ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ХИДАРЫНЫ УАГ 1 страница

Адæймаджы гуырдзон-æрдзон хъомыс ифтонг æрцæуы мад æмæ фыды тугæй-хъæстæйæ. Туг хæссы, мыггаг зоны æмæ нæ сæфынц авд фæлтæрмæ, зæгъгæ, дзырдтой хæрзаудæнæй нæ рæстаг фыдæлтæ, æмæ раст хъуыды кодтой. Фæлæ сывæллонæн райгуырæн бонæй фæстæмæ йæ рæзты фæндагыл бирæ цæлхдуртæ вæййы, æмæ уыдон сты хынцинаг фыццаг бинонты, стæй та уынджы адæмы астæу.

Адæм хуызæй куыд алыхуызæттæ вæййынц, удыгъæдæй дæр уыйбæрц хицæнтæ кæнынц. Суанг фаззæттæ дæр удыгъæдæй æмхуызон нæ рауайынц. Алы адæймагмæ дæр вæййы раппæлинаг-бафæзминаг æмæ бафауинаг миниуджытæ.

Фыдæлтæ адæймагæн аргъ кодтой æртæ барæнæй — намысæй, æууæнкæй æмæ хæрзудыбæстæй. Уыцы æртæ барæнæй аргъгонд цыди йæ хидарыны уагæн дæр сывæллонæй зæрондмæ.

Хидарыны уаг у хиуылхæцыны фидар фæтк алы адæймагæн дæр райгуырæн бонæй фæстæмæ, æмæ куыд рæзы, афтæ вазыгджындæр кæны æхсæнадон царды ахæсты. Адæймагæн йæ удыгъæд у йæ миддуне, йæ мидис, йæ хидарыны уаг та — йæ фæлыст, æмæ дыууæ фарсы кæрæдзиуыл цас хæцой, уыйас фылдæр ахадынц.

Амæйразмæйы сæргæндты дæр ныхас цыди хидарыны уагыл-фæткыл, æмæ нæ дарддæры ныхасы фæлхат цæудзысты, фæлæ — бæрæг уавæрты рæстæг æмæ бынат хынцгæйæ, комкоммæ кармæ амонгæйæ.

Сывæллоны хидарыны уаг. Гайлаг родæй бæрæг у, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ, фæлæ удыгъæдæй цас хъæздыгдæр уыди сывæллон, уыйбæрц æм фылдæр сæ хъус дардтой. Рæзгæты фæндæттæ æмæ æхсызгæттæ, бæллицтæ æмæ домæнтæ нымад цыдысты бæрцыл, æгъдауыл раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр хатгæйæ. Фæрнджын бинонты астæу сывæллон «уый мæ хъæуы, уый мæ нæ хъæуы»-йæ нæ рæзти, тæргæйттæ нæ кодта. Фадат амонгæйæ, сывæллонæн цы хæринаг лæвæрдтой, уый адджынæн хордта, цы фæлыст хуыдтой, уым райгондæй цыди.

Сæ цоты чи нæ уарзы мадæлтæ æмæ фыдæлтæй, уыдон амæлæнт, зæгъгæ, арæх хъуысти ныхас уайдзæфы хуызы. Фæрнджын ныййарджытæ æмæ хистæртæ сывæллæтты хъыджы нæ цыдысты, уыдоны хъуагæй уæлдай къæбæр нæ хордтой. Фæлæ бахъуыды бонты стонгæн, бæгънæгæн быхсын сывæллонæн дæр нымадтой хæрзахуырыл, хæрзæгъдауыл. Арæх фарстой хистæртæ: «Сывæллон бинонты астæу уæлдай стонгдæр, бæгънæгдæр не ’ййафы, рисгæ дзы ницы кæны, уæд цæуыл хъуамæ кæуа?!»

Ирон хæдзары, сыхы æмæ хъæубæсты сывæллæттæн уæлдай цъæлхъæр, цъæхахст, æнæуаг дзыхæй дзурын æмæ митæ кæнын хъæдбыны дæр нæ фидыдта. Сывæллæтты æнæуаг митæй сæ ныййарджытæ цас æгад кодтой, уыйас — хъæубæстæ дæр. Уыйадыл æхсæнадон фæлгæтты, домæнты æвæрдæй хæстæгæй æцæгæлонмæ хистæрты хæс уыди сывæллонæн «ма кæ» зæгъын, афоныл зонд бацамонын кæмфæнды дæр.

