ЗÆХХЫ ÆМÆ ФОСЫ КУЫСТ 1 страница

Ирон хæдзары бинонтæ фылдæр куыстæгтыл архайдтой иумæ цумахъом сывæллонæй зæрондмæ, фæлæ уыди сæрмагонд куыстæгтæ сылгоймæгтæн æмæ нæлгоймæгтæн, сывæллæттæн æмæ хъомылтæн карты арæнтæ хынцгæйæ, нымайгæйæ.

Куыст — зæрдæйы рухс, зæгъгæ, дзырдтой куыстдзагъд фыдæлтæ сæ кæстæртæн. Адæймаг куыстæн у, амыдтой комкоммæ царды рæстаг хъæрмæ. Лæджы фыд сын хæрынмæ нæ бæззыд. Хæрдамондæй сæм куыстамонд хуыздæр касти. Æнæ бакусгæйæ сæ Хуыцауы лæвæрттæ дæр нæ хъуыдысты. Магусаты цæлуарзагæй фидисæн хастой. Иу ныййарæг сын мад уыди, иннæ — зæхх. Зæхх — нæ дарæг, Хур — нæ тавæг, зæгъгæ, дзырдтой, карздæр дзуары бын ард хæрæгау. Зæхх кусын уарзы, æмæ йæ куыд бакусай, ахæм хæрзты дын бацæудзæни. Хуыцау æмæ Зæххæй хордтой ард, кодтой карздæр сомы фыдæлтæ уынгæг хæхты цæргæйæ.

Сæ бирæ фыдгулты ахæсты æнусты дæргъы нæ фыдæлтæ тыхиппæрд уыдысты лæгъз быдырты тыллæгæй, æмæ хæххон мæр уырзтæй къахтой, сыхырнайæ луæрстой, æккойæ йæм фаджыс хастой. Гал кæм æрхуыссыдаид, ахæм хуымæнбæзгæ зæххы гæппæл уыди галæй зынаргъдæр. Хæххон хуымты гæппæлты цы тыллæг зади, уый æлутоны кад тардта. Ахæм уавæры хуымты арæнтæ ысисты цардæй мæлæты астæу стырдæр сæрæвæрæнтæ...

Хуымгæнды куыстытæ. Хуымгæнды куыстæгтæ æмткæй хаудтой уалдзæджы æмæ фæззæджы хъармдæр бонтæм. Ластой сæм фаджыс, æхсæстой сæ хуыр. Рагуалдзæджы æмæ æрæгвæззæджы фос таугæрдæгыл хызтой уыгæрдæнты, æмæ се ’хсæдæнтæй хъацыдтой уыгæрдæнты зæхх.

Афæдзы дæргъы уыди дыууæ цыргъисæны: иу — уалдзæджы хуымгæнæн, иннæ — сæрды хуымгæрдæн. Сæрды цыргъисæнимæ иу кодта хосгæрдæн дæр. Хуымгæнæнтæм ирон бинонтæ цæттæ кодтой сæхи рагацау куыд кусæнгарз æмæ кусæг фосæй, афтæ тауинаг æмæ холлагæй дæр.

Мады фендмæ дзидзидай сывæллон куыд бæлла, афтæ даргъ зымæджы фæстæ бинонтæ, сых æмæ хъæубæстæ æнхъæлмæ кастысты хуымы бонмæ. Уæдмæ кæрдæг рацъæх вæййы, хъæд сыфтæрдзыд фæвæййы, хæрыны кæрдæджытæ фæзынынц. Фæлæ хуымы бонмæ хæдзары хъуамæ уыдаид дыууæ, æртæ мæкъуылы хос цæды галтæн æмæ фосы ног цотæн, тауинагæн равзаргæ хор. Бинонтæ бынтон стонг куы уыдаиккой, уæддæр тауинаджы хортæм бавналæн нæ уыди ссинагæн. Цумайы сывæллæттæ дæр сæхи цæттæ кодтой галты сæрбосыл хæцынмæ, хызынты хуыскъæлтæ æмæ хуычъытæ уидзынмæ, стæй тауинаджы дзаджджын гуылтæ ахсынмæ æмæ адæгыл бадынмæ.

