ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ХИДАРЫНЫ УАГ 4 страница

Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ цы сывæллоны цæстытыл нæ уадысты алы нывтæ? Бæстæ-иу æмæзмæлд сси хæдзары дзаумæттæй хъæддаг цæрæгойты онг. Кæм-иу ыл худæг бахæцыд, кæм тасы дæр уыдаид бирæгъ æмæ арсы коймæ. Алы нывтæ уынгæйæ, хистæрты цыбыр æмæ аив ныхæстыл куыннæ ахуыр кодтаид бафæзмыны, рафæлхатыны уагыл.

Æмбæхсджытæй сæрдыгон хъæугæрæтты, фæзты, донбылты, хъæдты уæлдай диссагдæрæн хъазыдысты. Иу уыдаид агурæг, цалдæр æмбæхсæджы. Агурæг цæстытæ цъындæй нымадта, цалмæ бадзырдтаиккой, уæдмæ, стæй цыди агурæг. Кæм нымадта, уыцы бынатмæ сусæгæй хъуызыныл архайдтой æмбæхсджытæ. Уырдæм дзы иунæг куы баирвæзтаид æнæ агурæджы фенгæйæ, уæддæр къордæй æмбылдтой, науæд та уыдысты кæроны онг агуринаг-судзинаг.

Æрдзы хъæбысы хъазгæйæ цынæ худæджы ныхæстæ фехъуыстаис агурæгæй: «Фæцæуын, æмæ цырд лæуут, науæд уæйгуытæ æмæ гуымиритæ, богъдабитæ æмæ гобатæ, æрсытæ æмæ бирæгътæ, рувæстæ æмæ сæлавыртæ мемæ сты. У-гъу-гъу, о-гъо-гъо! Кæуыл уæ æрхæст уон, уый ма хъæуы, æмæ — нал».

Чысыл сывæллæттимæ хъазы хъомыл адæймаг искуы хъолоты, къудзиты астæу, дурты фæстæты, уæд сæ разæнгардимæ тæрсын дæр кодта, алы диссæгтæ мысгæйæ: «Дзыгынатæ æмæ уæркотæ, годотæ æмæ уæстæ, ацы тархъæды бирæгъæй нæ тæрсут, бирæгъæй?! Дзибатæ æмæ бæдултæ, рувас дæлбынты зилы, цæргæс уæлæрвты тæхы. Афтæмæй уæ ауыдтой!»

Дугъы згъорджытæй, уайынтæй хъазты архайдтой лæппу фæсивæд каргай, къордгай, къæйттæ-къæйттæй. Ерысы, хъазуаты фæлварæн дугъты лæппутæ нæдæр æмбулгæ исты кодтой, нæдæр мысайнæгтæ æвæрдтой. Хъазты мидис арæзт уыди иунæг нысаныл — æзфæраздæроныл. Æвæрдтой арæнтæ — дугъы райдайæн æмæ кæрон. Арæнæй-арæнмæ кæнæ иугæндзоны лæгъз хаста дугъы фæндаг, кæнæ дзы уыдаид цæлхдуртæ æрдзон уагыл: кæм доны бахизæн, кæм хæрды суайæн, кæм та уырдыджы атындзæн. Уыдонимæ уадысты лæбырдты, рындзæй-рындзмæ багæпгæнæнты, бырыдысты къæдзæхтыл, лæстысты доны сæрты лыстæг лæгъз хуылыдз хъæдыл. Цæвиттоны хъуыддагæй, кодтой лæппувзарæнтæ, уымæй дæр фылдæр хæттыты бæгъæмсар æмæ бæгъæмвадæй.

Хæхбæсты ахæм дугъон лæппутæ æрæййæфтон, æмæ бæхæй рæвдздæр чи уади хæрдаив, уырдыгаив нарæг къахвæндæгтыл.

Дурæппарæн хъазт. Хъазыдысты дзы фылдæр астæуккаг æмæ хистæр кары лæппутæ, стæй лæгтæ дæр. Дур æппæрстой зилгæармæй, зилгæцонгæй, кæнæ армытъæпæнæй уæхсчы сæрты. Фыццаг хуызæн дур дарддæр хаудта, фæлæ æппарæн дуртæ дыккагæн уыдысты егъаудæр-уæззаудæр.