Куыстæгты цинтæ æмæ фæллæйтты монцтæй хъомылгонд цыдысты рæзгæ фæлтæртæ ирон æхсæнады авдæныккон сывæллæттæй фæстæмæ. Æдзух хистæрты хъусдардæй цас рæзтысты, уыйбæрц хатыдтой кары монц æмæ агуырдтой æмгæрттæ бакусынæй баулæфынмæ чызгæй, лæппуйæ. Фæлтæрты бастдзинад дæр æнцади каргай рæзгæты хидарыны уагыл. Æнæ рæзгæты цин æмæ мастæй нæ фидыдтой хистæртæ. Зæрыбонмæ хистæртæ буц уыдысты цоты æмæ уыдоны зæнæджы цинтæй, æмæ уыцы хъуыдытæ баззадысты ирдæй ирон ныхасыуаджы:

Сывæллон — удлæууæн.

Сывæллон — цæсты рухс.

Æнæ сывæллонæй хæдзар — æдзæрæг.

Сывæллон кæм и, цард дæр уым и.

Хæдзары æгъдау уынгмæ сывæллон æмæ куыдз хæссынц.

Зонд сывæллон æмæ зæронды сæрыл нæу.

Сывæллонмæ чи нæ хъусы, уый йæхимæ нæ хъусы.

Сывæллоны чи сайы, уый йæхи сайы.

Сывæллонмæ цы баулæфай, уый дæм æрбаулæфдзæни.

Зæронд йæ сывæллоны зондмæ æрцæуы.

Сывæллон зæрдæ зоны.

Сабыр сывæллон сæдæ мады бададта, фыдуагæн йæхи мады бадæйын дæр нæ бантысти.

Сывæллон хонæг дæр хæдзарæй рацæуы, сывæллон адгур дæр.

Сывæллон фыдæлтæн мады æхсыры ад кодта, фыды туг хаста, хидарыны уагæй та рæзты фæндагыл цыди æмгæртты рæгъы. Сывæллоны дуне у æппæты цымыдисагдæр, æмæ сæм мадæлтимæ æхсæнад цы цæстæй кæса, уымæй ифтонг свæййы сæ фидæн...

Хидарыны уагæн зыдтой фыдæлтæ дыууæ хуызы: иу хуызæн, æгъдауæй цы ’мбæлы, уый адæмы иумæйаг фæткыл æххæст кæнын, иннæ хуызæн, цы не ’мбæлы, уый зонын æмæ уымæй хи хизын.

Сыввæллæттимæ дзурынæн зыдтой фыдæлтæ бæрæг уаг æмæ хуыз рæвдауæн ныхасæй:

Дæ нывонд фæуон! Дæ низтæ бахæрон! Дæ фæхъау фæуон! Дæ сæрылхаст фæуон! Мæ хур акæнай! Дынджыр лæг ысуай! Дынджыр чызг ысуай! Кæй лæггаг дæ, кæ? Кæй дзæбæх чызг дæ, кæ? Уæ ныййарæг уæ хуртæй бафсæда! Бинонты хуыздæр фæу! Хæрз ныхыдзуар фæхæсс! Фылдæр дæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг дзæбæхæй байрæз!

Уайдзæфы ныхæстæ дæр æргомæй хъуыстысты:

Цæуыл хъæр кæнут, къулбадджытæ, ам нæ сымах æрцæрын кодтат?!

Хъæубæсты æгадгæнджытæ! Фыдгулы къæсæрæй сымах ракæсут!

Æргом ныхас æмæ комкоммæ амындæй рæзгæ чызджыты æфтыдтой сылгоймаджы сыгъдæг æфсармыл, рæзгæ лæппуты — нæлгоймаджы сæрыстырыл:

Лæппуйæн чызджы митæ нæ фидауы, чызгæн — лæппуйы.

Гыкъынатæ æмæ чъыссæ гуылтæй чызг фæхъазы.

Лæппуйæн сылваз митæ нæ фидауы, чызгæн — лæгой.

Чызгау даргъ дзыккутæ æруагътай.

Лæппуйау къуырд дзыккуты цæуыс.

Лæппуйæн — лæппуйы хъæзтытæ, чызгæн — чызджы.