Ирыстоны кæмтты мит фылдæр кæм уарыди, уым зымæг хаста даргъдæр, æмæ хуымгæнæн рæстæг æййæфта алы афæтты. Хуыммæ ацæуыны размæ хъæубæстæ кодтой куывд æмæ куывтой Хоры Уациллайæн æртæ уæливыхы æмæ къуымæлæй. Куывды нысан кодтой фыццаг дзывырдарæджы æвзæрст хуымимæ. Æвзæрст хуымтæ сын уыдысты хуссарварсы хъугæмтты Нафы, Алардыйы, Хоры Уациллайы æмæ Мыкалгабыры номыл.

Фыццаг хуымы боны хуыздæрæн ифтыгътой дзывыры Тутыры гуырд галты. Галты сæрыл хæцыд лæппуты æнæзивæгдæр. Дзывыр дардта бæркадармдæр лæг æмæ дзырдта галтæм: «Гъа-ма уæдæ, Тутыры гуырд уæнгуытæ, ахæцут! Хуссайраг цъæх хосæй уæ зæрдæхудты нæ бацæудзыстæм, æмæ донзоныгæй ма тæрсут».

Дыууæ галы кæмæ уыди, уыдон хæдцæдæй хуым кодтой, æмæ бинонтæ хæдзары æфсинæй фæстæмæ цыдысты хуыммæ, æмбырд кодтой згъæлæн хуыртæ, кæрдæджы уидæгтæ æмæ сæ хастой цæндтæм. Уыди сæрмагонд къуыбар æмæ нæудзар хойæнтæ кæм æфсæйнагæй, кæм та хъæдырмæгæй, хуыдтой сæ фæсуадзгæнæнтæ. Уыдонæй дзывыры фæстæ цæугæйæ пырх кодтой нæудзары фæхстæ, æвзæрстой нæууытæ æмæ сæ хастой тæсчъыты хуымты кæрæттæм, арæнтæм. Нæудзарæй конд хуымы ластой похцийæ дыууæрдæм, йæ къуыбар куы ныппырх уыдаид, уæд — таугæ. Тауинагæн дардтой уæхскбосджын дзæкъултæ æмæ сæ хастой галиу уæхсчытыл, рахиз къухæй та истой хор дзæкъулæй æмæ йæ тыдтой конд хуымыл рæгъгай. Рæгъæй рæгъы астæуты цыди цумахъом лæппу. Уымæ кæсгæйæ тауæг уыдта æнæтыд бынæттæ æмæ архайдта бæстон тауыныл. Тауинагимæ хæдзары æфсинтæ æвæрдтой гыццыл дзаджджын гуылтæ, æмæ сæ тауæг рæстæгæй-рæстæгмæ хоры нæмгуытимæ куыд æппæрста гæзæмæ уæлозæй, афтæ сæ хъузон лæппу уæлдæфы æхста. Зæхмæ дзы æрхауын бауагъта, уæд ыл иуварсæи кæсæг æмбæлттæ худинаджы зарæг акодтаиккой. Худинаджы зарджыты та уыди дзырдарæхстæй алы ныхæстæ. Цæвиттонæн æрхæссæм иу зарæджы хуыз:

Уой уæрæйдæ, уæйтæ-рæйдæ!

Хуымгæнæны хор-хоры бон,

Дæуæн кодтам афæдз цæттæ

Æвзаргæйæ хормыггæгтæ.

Нæ дзывыр у Тутыры конд,

Цæдис галтæ — Тутыры гуырд.

Уой уæрæйдæ, уæйтæ-рæйдæ!

Хуымгæнæны хор-хоры бон

Гуыл-хъæбынтæ чи не ’рцахса,

Уымæй хуымы цæй хъузон и?!

Æнæтыдæй тыды астæу

Хæлиудзыхæй куы баззади...

Фæсконд, фæстыд алы хоры хуымы дæр ластой адæгæй, цæмæй тауинаджы нæмгуыты сыджыт бамбæрстаид, уый тыххæй. Хуымы тауинаг бæстон ласт не ’рцыди дæргъмæ, фæрсмæ адæгæй, уæд ын йæ уæлæнгай нæмгуытæ уыгътой хъæддаг мæргътæ, æмæ æзгъуырдтæй баззадаид цæстгай. Ахæм æвæгаст хуымты тыллæг фæззæг уыди мæгуырау.