Дуртæ æппæрстой мысанæй-мысанмæ, тигъæй-тигъмæ, доны иу фарсæй иннæмæ. Тымбыл лæгъз дуртæ гыццыл иуварсæй æппæрстой æддæгуæлæ уæлхæдзæрттæм, стæй мæсгуыты сæрмæ.

Ацы хъазты астæуы фидар æмæ уæнгты хъару куыннæ хъуыди, фæлæ æнарæхстæй дард нæ хаудта. Арæхст та æвзæры æрвылбоны фæлварæнтæй, æмæ хъæуты ныхæсты уыди сæрмагонд рæсугъд дуртæ æппарынæн, æрвылбоны фæлварынæн.

Дурисджытæй хъазт. Ам дæр æрдзон тыхимæ хъуыд арæхст, фæлтæрдад, науæд гуымиры хъаруйæ искæйæ тыхыскъуыд, цæрмартæн дæр фæуыдаид лæг. Тыхæвзарæн дуртæ алыхуызæттæй алы хæххон хъæуы ныхасы дæр уыди æмæ зындысты бæрæг лæгъздæрæй, ихсыддæрæй. Æвзарæн дуртæ истой иугай, дыгай лæгтæй, иугай æмæ дыгай къухтæй, хастой сæ бæрæг арæнмæ, æбæрдтой сæ сисыл, стæй сæ истой фæстæмæ.

Дурфæлдахджытæй хъазты архайдтой уæлдай тыхджындæрæй. Фæлдæхтой сæ иу фарсæй иннæмæ цæнгдыхæй, æнæ мæцъистæй. Фæлдахæн дуртæ уыдысты фылдæр цыппæрдигъон. Куыдфæнды ма уыдаид, дурисæн, дурфæлдахæн хъæзтыты тыхимæ хъуыди арæхст, æмæ ахæм заманты зæнгбæттæнтæ æмæ астæуы рæттæ æлвæстой тынгдæр.

Дурæхсджытæй хъæзтытæ дзæвгар уыдысты: æхстой галиу æмæ рахиз къухтæй, комы иу фарсæй иннæмæ, доны сæрты, бæрæг нысанмæ къуырæнгæйттæй, мидбынатæй — хæрдмæ. Æппæт хуызтæн дæр хъуыди арæхстдзинад æмæ фæлтæрд цæнгтæ. Æвæлтæрдæй цонг тынг рысти, æнарæхстæй дæ дур искæуыл дæр суадаид. Æмбисондæн дæр ма баззад: дур æхсын чи нæ зоны, уый йæ къæбут цæвы.

Уыди сæрмагондæй арæзт дурæхсæнтæ дæр саджилæг кæнæ æмраст телыгыл кондæй. Сæ хъæдын кæрæттыл бастой фидар гæны, гæрзы бæстæ æмбисастæуы хæлын къускимæ. Босы уæгъд кæроныл лæдзæгимæ хæцгæйæ хæлын къусчы æвæрдтой тымбыл дур, зылдтой йæ сæхи алыварс, стæй уæгъд кæрон куы айтынг уыдаид, уæд дур тахти йæ нысанмæ. Ахæм дурæхсæнтæй хæцгæ дæр кодтой фыдæлтæ бахъуыды бонты хъæутæм лæбурæг знæгтимæ.

Селайæ хъазт. Селатæн агуырдтой доны былты лæгъз, тæнæг фæлахс дуртæ, рæстæмбис хъæдын къусы æмдымбылтæ. Уыдонимæ хъуыди дурын кæнæ хъæдын къоритæ. Села — æппарынæн æмæ къуырынæн, къори — тулынæн. Дурын къоритæ ардтой донбылты, хъæдынтæн хорз уыдысты наз бæлæсты æмдымбыл гыццыл бызычъитæ. Хъазты фæтк уыди ахæм хуызы: дыууæ фарсы хъазджытæ æвæрдтой къори бæрæг ран, стæй йæм дæрддзæфæй радыгай æппæрстой сæ селатæ, æмæ кæмæн куыд хæстæгдæр абадтаид, афтæ раздæр уыд йæ хъазты рад.