Сывæллæтты цумайы хуызтæ бирæ уыдысты æмæ ахадыдтой лæггады уагæй дыууæ бæрæг равгæй: иуæн — коммæгæсы райгондæй фидыдтой лæггады фæткыл, иннæмæн — зивæджы. Коммæгæс цумайы хæрзтæм райгондæй тырныдта, зивæггæнаг та — уæнгмардæй, æмæ йæ цумайы архайд цæсты нæ ахадыдта. Бирæ ныхæстæ баззад коммæгæс æмæ æгоммæгæсы тыххæй, æмæ дзы цалдæрмæ байхъусæм:

Зивæггæнаджы бакуыст хæдзарыл нæ хæцы.

Зивæггæнагæн «цу-ма» зæгъыны бæсты дæхæдæг фезмæл.

Цумайы уæз и.

Коммæгæс — цæсты рухс.

Æгоммæгæс — æнæуисæн.

Æнæуисæн — æнæудыхос.

Зивæггæнаг — изгардгæнаг.

Уымæн йæ зивæджы — йæ мæлæт.

Æнæзивæджы мад нæ куыдта.

Зивæггæнаджы мад мæстытæй фылдæр цы ’ййафы.

Коммæгæсы ма цæв, —

Мастæн æй хæсдзæн:

Хивæндмæ дæ уайдзæф

Худæгау кæсдзæн...

Къоста

Адæймаджы хидарыны уагыл дзургæйæ æмткæй ирон фарны тæразыл æвæрд цыдысты барæнтæ ныхмæвæрдæй, хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылын хатгæйæ æмæ нымайгæйæ æппæт карты фæлтæртæн. Уыцы иумæйаг уавæрæн дзуапп дæтгæйæ бинонты, сыхты æмæ хъæуты хъусдардæй сывæллæтты-рæзгæты хидарыны уагæн сæйраг хъомыс лæвæрдтой хистæрты рæстаудæны хæрзтæ, бæллиццаджы фæзминагдæр миниуджытæ каргай-фæлтæргай. Кары монцæй уыдысты иу мады цот кæрæдзийæн хистæртæ æмæ кæстæртæ, гæстæ æмæ хъусдаринæгтæ, æмæ куыдкæстæрæй кæрæдзийы дарæсты рæзтысты, куыдхистæрæй кæрæдзийæн æххуысты цыдысты. Иу авдæны æвдгæйттæ нæ — цыппæрдæсгай сывæллæттæ бирæ ирон мадæлтæ ауызтой æмæ схъомыл кодтой дзыллæйы кад æмæ радæн, цыт æмæ намысæн.

Къахыл ауайынæй фæстæмæ сывæллæттæ хъомыл кодтой райгуырæн къонайыл, фыдыуæзæгыл, æрдзы сыгъдæг хъæбысы æмæ архайдтой сæхи дарын фæзминагдæр хистæрты хуызæн, алыварсы æрдзон хæрзтыл ауæрдгæйæ. Райгуырæн бæсты æрдзмæ кастысты хистæрты хуызæн исбоны цæстæй. Сыгъдæг табуйаджы бынæттæ сын уыдысты кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ, нымд кодтой уæлмæрдтæн æмæ сæ хъаггæдтой уæлгæсты, фыййæутты номæй фосы къæхтæй...

Сывæллæттæ афæдзыкконæй фæстæмæ хъомылгонд цыдысты бынаты æмæ æддæйы хæрзтыл, фыдæхтыл уынгæ-уынын, зонгæ-зонын. Хур кæд чердыгæй касти æмæ ныгуылди. Хуры тынтæм кæсгæйæ зыдтой сывæллæтæ райсом æмæ изæр, бон æмæ æхсæв, талынг æмæ рухс, скæсæн æмæ ныгуылæн, цæгат æмæ хуссар. Сывæллон афæдзыкконæй фæстæмæ зыдта йæхи буары хæйтты. Уыдонимæ хатыдта галиу æмæ рахизвæрстæ, æргом æмæ чъылдым. Бинонты æппæт куыстæгты архайгæйæ афæдзыккæттæй фæстæмæ æмбæрстой куысты уæз æмæ фæллойы бæрц кусæнгæрзты нæмттимæ æмæ архайдтой нымайын фыццаг сæргæндтæй, стæй — къæйттæй. Фондзазыккон лæппу цыди уæлгæс æмæ уалдзыгон фосы цоты дардта хæстæг сæрвæты нымадæй, стæй хуызæй зыдта дæсгай сæныччыты æмæ уæрыччыты. Дæсазыккон лæппу фыййау цыди æмæ йæ фосы дзуджы дæсгæйттæй цæугæ-цæуын нымадта бон æртæ хатты.

