Рæстæджы нымад 4 страница

Фос хæрзадæн хæрынц цæвæгхосы, сæгътæ йын йæ уидаг дæр къахынц фæлмæн зæххыл. Цæвæгхосы нымадтой ирон адæм æргомлыг буары ’гасгæнæг кæрдæгыл. Йæ сыф ын армытъæпæнты æууæрстой пысырайау æмæ йæ хынцъыйæ æвæрдтой лыгыл æнгомбастæй, уыйадыл туг урæдта, лыг ныхæсти ’гасгæнгæйæ.

Æртæсыфон кæрдæг — тæрхъусгæрдæг. Æртæсыфон кæрдæгæн, тæрхъусгæрдæгæн хордтой йæ сыфтæ сывæллæттæ, фæлæ карджынтæн дæр зианы хос кæм уыдаид уыйбæрц сыгъдæгæй, хæрзадæй. Хæргæ-хæрын дзы хъазыдысты уарзын-нæуарзынтæй чызгæй, лæппуйæ, æмæ уыцы æгъдауæй бæрæг уарзондæр кæрдæг уыди рæзгæтæн дидинæг афон. Дидинæг та калдта дзæвгар бонты, æмæ йын цъырдтой йæ мыд. Æртæсыфон кæрдæгыл фос æхсызгонæй хизынц, фæлæ йыл уæлдай ахуыр сты тæрхъустæ, æмæ йæ уыцы номæй дæр уымæн хуыдтой.

Къуырма пысыра. Къуырма пысыра бакæсгæйæ судзаг пысырайы æнгæстæ у, фæлæ нæдæр æууæрдынæн бæззы, нæдæр хомæй хæрынæн. Ницы йæм ис судзаджы миниуæгæй, æмæ йыл уымæн ахæм ном сæвæрдтой нæ фыдæлтæ — къуырма, мæнг пысыра, афтæмæй æрдзон мидисæй у æххæстдзаг. Судзаг пысырайæ дзæвгар фæстæдæр фæзыны уалдзæджы æмбисы. Ис ын цыппæрдигъон лыстæг зæнг арæх сыфджынæй æмæ калы урс дидинæг суанг фæззæгмæ. Судзаг пысырайау нæдæр арæхæй зайы гуппаргай, нæдæр бæрзонд цæуы. Фæлæ йын фенæн ис ныллæг хъæдбынты, пыхсгæрæтты, хуымты ауæдзты, æрхыты, лæнкауты, уымæлдæр аууæтты. Уазалæн у фидар, æмæ æрæгвæззæгмæ кæны тау, калы дидинæг. Уыйадыл йæ сыфтæй ирон æфсинтæ æфтыдтой дзæхæраджынтæм. Æмткæй райсгæйæ та у хосы кæрдæг. Дидинæг калын афонæй фæстæмæ дзы тыдтой, хус æй кодтой цайæн, хуылфыдзаумæттæ дзæбæхгæнæн фыхæн. Йæ фыхдонæй гæзæмæ хъæрмустæй сылгоймæгтæ æхсадтой сæ дзыккутæ сыгъдæджы, фидары уагыл...

Цъиудзæхæра. Лыстæг дæргъæццон сыфтæ йын ис цъиудзæхæрайæн гæзæмæ сырхбын æмæ цъæхбын уадздзæгтимæ. Зайы ныллæг зæнгтимæ губакгай хуымы кæрæтты, ауæдзты, уыгæрдæнты, фосдарæнты, хъæдбынты. Тынг донджын у. Хомæй йæ нæ хордтой. Фыхтой дзы æндæр кæрдæджытимæ тæнæг цымгæ фиуимæ, æхсыримæ, фæлæ цæхæраджынæн æндæр кæрдæджытимæ тынг фидыдта хæрзадæй, хæрздæфæй. Мæргътæ йыл тынг хизынц, уæлдайдæр карчы цъиутæ, æмæ йæ уыцы номæй дæр уымæн хуыдтой фыдæлтæ.

Сындздзæхæра. Зайы фæлмæн мæры (фылдæр конд хуымты) губакгай. Кæны гæзæмæ зæнг йæ нæл. Сылгæрдæгæн ис даргъ æмæ фæтæн бæзджын сыфтæ. Сыфты æнхъырдтæ кæрæтты ис сындзытæ бæрæг тасагдæрæй. Куыддæр сыфтæй ратонай, афтæ се ’хсыр акæлы уыцы арæхæй. У донджын цæхæраджынæн, фыцгæйæн. Фос æй тынг хæрынц, уæлдайдæр зæддагæй. Ирыстоны зайы арæхæй хохæй быдырмæ суанг фæззæгмæ.