Хуымы зæххытæ уæрст цыдысты хæдзæртты æмæ бинонты сæрыл, уымæгæсгæ иутæм уыди фылдæр зæхх, иннæтæм — къаддæр.

Хъæдджын кæмтты хуымты æхгæдтой уисæй, фастагæй. Хъæдæй цух бынæтты хуымтæн уыди дурæй бырутæ — полоситæ. Фæлæ æппæт хуымтæн сыхгæныны мадзал кæм уыди, æмæ сæ хъаггæдтой фосæй. Хуымгæнæнтæм хъæуы фосæн æххуырстой уæлгæстæ, фыййæуттæ.

Хæхбæсты хуымты задысты алы хоры мыггæгтæ: мæнæуы, хъæбæрхоры, хылепайы, сысчыйы æмæ тымбыл хъæдуры мыггæгтæ æртыгай хуызтæй. Нартхор æппæт кæмтты нæ цæттæ кодта, стæй Ирыстоны фæзынд картофы мыггагимæ дзæвгар фæстæдæр — XV–XVI æнусты. Тауинаджы мыггæгтæ хуыздæрæн ивтой азæй-азмæ цæгат æмæ хуссары зæххытæ хынцгæйæ. Хуымы боны зарджытæ алы кæмтты цæрджытæ дæр кодтаиккой, фæлæ куыдфæстагмæ байрох сты. Иу зарæджы ныхæсты ма хъуыды кæнын, зарыдысты йæ куывды:

Дæлæ мын быдыры — дыууадæс цæды,

Дыууадæс цæды иу цæды хуызæн!

Йæ хуымгæнджытæ — дыууадæс зæды,

Дыууадæс зæды иу зæды хуызæн.

Дзывырдарæг нын — Хоры Уацилла,

Сæрбосыл хæцæг — Фосы Фæлвæра.

Мыггæгтæ тауæг — Мыкалгабыртæ...

Хоры хуымты хъаггæдтой сæрды дæргъы тæрккъæвдатæй, сахадзонтæй, ивылд дæттæй алы мадзæлттæй. Уыди сын хус заманты донхорджытæ, уарынты — донауадзæнтæ. Бирæ хъæуты уыди сæрмагонд зæхгæстæ дæр...

Халсарты конд. Хæхбæсты хорз задысты халсарты бирæ хуызтæ: булкъ æмæ цæхæра, уырыдзы æмæ къабускъа, хъæдындз æмæ нуры, хыцъы æмæ комбостъи, цывзы æмæ хуырхæг, хуыскъæл æмæ хуычъы, киндзи æмæ дзеджджын, хъонтхора æмæ цъамалæг, саталатæ æмæ дзындзалæг, нас æмæ бадырджан, дзылакъуыты цалдæр хуызы. Цæхæрамæ амонгæйæ уыцы халсарты кæнæн, тауæн æмæ рæзæнуат хонын райдыдтой куыдфæстагмæ цæхæрадон, æндæр уыди дзæхæрадон. Цалдæр хæрыны кæрдæгæй конд дзаджджыны дæр хонын райдыдтой цæхæраджын, афтæмæй хуыздæр фидауы дзæхæраджынæй.

Рувæнты куыстытæ. Æртæ фæлтæрæн хъуыди рувын хорты æмæ халсарты хуызты уалдзæгæй сæрды æмбисмæ. Хорты тауинаг æвзæрди кæм къуыримæ, кæм дыууæ къуыримæ, дзæхæрайы мыггæгтæ та гæзæмæ фæстæдæрмæ. Цæхæраты, къабускаты, цывзыты æмæ бадырджанты æвзарты арæхтæ ластой æмæ сæ иртæстой фæлмæн мæрыл æмхуызон дæрддзæфæй. Иннæтæн дыууæ, æртæ фæлтæрæн рывтой сæ уæгъды кæрдæг. Иртасинаг уыдысты рагуалдзæг æмæ æрæгвæззæг дзылакъуы хъæдындзтæ дæр. Хъæдындзы æмæ нурыйы мыггæгтæ хуыздæрæн тыдтой æрæгвæззæджы. Фæззыгæнд хортæ тагъддæр цæттæ кодтой, фæлæ сæ тыллæг къаддæр уыди.