Цымыдисаг уыд ирон фæлтæртæн сæ фæндагыл цæуыны уаг куыд фистæгæй, афтæ уæлбæхæй дæр. Цæугæдæттæн куыд зыдтой рахис æмæ галиу фæрстæ, афтæ фæндагæн дæр уыди дæргъ æмæ уæрх, стæй цæугæйæ — галиу æмæ рахис фæрстæ. Æрдзон тых æмæ хъомысы фисынтыл амад цыдысты сывæллæтты хъомыладон фæрæзтæ-мадзæлттæ раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр, галиу æмæ рахис æвзаргæйæ. Дыууæ къухы дæр архайдтой, фæлæ рахис къух уыди æрдзон уагæй арæхстджындæр. Галиу къухæй чи æвнæлдта арæхдæр, уыдоны хуыдтой галиуæгтæ, æмæ уыдысты бæрæг хивæнддæр, фыдзонддæр. Уыйадыл баззад ныхæстæ: галиумæ, фисынмæ хæцджытæ; галиумæ, фисынмæ ардауæг; галиумæ зондылхæст, галиугæнæг, рæстмæ ныхас дзы нæ фехъусдзынæ. Царды æппæт фæзындтæн дæр уыди галиу æмæ рахис фæрстæ æмæ сыл ахуыр кодтой хистæр фæлтæртæ кæстæрты.

Рахис æмæ галиу фæрстæ хынцгæйæ фидыдтой кæстæрæггаг æмæ хистæрæггаджы хæрзтæ æмæ лæггæдтæ алы уавæрты дæр. Дыууæ фаззонæй дæр иу хистæр уыди уымæн, æмæ дунейы рухс раздæр федта, раздæр райгуырд. Ныхмæвæрдæй лæууыдысты хæрзтæ æмæ фыдæхтæ, цинтæ æмæ мæстытæ æрдзон уагыл, æмæ æппæт уавæрты дæр хынцинаг уыдысты бынат æмæ рæстæг, фадат æмæ амал, бæрц æмæ хыгъд, раст æмæ зылын, хæс æмæ бар, фæтк æмæ уаг, æгъдау æмæ нымд, æфсарм æмæ цæсгом.

Сывæллон гуырдзæй, мады гуыбынæй цыфæнды хъомысджынæй куы рантыса, уæддæр йæ рæзты фæндагыл ахуыр кæны хистæрты хъусдардæй, хистæрты фæзмгæйæ куыд хæрзтыл, афтæ фыдæхтыл дæр. Алы адæймагæн дæр ис рахис фарс æмæ галиу фарс алыхуызы хи даргæйæ: бадгæйæ æмæ цæугаёйæ, лæугæйæ æмæ кусгæйæ. Уыйадыл алчидæр архайы уыцы уавæры йæхи раст дарыныл иумæйаг фæткыл, уагыл. Иумæйаг фæткæн та ис дзæвгар хицæн фæзилæнтæ кæстæр æмæ хистæры, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы бынаты. Зæгъæм, фæндагыл цæуы адæймаг, уæд хата хъуамæ развæндаджы дæргъ æмæ уæрх, йемæ иуырдæм æмæ йæ ныхмæ цæуджыты. Дыууæ адæймаджы иумæ цæуынц, уæд нымайын хъæуы хистæр æмæ кæстæры уаг, туг æмæ æгъдауы хæстæгад, стæй цы бавæййынц кæрæдзийæн, уый дæр. Ныхмæ цæуджытæн æмбæлы рахис фæрсты хизын куыд фистæгæй, афтæ уæлбæхæй дæр. Хистæрæн кæстæр цæуы йæ галиу фарсæй, дыууæйæ сты, уæд. Æртæ лæджы иумæ цæуыц, уæд кæнæ астæуæй хъуамæ уа хистæр, кæнæ рахис фарсæй. Лæг йæ бинойнагимæ цæуы, уæд — рахис фарсæй. Æппæт уавæрты дæр нæлгоймæгтæн сæ сылгоймаг æмбæлттæ уыдысты уæлдай хъусдард кæм туджы, кæм та æгъдауы хæстæгады фарнæй. Æфсæрмаджы уагыл сылгоймæгтæн кæнæ галиу фарсæй цæуын æмбæлди, кæнæ рахис фарсæй, æмæ дардæй кæсгæйæ дæр бæрæг уыдысты карджын мадæлтæ, æфсæрмаджы чындзытæ, чындздзон чызджытæ дарæсæй, къахы айстæй фыдæлты заман.