Хъысхъысаг. Хъысхъысаг у саталаты хуызæн фæлурсбын донджын кæрдæг. Кодтой дзы цæхæраджынтæ æндæр кæрдæджытимæ, фыхтой дзы цымгæ фиуимæ, æссадимæ. Зайы хуымты, уыгæрдæнты, хъæдбын фæлмæн мæрыл хохæй быдырмæ. Тонгæйæ дæр кæны къухты астæу хъыс-хъыс, кæрдгæйæ æмæ æууæрдгæйæ дæр, æмæ йыл уыцы ном дæр уымæн сæвæрдтой.

Футæг. У хæрыны кæрдæг, цæхæраджынæн бæзгæ. Зайы хъæздыгдæр мæрты: хуымты, фосдарæнты, æфтауцуæтты, фæзты. Кæны зæнг, калы дидинæг, æмæ йæ дидинæг калæн рæстæгмæ фæйнæрдæм йæхиуыл ахæцы. Хъыгдарæг æй нæй, уæд фидар ставд зæнг суадзы æмæ сыфтæрджынæй æрцахсы зæхх æмвæтæнæй. Тынг æй хæрынц фос, цæхæраджынтæн æмбисонд у иннæ кæрдæджытимæ.

Лебæда. Лебæда у хæрыны кæрдæг иугæндзоны къабузджынæй, сыфджынæй. Зайы хохæй быдырмæ ныллæгдæр, фæздæр хъæздыг мæрты. Кæны стыр зæнг, æмæ йын йæ сыфтæ тыдтой цæхæраджынтæн, цымгæйы фыхтæн. Тынг æй хæрынц фос, уæлдайдæр хуытæ. Футæг æмæ лебæда иумæ хорз фидауынц фæрсæй-фæрстæм зайгæйæ дæр æмæ цæхæраджынтæн, фыцгæтæн дæр. Лебæдайæн йæ сыфтæ хомæй хордтам, йæ зæнг ын стыгътам хæрынæн.

Гогодзæг. Гогодзæг у хæрыны кæрдæджытæй бæрæг цымыдисагдæр. Зайы адæймаджы фезмæлæнты пысыра æмæ дугъысыфау, лæджирттæгау, цыма йæхи цæстмæ дары, мæнæ-ма ракæс, дæ разы цы диссаджы лæвар хæринаг зайы, æмæ йæ куыннæ уыныс?! Фæзыны рагуалдзæджы æмæ цъæхæй дидинæг калы суанг æрæгвæззæгмæ. Ис ын тымбылгомау фæлмæн сыфтæ. Зæнг скæны æмæ уый фæйнæрдæм къабузтæ ауадзы. Уыдоныл фыццаг фæзыны дидинджытæ, стæй гыццыл гуымбылтæ. Адджын — хæрынæн цы йæ сыфтæ, цы йæ гуымбылтæ. Уалдзæгæй фæззæгмæ сыл уæрыччытау хызтыстæм мах сывæллæттæй æмæ-иу сæ гуымбылтæй хистæртæн дæр ратыдтам нæ армытъæпæнты. Дидинджытæй цы гагатæ равзæры, уыдон фæйнæрдæм рæзын райдайынц тъæпæнтæй æмæ фæстагмæ свæййынц къухы æнгуылдзы ныхы йас гуымбылтæ, гогодзæджы гуымбылтæ. Гъемæ, цыхты хуызæн уыдысты махæн, уæды сывæллæттæн, хæрдæххуыс. Гогодзæджы сыфтæй тыдтой цæхæраджынтæн, цымгæйы фыхæн уæды мадæлтæ-æфсинтæ. Ныр сын сæ хуыз дæр ничиуал бæрæг зоны, афтæмæй нæ фæнды æнæниз уæвын.