Хъазтæн та бадзырдмæ гæсгæ ис бæрæг уаг: къори акъуырыны размæ дæ селайæ хъуамæ иннæтыуæттæ фæцæфтæ кæнай, стæй уæд бацархай къори дарддæр акъуырыныл. Йæ атулæн дæрддзæф нымад цыди къахы дæргъæй. Нымады нымæцтæ æфтыдтой иу радæй иннæмæ кæрæдзиуыл. Селатæ къоримæ æгæр хæстæг абадтысты, уæд æй къуырдтой къахы æххæлæй.

Къахы дæргъæй нымад цас фылдæр уыдаид иумæйаг бадзырдæй, уыйас хъазт дæргъвæтиндæр хаста, æмæ кæм нæ балæууыдаид къори къуыргæ-къуыргæйæ. Æнæраны бынатмæ батылд, уæд-иу æй рауылдтой астæумæ, фæлæ дæрддзæфмæ йæ фергъæвын уыди зындæр. Æмбылды чи фæуыдаид, уыдон иннæты хастой æккойæ хъæуы уынгты, науæд исты зарæг акодтаиккой.

Селайæ хъазыдысты лæппутæ уалдзæджы фыццаг сауты. Хъазæн фæзтæ митæй урс дардтаиккой, хъæуы уынгтæ та фæсаутæ, фæсуртæ сты адæмы, фосы къæхты змæлдмæ. Уыцы сауты хъазыдысты лæппутæ селайæ, æмæ сæм æхсызгонæй кастысты иннæ хъæубæстæ дæр.

Портийæ хъæзтытæ. Портитæ арæзтой уалдзыгон хъуынæй — фистæй. Хуыздæрыл сын нымадтой бæхты æмæ стурты хъуынтæ.

Хъуынызгъалæн афæтты галты, бæхты буар, фист хафтой сæрмагонд хафæнтæй. Уыдон арæзт уыдысты æфсæйнагæй, стæй хъæд æмæ хъисæй. Хафæггаг-сæрфæггаг фисты фæлмæнтæй арæзтой портитæ, æууæрстой сæ армытъæпæнты гæзæмæ хуылыдзæй.

Портитæй хъазыдысты сывæллæттæ хæдзары байбынты, кæрты æмæ уынгты, фæзты. Уыди сурæджы, ахсæджы æмæ цæвæджы, къухæй æппарæджы æмæ лæдзæгæй къуырæджы хъæзтытæ чызджытæй лæппуты астæу, науæд та хибæрттæй. Æмæ хъазт цыди æнæ уæлдай схуыстытæ, цъæхахстытæ, æлгъыстытæй.

Хъулæй хъазын. Кадджын уыдысты ирон адæммæ кусæрттæгты хъултæ бæрæгбæтты нывондæгтæй Æфсатийы раттинæгты онг. Уыдоны астæу бæрæг стырдæртæ æмæ мæстæгдæртыл нымадтой нæл сæгътæ æмæ нæл фысты, дзæбидыртæ æмæ сычъиты хъултæ. Хъултæн ма сæ цыгуæтты уæззаудæры, рæстдзæвиндæры тыххæй хуынкъæргомæй уагътой тад æзды æмæ æрхуы, æвзист æмæ сыгъзæрин.

Алы хъулæн дæр фыдæлтæ зыдтой хъазгæйæ æхсæз бæрæггæнæн фарсы: фыр æмæ цыг, сах æмæ тæу, хъан æмæ хъен. Уыдон нымад цыдысты барондæрæй, сæйрагдæрæй: сах æмæ тæу, хъан æмæ хъен, фыр æмæ цыг.

Фосæй хæдмæл ма фæуыдаид, æндæр иннæ кусæртты хъултæ æппарын нæ фæтчыди, сыгъдæггондæй сæ æвæрдтой сæрмагонд хъулдон къоппыты, хызынты æмæ сæ хъазыдысты нæлгоймæгтæ чысылæй стырмæ, æрыгонæй зæрондмæ. Кармæ гæсгæ та уыди алыхуызы хъæзтытæ: уилæн æмæ къуырæн, æппарæн æмæ ахсæн. Уилæн, къуырæн хъазты хуыздæрыл нымадтой рахиз фарсы хъултæ. Æппарæн, ахсæн хъазты архайдтой хæццæ хъултæй.