Хоры хуымты æвзар æрхдзыд фæци, уæд — сæ рувын афон. Нартхорæй фæстæмæ иннæ хорты хуымтæ рывтой къухæй. Бындзарæй ластой уæлдай кæрдæг. Хоры хуымты арæхæй зади хуыскъæлы гæнгæлы, æмæ йæ ногдзыдæй адджынæн хордтой, фæхъæбæр — уæд æй ластой бындзарæй хæмпæлгæрдæджы хуызæн. Хоры хуымты зади халоны хъæдур дæр, æмæ йæ цæттæ сау гагатæ уыдысты маргхъæстæ. Уыдон хоры сыгъдæг нæмгуытимæ ссинаджы бахаудтой, уæд сæ хойрагæй сæр рысти. Хуыдтой сæ сысылы. Сысылыйы карз нозтæй зæрдæ омын хаста, сæр зылди.

Нартхоры хуымты рывтой рувæнтæй, къæпитæй дыууæ фæлтæрæн: фыццаг — æртæсыфонæй, дыккагæн — æрхдзыдæй. Нартхоры хуымты тауинаг æнæкондæй тыдтой арфдæры тыххæй, æмæ æфсирдзыдæй сæ зæнгтæ фидардæр лæууыдысты тыхдымгæйæн тæрккъæвдаты заман. Нартхорæн фæсрывд ластой йæ арæхтæ, æмæ сæ хъомвос, бæхтæ адджынæн хордтой.

Картофы ставд мыггаг дыууæ дихæй сагътой, йæ лыг бынырдæм, афтæмæй, æмæ æвзæрди тагъддæр, лæвæрдта фылдæр тыллæг. Картофы хуымтæн сæ кæрдæг рывтой къæпийæ иу хаттæн, стæй йæ кодтой губакк. Губакгæнæнтæм калдта дидинæг.

Хуымгæрдæнты куыстытæ. Атынæджы фæстæ цыдысты хæхбæсты ирон адæм хуымгæрдынмæ, æмæ уыцы афон хуыдтой цыргъисæн. Хуымтæ карстой алыхуызы цыргъ æхсырфытæй, уыгæрдæнтæ та — цыргъ цæвджытæй, æмæ сæ уымæн хуыдтой цыргъисæнтæ. Æхсырфытæ цыргъгæнынæн дардтой рæстæ, цæвджытæ дауынæн — дауæндуртæ. Æхсырфæй кæрдынæн хъуыди фылдæр арæхст, стæй тæссагдæр уыд цæвæгæй. Хæхбæсты хуым цæвæгæй нæ карстой, æмæ-иу сылгоймæгтимæ нæлгоймæгтæ дæр æрлæууыдысты хуымы хæсны ерысы уагыл. Хуымтæ кæрдыныл ахуыр кодтой чызджытæ æмæ лæппутæ дыууадæсаздзыдæй фæстæмæ гыццылдæр æхсырфытæй, фæлæ къухы лыгтæ — арæх, æмæ сæ бастой цæвæгхосы сыфтимæ, цары сæгимæ, хæлуарæджы тынтимæ тагъддæр байгасæн.

Хуымы цæттæ æфсиртæм бынтон бахусы онг æнхъæлмæ нæ кастысты нæ фыдæлтæ. Хус æфсирты нæмгуытæ згъæлынц, уæд сæ кæрдынæн ферæджы. Уыцы уавæр хынцгæйæ хуымтæ карстой уымæлбынæй, æмæ сæ бастой куыристæ. Куырисы уыди дæс дæстæджы. Иу æрбасæрфтæн дæсны хуымгæрдæг сылгоймаг цы хоры зæнгтæ карста, уыдон уыдысты иу дæстæг. Дæстæгæн гуыбыр кодта дæсны кæрдæг æмæ къаддæр фæллад. Бирæ рæтты дæсны хуымгæрдджытæ сæ галиу къухты æнгуылдзтыл дардтой хъæдын къæбæлтæ агъудтау. Уыдоны руаджы дæстæджы цыди фылдæр хоры зæнгтæ.