Фæндагæн дæргъæй уæрхмæ иу ном уыди, фæлæ иу кад нæ тардтой фæндаггæттæ дæргъмæ, уæрхмæ цæугæйæ, хизгæйæ. Дæргъмæ цæуæг хистæр уыди барджындæрæй, фæлæ кæрæдзийæн кад кодтой кæм зонгæты, кæм та æфсæрмæгты номæй. Кæцыфæнды кары адæймагæн дæр ном нæ кодта фæндаггоны рæзты цæхгæрмæ ахизын æнæ уагæй, æнæ æгъдау ратгæйæ. Фæндагыл цæуыны æгъдæуттæ та уыдысты дзæвгар куыд зонгæты, афтæ æнæзонгæты номæй дæр. Дыууæрдæм цæугæйæ арфæ кодтой кæрæдзийæн ахæм хуызы:

— Дæ фæндаг раст! Уæ фæндæгтæ раст!

— Дæ райсом хорз! Уæ райсомтæ хорз! — Дæ бон хорз! Уæ бонтæ хорз!

— Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд!

— Дæ изæр хорз! Хуыцауæй арфæгонд у!

Фæндаггæтты дыууæрдæмы арфæтæн банымайæн дæр нæ уыди фыдæлты заман, фæлæ куыдфæстагмæ байрох сты ныры ирæттæй æндæр æвзæгтыл арвистонæй дзургæйæ. Кæцыфæнды афон дæр иунæг дзырд хъуысы иумæйагæй æгады, æнæрады гаккæн «здравствуй!» мидæмæ цæугæйæ дæр æмæ æддæмæ хизгæйæ дæр...

Æнахъом сывæллон куы бауадаид сыхаг хæдзармæ, уæддæр ын бинонты хистæр фестадаид уазæджы кадыл. Ныры ирæттæй уыцы æрхъуыды, стыр хъыгагæн, бирæтæм нал и. Хæдзармæ сывæллон бацæуæгæн нæ, фæлæ карджынæн дæр ничиуалбæрæг фестдзæни йæ бынатæй æфсармы, лæггады уагыл, æмæ уыцы уавæры куыд и дзурæн æмткæй хидарыны уагыл? Фыдæлты заман хистæры æмæ кæстæры уагыл амад цыдысты æппæт æгъдæуттæ сывæллонæй зæрондмæ. Фæдзæхсты, амынды фæткыл хъомылгонд уыдысты рæзгæ фæлтæртæ. Дыууæ адæймагæй цыфæнды уавæрты дæр иу хистæр уыди, иннæ кæстæр, æмæ кæрæдзимæ хъуыстой уыцы уавæры. Фæдзæхсты, амынды уагыл фыста Къоста дæр рæзгæ сабитæн:

Фест райсомæй лæгау,

Ныхс сапонæй дæхи

Æмæ-иу скув: Хуыцау,

Фæдзæхсын дыл мæхи!

Цæттæ дæ хызын дар,

Тагъд де скъоламæ уай!

Æнæзивæг куы уай —

Хуыздæр бынат дæ бар!

Зондамонæгмæ хъус,

Цы зæгъа, уый-иу кæн,

Зæрдæхъæлдзæгæй кус,

Æмæ бæззай лæгæн!

Æнæрæдыд адæймаг нæй. Алы карты фæлтæртæ дæр рæдыдысты, фæлæ — бæрцыл, æгъдауыл. Фыдæлты заман дæр уыди, магусайæ æмæ æнæуагæй чи базæронд, ахæм хистæртæ. Фыдæлтæй баззад ныхасæн, лæппу рæдиаг у, зæгъгæ, æмæ йын хатыр кодтой уыцы хуызы, фæлæ лæппуйæ рæдийæгтæ хистæрты хъусдардæй афоныл сæ рæдыдтæ куынæ раст кæной, уæд фæстагмæ æгъдау халджытæ свæййынц.