Хъулæй хъæзтытæ цыдысты ерысы уагыл зæхбын тыргъты, марзт уынгты æмæ сыджытсæр уæлхæдзæртты, зымæг над митыл æмæ куырæйтты донуадзæны дæвдæг ихтыл.

Хъултæ цæмæй хæрог-хырыз ма кæной, уый тыххæй сæ æппæрстой фыцгæ сойы, сæрст цыдысты æдзæх сæрдæнæй. Уыди, æнусæй фылдæр чи лæууыд, ахæм зындгонд хъултæ, æмæ хастой фыдæлты нæмттæ фондз, авд фæлтæры онг.

Хъулæй хъазты хъуыди цæсты фидар æмæ къухты арæхст, цуанон лæгау. Хъазыдысты дыууæ къухæй дæр. Хæстæгмæ хъул хъулæй цавтой æмæ къуырдтой къахы æххæлы бынæй, уымæй дарддæрмæ та хъавгæйæ, æрмиæхстæй.

Хъазты агъоммæ дзырдтой радыл кæнæ лæдзæгыл хæцгæйæ, кæнæ хъултæ уилгæйæ, стæй алчи йæ рад зыдта, æмæ дзы уæлдай фæлывд митæн бынат нæ зади. Бадгæйæ хъазыдысты къæйдзарыл, фæйнæгæй астæрдыл, фосдоны сæнарыл, бинаг нымæтыл, сæрвæты фыййауы уæлæдарæныл. Хъазыдысты æмбулджытæй, æккойæ хæсджытæй, аргъаугæнджытæй, зарынгæйттæй. Æрæвæрдтой-иу хъулты рæгъæй æмæ сæ адли дæрддзæфæй цавтой къуырдтой бæрæг къуырæн-цæвæн хъулæй кæнæ райдайæнæй кæронмæ, кæнæ æхсæнмæ æхсæнты, куыд бадзырдтаиккой, афтæ. Уилæн хъазтæй сæйрагдæрыл нымадтой хъулты æхсæз фарсæй иунæджы. Уымæгæсгæ уыди æхсæз хуызы уилæн хъæзтытæ — хъанæй, хъенæй, сахæй, тæуæй, фырæй æмæ цыгæй.

Сылгоймæгтæ тыччытæй куыд хъазыдысты хæрдмæ æппарынтæ æмæ армæй ахсджытæй, афтæ хъулæй дæр хъазыдысты.

Хъултæ рамбулын нымадтой кадыл, фембылды дæ, уæд ма дыл заргæ дæр акодтаиккой. Æгады зарджытæм та уыдысты зæрдæргъæвд уæды лæппутæ. Ныхасæн дæр ма баззад: «Цæй, дæ хъустæ цы ’руагътай, исты мын ерысы хъазты дæ хъултæ нæ фембылды сты?!»

Сæрмагонд къуырæн-цæвæн æмæ уилæн хъулты æмбылды номæн ничи лæвæрдта, уæдæ фыдæлты номыл хъултæ та уæлдай æфснайддæрæй хастой бæрæг æвæрæнты. Хъул адавын, бамбæхсын нæ фæтчыди, æмæ йæ нымадтой стыр худинагыл.

Хъултæй фарстой дæсны дæр. Дæсныфæрсæн хъултыл æфтыдтой дзуæрттæ æрхуы судзæнтæй. Сыгъзæрин æмæ æвзисты тад цы хъулты уыдаид, уыдоны хæсты заманты семæ хастой æфсады фæтæгтæ-раздзогтæ.

Икъайæ хъазт. Икъайæ хъазыдысты бадгæ бонты, фылдæр рагуалдзæджы тъæпæнсæр уæлхæдзæртты. Ивары тымбыл хæххытæ-иу æрзылдтой искуы сисрæбын, кæнæ тохынайы-ердойы раз, сыджытсæр тъæпæн уæлхæдзæртты.

Икъайæ хъазгæйæ иу къахыл гæпп-гæппæй згъордтой, иннæмæй æвзыстой-цавтой. Арæхстысты дыууæ къахыл дæр æмæ сæ радыгай ивтой ивары мидæгæй, æдде сын аивæн нæ уыди; нымадтой йæ сыгъдыл, æмæ уæд — нæмгæ.