Хуымгæрдынмæ цыдысты æппæт карты сывæллæттæ дæр æххуысы уагыл, хастой хуыммæ дзидзидай сывæллæтты æд авдæнтæ дæр, æмæ иунæг æппæрст æфсир дæр æнæфснайдæй нæ баззадаид. Сывæллæттæ уыгътой æфсиртæ, хæрдмæхъилæй æвæрдтой хурыргом куыристы, хастой дон нуазынмæ, æхсынмæ. Сихор хордтой хистæртимæ иумæ. Хуымы цы æркарстаиккой, уымæй нымад.цыдысты куырисгай, уыгæсгай, хъиугай, мæкъуылгай. Куырисы цыди дæс дæстæджы, уыгæсы — авд куырисы, хъиуы — авд уыгæсы, мæкъуылы — фондз кæнæ авд хъиуы...

Хурмæ хус кæнгæйæ, уарынтæй æфсирты хизгæйæ уыгæсты амад куыристæн се ’фсиртæ уыдысты æддæгырдæм, хъиутæн — мидæгырдæм. Хъиуты амадтой хъилтыл æмæ сын сæ сæртæ æмбæрзтой кæрдæгæй. Уыцы фæткыл æвæрдæй фыдæлтæн хоры æфсиртæ нæрстысты хъиуты, мæкъуылты банай кæныны размæ.

Хуымгæрдджыты зарджытæ. Стыр хъыгагæн ирон сылгоймæгты зарджытæ никуыцæй разындысты нæ адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг дæсны наукон кусджыты фæллæйтты, цыма мингай азты нæ дзыхуагджын мадæлтæ æгомыгæй, уайсæстæй фæцардысты æмæ æнкъардæй дæлбары къæбæртæ фæхордтой...

Нæлгоймæгты зарджытæй къаддæр нæ уыдысты сылгоймæгты зарджытæ, фæлæ ирон сылгоймагмæ æнахуырæй «ахуыргæндтæ» æмæ æнæрхъуыдыйæ «зондамонæг» иртасджытæ кастысты «кусæг фосы», уæййаг цагъары цæстæй. Афтæмæй ирон царды фидыдтой масты æмæ цины æн къарæнтæй, æмæ æвзæрдысты нæ мадæлты хъæздыг, сыгъдæг удыгъæды хæрзтæй.

Авдæны зарджытæ æмæ чызджыты сагъæстæй ма цыдæртæ разынд, иннæтæ æнусты тары аныгъуылдысты коммунистон æхсæнадмæ тырнгæйæ. Ау, дунейыл сæ рæсугъд, аив уæнгты конд цы ирон сылгоймæгтæн айхъуысти, уыдон сæ удты сыгъдæг, æнæцам æнкъарæнтæм ницы бар дардтой?!

Мæхæдæг ма цы зарджытæ æрæййæфтон, уыдонæй цыдæртæ хæссын адæмы рæгъмæ:

— Æрзад нæ хор, æрзад, чызджытæ!

— Æрзад нæ хор, æрзад, чындзытæ!

— Æфсирджынæй — хæрзмыггаг.

— Нуарджынæй — æлутон.

— Æнæзгъуырдтæй — нæрст нæмыг,

— Æнæцъæмæл, æнæрыг.

Базарыдысты хуымгæрдæг сылгоймæгты дыууæ хистæры кæрæдзийы фæдыл, æмæ сын дзуапп дæттынц кæстæртæ:

— Нæ буц хистæр æфсинтæ,

Файнустытæ-æхсинтæ!

Уæ фарн хуыздæр куы зæгъид,

Фылдæр хæрзтæ куы раттид!

Фæлæ нæ хор æлутон

Цæмæннæ уа, цæмæннæ?!

Хуры хъугом — йæ хуымзæхх,

Нафы номыл — йæ баконд.

— Куырдалæгон — дзывырдар,

Мыкалгабыр — йæ тауæг.

Галгпæ скъæрæг — Лæгтыдзуар,

Адæг ласæг — Уацилла.

