уæ куывдтæ Хуыцаумæ хорзæй фехъуысæнт, нæ буц хистæртæ! Куывдты, чындзæхсæвты уæле фæбадут! Фæндаггаджы нуазæнæй æхсызгондæрæй чи банызта, уыдоны æмбал нæ ацы фæрнджын хæдзары Сæрызæд æмæ Бынатыхицау фæкæнæд!— ахуыста кувæггагæй фыццаг къухылхæцæг, стæй æмдзуарджын æмæ хъузон чындзæмбæлттæй иу.

Уыйфæстæ æмдзуарджынтæ сæ хойы къухыл хæцгæйæ радыгай амыдтой чындзхонты зарæг, афтæмæй сабыргай цыдысты хæдзары къæсæрырдæм. Чындзхонты зарджытæ алы кæмтты æмхуызон кæм кодтаиккой куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр, фæлæ ирон фарны хæрзтыл æфтыдтой сæйрагдæрæн удхъомысы фæзминагдæр, бæллиццагдæр миниуджытæ ныфсæвæрдæй, æууæнкджынæй, хæстæгады тæгтæн нымд кæнгæйæ мæнæ ахæм хуызы:

Фыццаг амонæг. Чындзхæссæг — фарн хæссæг, куы загътой, фарнхæссæг, æмæ дын, Дзыцца, дæ буц хъæбулы хæсгæ куы кæнæм йæ амонды фæндагыл!..

Дыккаг амонæг. Ой, Дзыцца, чындзхæссæг — фарн хæссæг, куы загътой, æмæ дæ изæры уатгæнæг, дæ райсомы уатисæг чызгмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд! Мах æй дыууæ æфсымæрæй тыхсын нæ бауадздзыстæм. Райсомæй дын хурау йæ мидбылты худдзæни, изæры цалхыдзаг мæйау къуызгæ уайсæстæй кæсдзæни...

Фыццаг амонæг. О, о, Дзыцца! Чындзхæссæг — амæндтæ хæссæг фæрнджын хæдзармæ, æмæ нын дæ фарны лæвар бæстаг фæкæн! Æууæнчы ныфсæвæрдæй нæ Лæгтыдзуарыл бафæдзæхс, Сыгъдæг Мадизæны лæвæрттæй нæ хайджын фæкæн!

Дыккаг амонæг. Чындзхæсджытæ — фарнхæсджытæ, фарнхæсджытæ, æмæ нын фæрныг фысымтæ рæстæмбæлæг фæут!

Фыццаг амонæг. Рæстмæйы хъуыддæгтæн — рæстаг æвдисæнтæ æмæ рæстæмбæлджытæ, куы загътой, гъемæ æртæ хорзæхы — кувинаг фæрнджын мыггæгты астæу, сæ фыдбылызтæ та — сæфт!

Æртæ æхсты фекодта къухылхæцæг къæсæрыл хизгæйæ цармæ, æмæ фæндыры зæлтæ къухæмдзæгъдимæ баиу сты чындзхонты зарæгимæ фысымты кæрты.

***

Чындзæн йæ цæуæн бонмæ цæттæ кодтой æргъæу чырын дзаумæттæ æвæрынæн, уыимæ — хуыссæны фæлыстæн дыууæ базы, хъæццул, гобан. Уыдон хастой уаргъæй, ластой уæрдоны бæстывæрды фадæттæ хынц гæйæ. Къæвдайы чындзыл уæйлаг нымæт дæр кодтой, зымæджы хъызты та — кæрц дардмæ цæугæйæ... Чындзытæ хастой комæй коммæ, хызтысты æфцгуытыл æмæ æфцæгрæбынты кодтой æхсæвиуат дæр. Уыйадыл сæхи фæндаджы хардзимæ рæвдыд æййæфтой фæндагмæ хæстæгдæр цæрæг хъæубæсты адæмæй: хастой сын хуынтæ сæ размæ...

Наши рекомендации