Хъазты райдайæны нымайгæйæ, хъилыл армытъæпæнтæй хæцгæйæ æвзæрстой икъагæнæджы. Уый балæууыдаид ивары, балвæстаид йæ рон, схæцыдаид йæ дымджытыл уæлдæр иу къухæй, стæй раикъа кодтаид кæнæ галиу, кæнæ рахиз къахыл иннæты сургæйæ. Хъазты æмбæлттæ архайдтой къухæй æвналгæйæ йæ фесхойыныл, йæ басудзыныл. Фæлæ сæм хъазæг — икъагæнæг сæрибар къахæй фæйнæрдæм æвзыста. Къах сæ астæуæй дæлæмæ кæуыл аныдзæвдаид, уый нымад цыди сыгъдыл, æмæ архайдта ивармæ æнæ цæфтæй-схуыстытæй баирвæзыныл, науæд ын цырд лæппутæ йæ сæрыхъуынтæ дæр аууæрстаиккой æмхуызонæй. Икъагæнæгæн йæ къахы баныдзæвд астæуæй уæлæмæйыл ницы давта, æмæ иннæты ’хсæн зылди цъилау, риуыгъта сæ фæйнæрдæм. Рæвдз хъазы, арæхсы къахæй цæвынмæ, уæд иннæ лæппутæ йæ разæй лыгъдысты æмæ-иу уæлхæдзарæй миткалæнтæм агæппытæ кодтой иуæй-иутæ басудзыны тæссæй. Фæлæ икъагæнæг фæцудыдта, æрлæууыд дыууæ къахыл, уæд — æхсæны над. Кæрц ыл æрæййæфта, уæд ын æй ызгъуымырдæм йæ сæрыл æрфæлдæхтой, афтæмæй рæхуыстытæ, схуыстытæ, æлхынцъытимæ архайдта ивармæ баирвæзыныл тыхамæлттæй.

Уыди ахæм дæсны, хъæддых хъазджытæ, æмæ икъагæнгæйæ абухта Фыдуанийау, богътæ-футтытæ кодта арсау, æмæ дзы хъазты лæппутæ фæйнæрдæм лыгъдысты.

Зымæгон къусбарты-куывдты, стыр бæрæгбæтты заман икъайæ хъазыдысты лæппутимæ карджын лæгтæ дæр, æмæ уæд уæлдай цымыдисагæй зынди хъазт. Хистæртæ-иу фæйнæрдыгæй кастысты æмæ дзырдтой алы хъазæн ныхæстæ: «Гъа-ма, уæдæ, гъа, лæппутæ! Зæронд галæн хъæбæр хъæдæй — хъæбæр къæлæт. Дзæгъæлы йæ ныфс нæ хæссы. Авæрут ыл æфсондз дæр, хъуырбосимæ — тæбынгтæ. Йæ сыкъатæ — уырынгтæ, ацæгъдут ын йæ рыгтæ, авзарут ын йæ сыгтæ!»

Хъихъанайæ хъазт. Амонæг ныххæцыдаид йæ фындзыхуынчъытыл дыууæ æнгуылдзæй æмæ хъымхъымгæнгæ дзырдта: «Мæ гал кæвдæсы ныххаудта, авæрут мын цырæгътæ...»

Ацы хъазты бирæ дзырдæппарæнтæ уыди дыууæ фарсы хъазджытæм æмбæхсæгау, æмæ фæзмыдтой искæйты хъæлæсы уагæй, сидтысты фæдисмæ, æххуысмæ гуыбырæй, тыхстæй змæлгæйæ-цæугæйæ.

Фат æмæ æрдынæй хъæзтытæ. Æхстой нысан кæнæ иугæйттæй, кæнæ æмбæлттæй ерысы уагыл. Домдта къухты арæхстимæ цæстыты рæвдз. Амыдта комкоммæ рагон хæстхъом уагмæ. Ацы хъазтæй хъазыдысты алы кары фæсивæд æмæ нысанæн æвæрдтой къæйтæ, къоритæ, худтæ, æйчытæ хæстæгмæ, дардмæ. Æхстой фыдæлтыккон мæсгуыты сæртæм, стæй уыдоны рæдæнтæй — æддæмæ.