Хистæртæ сæм лæмбынæг байхъуыстой, стæй дарддæр зарынц:

— Афтæ уыди æцæгдæр:

Мигъдау мигътæ фæрсыгъта,

Арв цырæгътæ фæсыгъта,

Хъазыд уахъæз фæрсылæй,

Галæгон та æрфынæй,

Æмæ хурты Хурзæрин

Мæдизæны рæвдыдта.

— Гъемæ æрзад æлутон,

Бардуæгтæн — кувинаг,

Диссæгтæн хæссинаг,

Æмбисæндтæн дзуринаг.

Нæргæ Елиа — йæ зæхгæс, —

Фыдуанийæ — æнæ хæс, —

Комбæсты фарн — йæ хицау.

Бæркады зарджытæ баст уыдысты куысты фæтк æмæ уагыл æмæ аивæй фидыдтой алы кары сылгоймæгты хъæлæсы.

— Нæ хуымты тыллæг æртæ хуронæй —

Æртæ нуарон.

— Нæ дзаг хордæттæ æртæ бæркадæй —

Æртæ дуарон.

— Æртæ кæрдзыны — нæ кувинæгтæ

Æртæ дзуарæн.

— Æртæ хорзæхы — нæ куринæгтæ

Æртæ хъуыддагæн.

— Сæ иу — куыстамонд, иннæ — сæрæгас,

Æртыккаг хорзæх — удты æнæниз.

Хорты хуызтыл зарыдысты хицæнтæй дæр сæ хорз миниуджытæ нымайгæйæ.

Тъæпæн хъуыдалы сыг-цæстыхаутæй

Хæрдмæ æвналы.

Æмкъай нæмгуытæй налхъуыт фæрдгуытау

Цæхæртæ калы.

Хъæлзæнг сих-сискъæн — цыппар фисыны,

Цыппар фаззонау.

Цыппар амонды — цыппар æфсинæн

Цыппар уарзонау.

Кæрвæдзы ’фсиртæ æхсæз сырддзастæй

Къуызгæйæ дзурынц.

Уæнгрог кæрдджытæй фæззæджы ’вастæй

Цыма цы курынц?!

Сырх мæнæу худы æмæ ныццуды

Йæ фырхудæгæй.

Тъæнгсæр мæгъæлда кæны тæхуды

Йæ фырхæлæгæй.

Æртæхуронæй, æртæудонæй —

Фæззæджы бæркад.

Æртæ кæрдзыны æргпæ фæрнджынæн —

Сæ удгпы лæггад.

Сæрхызт хылепа бæзджын-бæрзондæй

Фæлвары йеппа.

Дымгæйы хынцмæ фæлгæсæн рындзмæ

Фæтындзы оппæй...

Хуымгæрдæг сылгоймæгтæм куысты райгонд монцæй бирæ бæллицтæ æвзæрди, æмæ-иу кæрæдзийы дæр афарстой фæлварæгау:

— Хæсндар æфсинтæ, цæттæ æфсиртæн Цы у сæ фæндон?

— Зæрдæйы хъармæй, бæркадджын армæй —

Куывдтæ рæмонбон.

Ерысæй кæрдгæйæ сылгоймæгтæ цæстуарзонæй кæрæдзийæн арфæтæ кодтой æхсызгоны сусæг бæллицтæм амонгæйæ:

— Уæ, мæ хур акæнат, мæ хур,

Æнæцамæй æнæрцæф чызджытæ!

— Уæ, мæ уд ахæрат, мæ уд,

Зæрдæхсайдæй æфсæрмаг чындзытæ!

— Уæ иутæ усгуртæм æнхъæлмæ кæсынц,

Иннæтæ — ноггуырд лæппутæм.

— Уæ бæллицтæ Хуыцаумæ фехъуысæнт,

Уæ фæндтæн та æвдисæн — Мадизæн!

Кæрæдзийæн арфæты фæстæ амыдтой къуыхцытæ æмæ рæдыдтæм дæр:

— Нæ ног чындзытæ кæд боны сæрæн

Сæ буц цæгæтты хуымтæ нæ карстой,

Уæд хоры задхуым — уæнгрог фæлварæн —

Фыдæлтæй нырмæ намысæй барст у.