Мыстыхъус. У хæрыны кæрдæг, зайы къæдзæхты дæлбазырты хъуынахæст мæрыл, тъæпæн дурты сæртыл арæхæй, хъуынагæрдæгау кæрæдзиуыл хæстæй. Ис ын лыстæг къалиутæ, уыдоныл — дæргъæццон гыццыл сыфтæ. Уыдон хæргæйæ сты гæзæмæ туагæй донджын, адджын, æмæ сæ хордтам фос хизгæйæ, æрдзы хъæбысмæ халсармæ цæугæйæ æхсызгонæй.

Дугъысыф. Дугъысыфæн хæрыны кæрдæг рахонæн нæй æмткæй. Цæхæраджыны кæрдæджытæм æй æфтыдтой, фæлæ йæ хибарæй хордтой хуылфнизты дзæбæх кæныны уагыл куыд хомæй, афтæ фыхæй дæр. Мастад кæны, æмæ уыцы тæнгъæдæй дзæбæхырдæм ахады ахсæны, тъæнгты, игæры иугæндзон куыстыл, сыгъдæг сын кæны сæ уæлдай буарыгъæдтæ, хæринæгты баззайæццæгтæ, ахады улæфæнты æмæ рæуджыты сыгъдæгыл. Хордтой йæ ногдзыдæй, сыгъдæг æхсадæй хомæй лæджирттæгимæ иумæ. Дыууæ кæрдæджы дæр сты донджын. Лæджирттæг хæрзаддæрæй у æнцондæр хæрæн. Дугъысыф мастæй у зындæр хæрæн, æмæ иумæ хæргæйæ кæрæдзиуыл хуыздæрырдæм ахадынц. Фыццаг хæрдæн у маст дугъысыф, фæлæ йыл куы фæцахуыр уа адæймаг, уæд фæстагмæ садджын вæййы зæрдæисгæйæ.

Дугъысыф æмæ лæджирттæг фæзынынц уалдзæджы уыцы иу рæстæгыл. Сты уазалæн фидар, цалынмæ сыл æрæгвæззæджы уазал халас нæ сæмбæлы, уæдмæ цъæх дарынц адæймаджы цæрæнбынæттæм хæстæг рæтты. Лæджирттæджы хуызæн дугъысыф дæр зайы хохæй быдырмæ цалдæр хуызы. Иу хуызæн ис даргъ, бæзджын фæтæн сыфтæ, æмæ йæ нæлæг калы дидинæг. Губакгай зайы дугъысыф, æмæ астæуæй суадзы лыстæг зæнг хоры æфсирау, ууыл вæййы арæх мыггæгтæ. Уыцы мыггæгты ис йе ’рдзон тыхы фылдæр хай, æмæ сæ тонын хъæуы иумæ зымæгмæ хустæн. Хус сæ кæнын хъæуы дымгæдзон аууоны сыгъдæг ран. Дугъысыфы æмæ лæджирттæджы хустæн сæ фыхдон хæрзад у цымынмæ дæр, нуазынмæ дæр гæзæмæ сæкæримæ, науæд та æнæ уымæй. Сæкæры дон адджын цы у, æндæр сафы хосы кæрдæджыты æрдзон хъомыс, æмæ нæ фыдæлтæ хосы кæрдæджыты дон нызтой, цымдтой æрдзон уагыл сыгъдæгæй. Сафыроны низæн кæрдæджыты донæй хуыздæр хос нæй. Дугъысыфты дидинæгдзыдæй къахтой æдуидæгтæй, æхсадтой сæ сыгъдæг доны æмæ сæ фыхæй кодтой ваннæтæ къæхтæн æндыснæгæй рынчынтæн.

Дугъысыфтæ æмæ лæджирттæгæн лыстæг карстæй лæмæрстой сæ дон æмæ йæ нызтой иу хуызæн хæрды размæ, иннæ хуызæн хæрды фæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хосты кæрдæджытæн хæргæйæ, сæ дон хомæй нуазгæйæ, фыхæй цымгæйæ хъæуы бæрц, афон, бынат. Куыдфæндыйæ, арвистонæй семæ архайæн нæй. Уæдæ алы хæринаг æмæ нуазинагимæ дæр пайдайы хос не сты. Карз нозтытæн бæрц, æфсис, бынат æмæ афон цы адæймаг нæ зоны, уый хосы кæрдæджытыл фысау куы хиза, уæддæр дзы хорзæй æнхъæлмæ кæсæн ницæмæ и. Иуæй-иутæм куы кæсай, уæд дыууæ-æртæ адæймаджы фаг цайы доныл армыдзаггай ныккалынц хус кæрдæджытæ, æмæ фырбæзджынæй фæкæны хъамылгæрдæджыты доны ад. Дыууæ хус сыфы дугъысыфтæ, иу ахæм лæджирттæг фаг сты аходæны цайæн дыууæ-æртæ лæгæн. Кæрдæг бирæ фыцгæйæ сафы йæ тых, æмæ фыцгæдоны куы алæууы дзæвгар, уæд у ахадæндæр бирæ хæрзаддæрæй. Цай фыцгæйæ зонын хъæуы, кæрдæджытæ иумæты хуыздæр кæцытæ фидауынц, уый.