Фатæй фæлвæрдтой арвмæ æхсыныл дæр æмæ тæхгæ-тæхын æппæрстой маргъ.

Сæрмагонд бæрæгбæтты — къутугæнæнты æмæ куадзæнты фатæй æхстой хъæбæрхоры ссадæй конд къутутæ æмæ ахуырст æйчытæ.

Æхсгæ-уадæй фæлвæрдтой бæхтыл бадгæйæ дæр сæрвæтты, рæгъæутты.

Фæдæгъдæй хъазт. Фæдæгъдтæ арæзтой фæдæгъды бæлæстæй, стæй сæнчыты зæнгтæй. Хъазыдысты сæ донмæ хæстæджыты, суадæтты былты сæхи найгæйæ чысылдæр лæппутæ. Фæдæгъдæн дæр хъуылæгау уыди бырдæн, æрмæст æй арæзтой хæцъилы уынгæг бастимæ, йæ хæцæн та — раст уисæй. Нæмгуытæн дардтой къæцæлты чысыл лыггæгтæ, кæнæ та æнæ уыдонæй калдтой дон.

Æвзæрты, æнæуагты коймæ хистæртæй арæх хъуысти ахæм ныхæстæ: «Куыдзмæ гæрзтæ исæгау. Ахæмтæн нæмыг æвгъау нæу? Æвзæртæ куы сты, фæдæгъдæй æхсинаг».

Æхситтæнæнтæй хъазт. Хъæды бæлæсты цъары дон-сæт куы бацыдаид, уæд сывæллæттæ арæзтой æхситгæнæнтæ къæбырттæг æмæ сывылдзы рæхснæг, æнарх уистæй æмæ фæзмыдтой фыййæутты фосмæ сидæн мыртæ-хъæлæстæ, стæй сырддонцъиуты зарджытæ-зæлтæ, æз хуыздæрыл архайдтой ерысæй.

Нæухæрджытæй хъазт. Хъазыдысты нæудзарыл бадгæйæ цыргъ, лыстæг фæлахс кæрдтæй. Карды бырынкъæй галиу къухы ныхбыныл кæнæ армы уæлтъыфылыл æнцайгæйæ рахиз къухæй архайдтой æмæ йæ сагътой нæууыл æртæ хатты, æртæ хатты та ныхæй, роцъойæ цъылиф кæнгæйæ. Ацы хъазты хъуыди стыр арæхст кардимæ, науæд æваст сæрфгæйæ, цъылифгæнгæйæ лыгтæ цыди буар. Чи амбылдтаид, уый иннæмæн нæууы арф къæбæлтæ ныссагътаид, æмæ сæ ласта дæндагæй. Кæм ын нæ куымдтаиккой ласын, уым хордта нæуу дæр, уæдæ цы уыдаид, æмæ-иу сæ дзыхтæ сыджытæй байдзаг сты, стæй — донмæ згъоргæ.

Дзарийæ хъазт. Тынг рагон хъазт у. Хъазыдысты дзы карджынтæ дæр бадæн бонты. Хæстæг лæууы нырыккон саскæтæй хъазтмæ, фæлæ у дзæвгар вазыгджындæр. Дæргъæлвæст цыппæрдигъон-цыппæркъуымон фæзуат æрхахх кодтаиккой дзыгъа дурæй лæгъз къæйдурыл, стæй уыцы цыппæркъуымоны мидæг дыууæ æнгуылдзы фæтæнæй — ноджыдæр дыууæ цыппаркъуымоны. Уыдоны кæройнаг тигътæ иу кодтой раст хæххытæй, стæй алы фарсæн дæр æмгъуынастæуæй — иу ахæм æмраст хахх. Афтæмæй уади æртæ цыппаркъуымоныл цыппар æмæ ссæдз дзуарывæрды, æмæ сыл æвæрдтой нартхоры нæмыджы стæвдæн урс æмæ тар дуртæ æмбис дихæй.

Хъазыдысты дзарийæ хуымæтæджы æмбулæджы, стæй кæрæдзийы хонджытæй дæр. Æрцыди-иу дзы кусæрттæ дæр.