Æмткæй адæймаджы хидарыны уагæн бирæ хуызтæ уыди фыдæлты заман, фæлæ сæйрагдæр хатыдтой дыууæ уаджы: иу — сылгоймæгтæн, иннæ — нæлгоймæгтæн, æмæ сæм хицæнтæй æркæсæм.

Нæлгоймаджы хидарыны уаг. Нæлгоймаг гуырдзон буарæй уыди фидардæр. Нымад цыди фыды, мыггаджы туг æмæ ном хæссæгыл. Нæлгоймаг хъаруджын æмæ æрхъуыдыджынæй, кондджын æмæ уындджынæй, ныфсхаст æмæ амалджынæй куыннæ фидыдта æмæ ахадыдта адæмы цæсты, фæлæ уыдонимæ кастысты йæ уагмæ. Цыфæнды хъаруджын æмæ кондджынæй дæр нæлгоймаг магуса у, цæлуарзагæй гуыбыны фæдыл цæуы, æнæуагæй йæхи æвдисы, уæд дзы ирон фæрнджын æхсæнады кад нæ уыди. Цыппæрдæс азæй фæстæмæ лæппутæ хызтысты усгурты кармæ æмæ бартæ хынцгæйæ æххæст кодтой сæ хæстæ куыд хистæрты, афтæ кæстæрты раз дæр. Нæлгоймаджы ном хæссынæн ирон æхсæнады цас хæрзтæ æмæ хæрдзтæ хъуыди, уыдонæн банымайæн дæр нæй алы уавæрты рæстæг æмæ бынат, бартæ æмæ хæстæ бæстон хынцгæйæ, æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады тæгтæм комкоммæ амонгæйæ куыд бынаты, афтæ фæндагыл дæр. Нæлгоймагæй сылгоймаджы астæу æрдзон-гуырдзон уагыл цы хицæндзинæдтæ уыди, уыдон зонгæйæ æмæ хынцгæйæ нæлгоймаг худ хаста сæрыстырæй æмæ йæ фидардæр буарыгъæдæй æххуысы, ныфсы лæггæдты цыди сылгоймагæн æппæт куыстæгты æмæ æгъдæутты дæр. Æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады тæгтæ халын æмæ кайынæй нæлгоймаг хордта йе ’ууæнк адæмы астæу лæппуйæ зæронды бонмæ. Туджы хæстæгады тæгтæ æххæссыдысты авд фæлтæрмæ, æмæ рæзгæ цоты удыгъæды ныййарджытæ уагътой хæстæгады хъомыс куыд фыды мыггаджы, афтæ мады мыггаджы æрдыгæй дæр. Лæппу æмæ чызг куыд рæзыдысты, афтæ æхсызгоны æнкъарæнтæ бæллиццаджы нысæнттæм тырныдтой, æмæ сын хъуыди иугъæдоны хъусдард æгъдауы æмæ туджы хæстæгады уагыл. Уыйадыл, дзырдтам ыл раззаг сæргæндты, хæдзары сывæллæттæ сæ фæрнджын ныййарджыты æрвылбоны хъусдардæй зыдтой сæ тугæй æмæ æгъдауæй хæстæджыты. Ахæм уаг æмæ фæткыл рæзгæ фæлтæртæ æгъдауæй хæстæджытæм æгъдауы монцæй кастысты, тугæй хæстæджытæм та кастысты туджы хæстæгады монцæй. Адæймаджы хидарыны уаг фарны фидар фæлгæтты æвæрдæй ысси ирон æхсæнады дзыллон намысы, дзыллон æфсармы барæн тæразыл æвæрдау, æмæ хомæ хойы нымд цæстæй кастысты, æфсымæрмæ — æфсымæры, чындзмæ — чындзы, сиахсмæ — сиахсы, каисмæ — каисы, мадырвадмæ — мадырвады, зонгæмæ — зонгæйы, хицонмæ — хицоны, æддагонмæ — æддагоны, хæстæгмæ — хæстæджы, уазæгмæ — уазæджы, марæгмæ — марæджы, давæгмæ — давæджы æмæ а. д.