Калакъода. Калакъода уалдзæджы фæзыны давонимæ. Уазалæн у фидар, æмæ давоны хуызæн хъарм уалдзæджы миты бынæй дæр йæ сæр сдары. У сылгæрдæг, уæлдай зæнг нæ кæны, дидинæг дæр нæ калы. Зайы дыркъуымтæ, æздыхтытæ фыдуынд уидагыл. Фыццаг фæзынгæйæ йæ цъæх æвзары зынæй равзардзынæ давæтты æвзарты астæу. Дыууæ кæрдæджы уыйбæрц æмхиц сты кæрæдзимæ хъæдбын адæгты, æмæ сæ алчи нæ рахатдзæни. Цалдæр хатты ахордтон калакъодайы æвзары давоны æвзары æфсон, æмæ хъæлæстæ арауы йæ фырсудзаг æмæ мастæй. Цæстысыгтæ дзы акæлынц. Хабар чи не ’мбара, уый тæрсгæ дæр фæкæндзæни, сæфты кæрдæг бахордтон, зæгъгæ. Дæргъвæтин хæссы йæ сыгъд, комарынгтæ, улæфæнтæ, ласæггаг суанг ахсæнмæ æлхынцъытæ райдайынц. Калакъодайы судзаг мастæн ис иунæг хос — давон. Цыфæнды судзагæй дæр дзы ахæр, æмæ сабыргай йæ маст фæцыдæр вæййы.

Цас рахатыдтон калакъодайы миниуæг, уымæй дзы мæлынæй тас нæу. Йæ судзаг масты та ис стыр æрдзон хъару адæймаджы æнæнизæн. Ницы йæ хæры. Æгæр истæмæй йыл зулкъ, бындз абадгæ никуы федтон, уыйбæрц дзы сæхи хизынц цæрæгойтæ. Йæ сæвзæрынæй йæ бахусмæ дары æнахуыр тарбын цъæх. Зайы губакгай дæр æмæ иугай дæр. Сыфгæрдæг у, ис ын сыфы зæнг. Бæрзонд нæ цæуы. Зæххыгъæдмæ кæсгæйæ кæм гыццылдæр сыфтæ уадзы, кæм та — стырдæр. Фос дæр æм не ’вналынц. Уалдзæджы æмбисыл æй хæхты адæм тыдтой (фылдæр Хуссар Иры) æмæ дзы бæстон кæрæдзиуыл быдæй хус кодтой зымæгмæ дзæхæрайы фыхæн. Дзыккутæ куыд бийай, афтæ йæ халгай кæрæдзиуыл ныхасгæ цу, æмæ хæлттæ хус кодтой дымгæдзон тыргъты ауыгъдæй. Ис ын æнæ бигæйæ дæр хусгæнæн хъæдын астæрдтыл. Зымæджы калакъодайы хустæй фыхтой, хостой сæ æфсæйнаг цыргъагæй кæнæ сæ карстой цæхæраджынау, стæй сæ фыхтой гæзæмæ ссадимæ, сдад фиуимæ тæнæг цымгæйау. Калакъодайы фыхæй хастой сыхбæсты хуынтæ хæдзарæй-хæдзармæ. Цы — йæ хæрдæн æххуыс, цы — йæ буарæн хос. Стыр кадджын уыди Рацъгомы гуырдзиаг адæммæ. Уымы хъæдты тонынафон адæм, тынгдæр сылгоймæгтæ, калакъодадзуан кодтой, æмæ дзы хæстæджыты иунæг сыф дæр нал ссардтаис æнæ тындæй. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ дзырд йæхæдæг дæр у гуырдзиаг адæмы æрхъуыды. Тонын дæр æй райдыдтой нæ фыдæлтæ уыдоны хынцмæ. Гуырдзиаг адæммæ калакъодайы хустæй хæринаг кадджын у нæ заманы дæр, уæлдайдæр — хæххон хъæуты.