Бæндæн æлвасджытæй хъазт. Ставд фидар бæндæныл хæцыдысты дыууæ æмбисæй хъазджытæ. Лæууыдысты арæнты хæххытыл æмæ бæндæны кæрæттæ ивæзтой фæйнæрдæм. Чи кæй феккуырсын кодтаид йæ арæны хаххæй, ууыл архайдтой, æмæ хъаруимæ хъуыди ныфсхаст, æмвæнд-æмзонд уæвын, науæд — састы бынат худинаджы гаккæн. Куы сæ иутæ тыхджындæр кодтой, куы — иннæтæ, афтæмæй хæрæгсастыл дæр фæцаид хъазт.

Бынæй ласгæйæ — сыфцæй хъазт. Дыууæйæ хъазт. Бæндæны цæгбастæй хъуыртыл æфтыдтой, афтæмæй цыппæртыл цæугæйæ фæйнæрдæм хæцыдысты уæнгуытау, галтау. Хуыдтой йæ уæнгуытæй, галтæй хъазт дæр. Хъазыдысты дзы æмбискары лæгтæ дæр уалдзæджы кæнæ фæззæджы нæууыл. Уыди тыхæвзарæн хъазт.

Сурджытæй — цæвджытæй хъазт. Ацы хъазты фæсивæд чызгæй, лæппуйæ лæууыдысты æмдымбылæй, къæйттæй кæрæдзийы разæй-фæсте. Къайæ къайы астæу уыдаид ивазны бæрц бынат. Уыцы хуызы лæугæйæ сæ алывæрсты иу ронимæ суры иннæйы. Кæд æй æрцæвыны онг баййафа, уæд æм рон авæрдта сурæг æмæ йæхæдæг лидзы зиллаччы алывæрсты. Лидзæг сурæгæй згъорагдæр у, уæд æй амæстæй мары, стæй æваст искæй раз алæууы. Кæй раз алæууа лидзæг, уый къайы цæвы сурæг сонтæй, æваст, куыд сарæхса, афтæ. Ахæм хуызы хъазгæйæ хъæуы рæвдз лидзынимæ цырддзæст.

Ронæй цавтой уæхсчытæ æмæ фæсонтæ, æрцыди-иу дзы риссаг къæрццытæ дæр.

Бæхтыл хъæзтытæ. Бæхыл бадын лæппуйы ахуыр кодтой фондз азæй фæстæмæ. Бадтысты сæрвæтты, уыгæрдæнты, хъугæмтты лæгъздæр фæндæгтыл æнæсаргъ бæхтыл æмæ хъазыдысты сауцыдæй, сæппæй, сирынтæй, дугъы уайынтæй, кæрæдзийы сурджытæй, худтæ скъæфджытæй. Бæхтыл хъазгæйæ æхстой фатæй, хæцыдысты уисын æхсаргæрдтæй. Уайгæ-уайын архайдтой бæхты рæгътыл лæууыныл, фæстæрдæм бадыныл, агæпп-абадæй хъазыныл.

Уыди ифтындзынтæй хъæзтытæ дæр, æмæ дзурæг уыдысты куыстæгты уагыл, арæхсты фæткыл.

Митыл бырыны хъæзтытæ. Митыл бырыдысты хъæдын дзоныгътæ æмæ къахкъæлæттæй зымæг алы афæтты.

Хохаг хæдзары лæппу бæгъæмвад куы уыдаид, уæддæр зымæгон бон æнæ истæуыл абыргæйæ нæ фæлæууыдаид.

Дзоныгъты чызджытæ дæр бырыдысты, æмæ мæйрухс æхсæвты, изæрты уыдоны хъæлдзæг хъæлæба уæлдай æхсызгондæрæй хъуыст нарæг уынгтæй, бырæн къуыбыртæй.

Фæззæг къусбары куывды рæстæгмæ мит дзæвгар æруарыди, уæд хъæубæсты цæрджытæ, бынтон зæрæдтæ æмæ чысыл сабитæй фæстæмæ, бырынтæй хъазыдысты. Ластой галдзоныгъты кæстæртæ хистæрты: иутæ разæй æрдтыл хæцыдысты, иннæтæ схуыстой фæсте. Ахæм заманты цынæ худæн митæ федтаис, цавæр хъæлдзæг ныхæстæ нæ фехъуыстаис быргæ-бырын.

Наши рекомендации