Хидарыны уаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджыты астæу цыди карз тох фыдæй фыртмæ алы уавæрты æмæ афæтты. Фæзминаг миниуджытæ зындæр æххæстгæнæн уыдысты, фауинаг миниуджытæ æнцондæрæй æфтыдысты удæй мæгуырдæр, æгъдауæй цауддæрты къухы æмæ цыдысты сæ чъизи монцты фæдыл, æссæстой тугæй хæстæгады рæсугъд æгъдæутты сæ цъыф къæхтæй. Алчидæр ма акæсæд йæхи хъæубæстæм, йæхи мыггаджы цардыуагмæ, кæддæра дзы нæ разынид, æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады тæгтæ чи хæлдта йæ чъизи монцты фæдыл цæугæйæ, ахæмтæ... Иуы рæдыдæй рæдыд нæй, нуы азымæй — азым. Чъизи монцты фæдыл нæлгоймæгтæ дæр цыдысты æмæ сылгоймæгтæ дæр куыдæнæуагдæрæй. Гъемæ ахæм лæгтæм фæрнджын ирæттæ амыдтой хойы мой Кучо æмæ чындзы мой Боболæй...

Стыр хъыгагæн, абоны Ирыстоны æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады тæгтæн сæ тых сæттын райдыдта.

Нæлгоймагæй сылгоймаджы астæу цы сыгъдæг æрдзон ахастытæ и, уыдон хорз зыдтой фыдæлтæ сæхи фæлтæрддзинадæй æмæ уарзондзинады сыгъдæг хæрзтæм кастысты нымды цæстæй, къуызгæ уайсæстæй. Фæрнджын ирон хæдзары чызг æмæ лæппу иннæ мыггæгты лæппутæ æмæ чызджыты уарзтæй цъæх артау куы сыгъдаиккой, уæддæр, «уарзын дæ», зæгъгæ, кæрæдзийæн нæ загътаиккой, уыйас хиуылхæст уыдысты адæмы иумæйаг æфсармы раз. Адæмон сфæлдыстады уарзондзинады зарджыты баззад бирæ æвдисæнтæ сыгъдæг æнкъарæнты стыр нымды тыххæй, æмæ дзы иу уæлдай уæлмонцдæр уыд: «Авд азы уарзон кæмæн нæ уыди, уый та мын уарзтæн цастæ æмбары?!» Æцæгæйдæр, ахæм домæнтыфæлгæтты æвæрдæй нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы сыгъдæг æнкъарæнты рæзтæн æмхуызон бартæ нæ уыди. Лæппу ма æргом загътаид, хъуыддаг кæнын, зæгъгæ, фæлæ чызгæн æфсæрмаджы бынаты æргомæй уый ской кæнын нымадтой æнæуагыл. Уыцы уавæры хæлд цыдысты сылгоймаджы бартæ тæккæ бæллиццагдæр бонты, фæлæ уый хыгъд мад æмæ фыд, хæстæджытæ æмæ æмгæрттæ чызджы фæндонмæ рæстаудæнæй хъуыстой бæрæг æгъдауыл. Æмткæй адæймаджы хидарыны уагæн фыдæлтæ аргъ кодтой дыууæ сæйраг уазæй: иуырдыгæй, бæстон кастысты адæймагæн йæ азты хыгъдмæ — кармæ, иннæрдыгæй, хынцыдтой æгъдауы æмæ туджы хæстæгады тæгты цыфæнды уавæрты дæр. Ахæм фæлгæтты æвæрд уыди ирон æхсæнады стыр нымадæй нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы хидарыны уаг. Нæлгоймæгтæн дæр кармæгæсгæ нымад цыдысты сæ хидарыны хуызтæ, сылгоймæгтæн дæр. Уыйадыл баззадысты кары фисынтыл амадæй авдæныкконты, цумахъомты, куыстæххуысты, ахуырдзауты, чындздзонты æмæ усгурты, чындзыты æмæ сиæхсты, мадæлты æмæ фыдæлты хидарыны хуызтæ куыд кары, афтæ æгъдауы æмæ туджы хæстæгады ахастыты дæр. Мадæлтæ æмæ фыдæлтæй куыд уыди хистæртæ бинонты, сыхты, хъæуты, афтæ хынцыдтой хидарыны уаджы хоты æмæ æфсымæрты, хæрæфыртты æмæ æмхæрæфыртты, ходыгъдты æмæ чындзыты, файнустыты æмæ тиуты, æмсиæхсты æмæ æмдзуарджынты, мыггаджы æмæ мадырвадæлты, фысымы æмæ уазæджы картæ дæр.

Наши рекомендации