Раст зæгъгæйæ, быдыры цæрæг ирæттæй, калакъода цы у, уый бирæтæ нæ зонынц, афтæмæй амы хъæдты у бирæ арæхдæр, æмæ æнæ хъусдардæй баззайы. Æз дзы æртонын, æмæ сæ фыхдон дæр у удыхостæй иу...

Цъил — цъилгæрдæг. Хохæй быдырмæ Ирыстоны хъæдты зайы хæмпæлгæрдæгау, фæлæ дзы адæм ницыхуызы пайда кæнынц. Афтæмæй мыхуыры фæрстыл дæр вæййы бирæ æрмæджытæ, ногдзыдæй хæрынæн кæй бæззы æмæ дзы хостæ дæр кæй кæнынц, уый фæдыл. Цъилгæрдæгæн ис хъæдты æмдзугæнæг кæрдæджытæ дыууæ хуызы, æмæ дзы иуы ногдзыдæй тыдтам хомæй хæрынмæ. Фыцгæйæ дзы кодтой æхсыримæ цымгæгонд хæринаг, æмæ диссаджы хæрзад уыди. Ныр уыдæттæ дуджы æлхæнæггаг хъылматы аууон фесты нæ бæззыны æдзæлгъæд уагыл.

Гъемæ, диссаг уый у, цивилизацийы адæмы номæй ирон дзыллæйы ахуыргонддæр минæвæрттæ сæрбæрзондæй кæй кæсынц фæсарæйнæгты нырыккон царды хуыздæр фæлтæрддзинадмæ. Цъилы ногдзыдтæй скæсæйнаг бæстæты фыцынц, кæнынц дзы диссагæн хæссинаг хæрзад аслам хæринæгтæ, мах та йыл цоппай кæнæм æнæрхъуыдыйæ.

Хъæндæл. Хæрыны кæрдæджытæй хъæндæлæй хъомысджындæр ницы у æрдзон уагæй, афтæмæй йæм бирæтæ кæсынц сæфты хосы цæстæй. Уидагæй сæрмæ у судзаг. Хурбонты йæ æддаг рыгæй, уымæлæй адæймаджы буар кæм фæхъæстæ уа, уый басудзы æмæ сырххъулæттæ свæййы. Къухты армытъæпæнтæн æмæ къæхты бынтæн æдасдæр у, æндæр иннæ буарыл йæ сыфты къусбынты æртæхтæ кæм æрхауой-æртæдзой, уым стæджы онг басудзы, æмæ тынг æрæгмæ дзæбæх кæны йæ хъæдгом. Хъæндæлы уыцы миниуджытæ фос дæр хатынц се ’рдзон хъуыдыйæ æмæ йæм хæстæг нæ цæуынц. Хизгæйæ зилынц йæ фæрсты, æмæ дзы хуыскъаг стуртæ, сæгътæ ма ахæрæнт гыццыл, æндæр æнæвнæлдæй уæрæх айсы йæ сыфтæ, бæрзонд схæцы йæ дидинæгджын сæрыл. Уымæл хъомысджын мæрыл зайыныл архайы. Суадæтты былты йæхиуыл схæцы уыцы баронæй. Иу хуыз дзы у сылгæрдæг æмæ зæнг нæ кæны. Иннæ хуыз — нæлгæрдæг, æмæ кæны ставд бæрзонд зæнг. Уый ногдзыдæй вæййы фæлмæндæр, донджындæр. Цалынмæ уыцы зæнг дидинæг нæма акалы, уæдмæ йæ лыг кæнынц бындзарæй арæхстгай, йæ дон къухтыл, буарыл куыннæ æркæла, афтæмæй. Хъæуы йын лыгкæнынæн дæр цыргъ кард, стигъынæн дæр. Ис ын бæзджын цъар, æмæ уый бæстон бастигъ, стæй йæ карды комæй арæхстгай ныххаф. Хафгæйæ йæ судзаг æхсæны цъар дæр асыгъдæг вæййы, æмæ фæбæззы хæрынæн. Хъæндæлæн стигъæн нæй æнæ кардæй, афтид къухæй сæнк куыд астигъай, афтæ. Æнæзонгæ адæймаг æй дæндагæй, былтæй стигъыныл куы афæлвара, уæд, мæйæ зæгъон, æмæ фылдæр, йæ былтæ тæппæлттæй фæхæсдзæни артæй сыгъдау.