Цыргъаг æхсырф та æвæлтæрд къухты

Хатыр нæ зоны,—

Кæрдинаг хуымы цæстгæйттæй-цухтæй

Æфсиргай тоны.

— Æфсинты æфсин, фæрнджынты фæрнджын,

Тыхсгæ нын ма кæн!

Уæ ног чындзытæ сæ буц цæгæтты

Фынæй нæ кодтой. Æдзух чызджытæй фыдты хæдзæртты

Гуылтæ нæ хордтой.

Цыргъаг æхсырфæй æнæ феххуысæй

Хуымтæ дæр карстам.

Æмбæрц-æмбæрццæй, дæстæг дæстæгыл

Куыристæ бастам.

— Уæдæ, мæ хуртæ, æлутон хортæ —

Рæхджы кæрдинаг.

Чындзытæ — мæйтæ фæуæнт лæг-къæйттæй

Цыты фæзминаг!

Сылгоймæгтæм æввахсæй хъусæг нæй æфсæрмаг нæлгоймæгтæй, уæд зиууон хосдзæутты хуызæн ерысæй кæрдгæйæ зæрдæйы сыгъдæгдæр æнкъарæнтæм амыдтой заргæйæ:

— Уæдæ, мæ хур, дзагриуты бадард — гуыбынæй!

— Уæууай, мæ бон, хуымгæрдæджы куыст — гуыбырæй!

— Ацы бонгæнд ракæрдынæн цы хъæуы!

— Афтид голлаг хъентæ-хъилтæ нæ лæууы!

— Чындздзон чызгæн уæддæр цы у йæ катай?

— Усгурты ’хсæн сæрæндæртæй — фæлмæн къай!

Фæстагмæ æппæт бæллицтæ баиу вæййынц зарæджы фарнæй:

— Гъе, тæхуды, фарны уагыл — лæгхъæстæ!

— Ног чындзытæн — лæппу гуырдтæ, кæхцхæстæ!

Найгæнæнты куыстæгтæ. Нæ фыдæлтæ найгæнæн мустæ куыд арæзтой, уый тыххæй дзырдтам раззаг сæргæндты æмæ æркæсæм найгæныны фæткмæ. Най кодтой алы кæмтты бынаты æмæ рæстæджы уавæртæм кæсгæйæ. Хурбонты æмæ мæйрухс æхсæвты най кодтой гомарвы бын, уаргæбонты та — байбын мусгы. Наййаг фосæн æвзæрстой хицæнтæй бæхты æмæ стурты, фæлæ фылдæр адæм най кодтой стуртæй. Наййаг стуртæн æвзæрстой хуыздæрæн хуыскъаг хъом: галтæ, уæнгуытæ, дыгæрдгуытæ æмæ хуыскъ хъуццытæ. Уыдонæй алкæмæн дæр йæ хъуырыл уыд хъæдын къæлæт. Мусы ас æмæ наййаг хоры бæрцмæгæсгæ уыди стурты нымæц дæр. Гыццыл мусæн хъуыди æртыгай, цыппæргай стуртæ, стыр мусæн — фылдæр. Мусы астæуы цæджындзыл бастой сæйрагдæр стуры — хъуццæд жы сæрмагонд цæджы фæрцы. Ахæм цæг арæзтой кæнæ гæрзæй, кæнæ та уæрдæхæй, æмæ мусы астæуцæджындзыл зылди уæгъдибарæй. Дзырдтæ «хъуг» æмæ «цæг»-æй рауад «хъуццæг». Хъуццæджы ном баззад чындзхасты зарджыты хъазæн ныхасы уагыл: «Сæ хъуццæг мын — къæлæсы, сиахс къуыммæ фæлæсы», зæгъгæ. Къæлæсы уыд зылынсыкъа фос.

Хъуццæг стурæн æвзæрстой сабырдæр, уæзбындæр хъуджы, æмæ ууыл баст цыдысты иннæ стуртæ даргъ фидар бæндæнæй кæрæдзийы фарсмæ, фезмæлæн сын куыд уыдаид, ахæм дæрддзæфæй. Æппæты кæройнаг стурæн дардтой сæрбос сæрылхæцæгæн.

Наши рекомендации