Уыцы æрдзон миниуджытæ хынцгæйæ хъæндæлмæ хъæуы æвналын арæхстджынæй. Хъæндæлы зæнгтæ æмæ сыфтæй хæххон ирон адæм æвæрдтой зымæгмæ дæр цæхджынтæ-цъымилитæ бæрæг фæткыл. Ногдзыд зæнгтæ æмæ сыфты хъæдтæ фыхтой æмæ фыцгæдон калдтой, стæй фых хъæндæлты кæрстытæ æвæрдтой сахаты бæрц дыууæ фæлтæрæн уазал доны, æмæ-иу сæ хъыггаг ад ацыди доны. Уыйфæстæ сæ æвæрдтой гæзæмæ цæхджын доны исты мигæнæны зымæгмæ хæрынæн.

Хъæндæлы сыфтæ æмæ мыггæгтæ хусæй сты хос, æмæ сæ тонын хъæуы дидинæг калын афон хурбон. Хусгæнинаг сты дымгæдзон аууоны. Куы схус уой, уæд сæ æвæрын хъæуы гæххæттын кæнæ хъæдын æнгом ацыччыты, науæд сæ хъару сæтты. Хорз сты бæрцыл фыхæй цайæн, æрмæст бæрæг афоныл. Хъæндæлы цай, фыхдон тайæндæр у хæрды фæстæ. Нæ фидауы карз нозтытимæ, уæлдай цæхджын хæринæгтимæ. Хосы, æнæнизы уагыл хъæндæлмæ ис бирæ хъомыс, æмæ уыцы уаг хорз æмбарынц хæдзарон фосæй сæгътæ æмæ фæззыгон фырытæ, стæй хъæддаг сырдтæй — сагтæ, сычъитæ æмæ дзæбидыртæ. Уыдоны куыртæ фæззæджы тæрæнгæнæнты хæрынц хъæндæлы, цæхгæры, хуырзæнджы, сæнчы æмæ дзæлæуы хъыггаг мыггæгтæ, уыйбæрц ахъаз сты æрдзон-гуырдзон тыхæй цотхалы рæзтæн. Уæдæ хæдзарон фосмæ хусгондæй кæнæ доныл фыхæй хъæндæл хæццæ кæны хæргæйæ, нуазгæйæ, уæд сæ игæртæн сасийæ тас нæу. Цъымарайы хизгæйæ фосæн сæ игæрты фæзыны саситæ, æмæ хæрынæн дæр нал фæбæззынц аргæвдгæйæ. Уыйадыл сæ уыцы низæй дзæбæхгæнæн ис хъæндæлы руаджы. Саситæй фæрынчын вæййы адæймаг дæр, бафты йыл сафырон чъизи дæттæ æмæ карз нозтытæ арæх нуазгæйæ, алы æлхæнгæ хъылматæ хæргæйæ, æмæ йын хъæндæлы дон вæййы фервæзыны хос бæрцыл, æгъдауыл нуазгæйæ.

Цъоза. Цъоза у хæрыны кæрдæджыты зындгонддæртæй, кадджындæртæй иу. Мах, Хъæдысæры хъæуы Айларты, хуыдтой Туалгомы цæрджытæ цъозахортæ, æмæ раст дзырдтой. Уыди нæм сæрмагонд бынæтты нæмттæ: Цъозаджын адаг, Цъозаджын фæсрагъ, Цъозаджын хъугом. Уымыты цъоза зади уæлдай арæхдæрæй, хæрзаддæр æмæ ставддæрæй губакгай, цыма сæ таугæ исчи кодта. Туалгомы хъæуты та цъоза нæ зади стыр хъыгагæн... Гъемæ, раст зæгъгæйæ, цъозайæ хæрзаддæр, тайæндæр, донджындæр хæрыны кæрдæджытæй нæй. Фæзыны Ирыстоны быдырты хъæдты æрдузты, адæгты раздæр, хæхбæсты та — фæстæдæр, фæлæ йæ афон вæййы уалдзæджы кæронмæ хæстæг. Цасфæнды дзы куы бахæрай, уæддæр риссын нæ кæны, донджынæй у тайæн. Хуылфыдзаумæтты сыгъдæгæн хуыздæр мадзал нæй. Ногдзыдæй у æнцон стъигъæн. Йæ сыфтæ кæнынц æргом мастад, æмæ йæм фос æхсызгонæй не ’вналынц. Цæгатварсæй цъозатæ арæхдæр сты хъæдрæбыны хъæутæм хæстæгдæр бынæтты. Кæмтты йыл сæмбæлæн ис Хъобангомы рæгътыл, Хъосæджы дæлвæзты. Хуссар Иры кæмттæй арæх у бирæ рæтты.

Гæнгæлы. Гæнгæлытæ сты æртæ хуызы: иутæ зайынц хоры хуымты, иннæтæ — уыгæрдæнты, аннæтæ — хъæдты, æмæ сæм ирон адæм дзырдтой æртæ номæй — хуымы, уыгæрдæны æмæ хъæды гæнгæлытæ. Гъемæ уыцы æртæйæн дæр уыди бынатмæ кæсгæйæ æртыгай хуызтæ: сырх, цъæх æмæ урс дидинæгджынтæ.

Хуымы гæнгæлы зади хохаг хуымты æртæ хуызæй: иу хуыз калдта урс дидинæг, иннæ — сырх, æртыккаг — цъæх. Æртæ хуызы хуымы гæнгæлытæн дæр уыди æмхуызон уидæгтæ, зæнгтæ æмæ сыфтæ. Уидагæй æвзæрд хуыскъæл — хохаг хуымы хуыскъæл. Уый уалдзæджы хъармыл уагъта лыстæг уидæгтæ, кодта зæнг сыфтимæ хуымгæнæнты фæстæ. Хуыскъæлы зæнгтæ цалынмæ ногдзыд уыдысты, дидинæг калдтой, уæдмæ бæззыдысты фæлмæнæй хæрынæн. Стигъгæ сæ нæ кодтой, уыди сын æртæ хуызæй дæр лæгъз буар. Æхсæстой сын сæ сыфтæ æмæ сæ адджынæн хордтой чысылæй стырмæ. Дыккаг рувын афонмæ хуымы гæнгæлытæн сæ уидæгтæ уагътой лыстæгдæр гагатæ, æмæ уыдон мæймæ рæзтысты картофы бынау. Уыди сын тæнæг цъар, æмæ æхсгæйæ æнцонæй стыхсти. Уыцы ног мæйдзыд хуыскъæлты хуыдтой фыдæлтæ мæкæрæзтæ. Гæзæмæ цæхдзыдæй сæ хордтой хæхбæсты цæрджытæ. Хуымы гæнгæлы фæхъæбæр, йæ дидинæг мыггаг скодта, уæд у хуымгæрдæн, æмæ уырдыгæй иннæ азы рувæнтæм мæкæрæз уыди хуымы хуыскъæл, æмæ йæ сывæллæттæ къахтой рагуалдзæджы.

Уыгæрдæны гæнгæлытæ дæр уыдысты æртæ хуызы: иу калдта урс дидинæг, иннæ — сырх, æртыккаг — цъæх, æмæ сæ адæм хæрзадæн хордтой. Уыгæрдæны гæнгæлытæн уыди æмхуызон уидæгтæ æмæ задысты æфтауцуæтты, дарæнты, фæлмæндæр мæрты. Хъуыддаг уый мидæг уыди, æмæ æрдзон уагæй хуымы æмæ уыгæрдæны гæнгæлытæ æмдзу кодтой адæймаджы цæрæнуæттимæ, фосы æмæ зæххы куысты хуызтимæ, хоры æмæ фосы æфтиæгтимæ. Хæххон хуымтæм цалынмæ фосы фаджыс хæццæ кодта, цалынмæ æртæ хуызы мæнæуы, хылепайы, хъæбæрхоры мыггæгтæ тыдтой, цалынмæ сæрвæтты фосы уæтæртæ уыди, уæдмæ æртæ хуызы гæнгæлытæ дæр задысты. Ныр хортæ ничиуал тауы хæххон хуымты, фосы уæтæртæ ничиуал дары сæрдыгон хизæнты, æмæ гæнгæлы сихсыд стæм рæттæй фæстæмæ, хуыскъæлæн та йæ кой дæр нал и...

Наши рекомендации